ГЪУДИ БИБЛИЙӔЙ
Хуцау хатир кодта, «евгъуд дзаманти ци тӕрегъӕдтӕ кодтонцӕ, уони»
Нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд цӕунцӕ, Киристе ӕ цард нивондӕн ке ӕрхаста ӕма нӕ ӕ тогӕй ке балхӕдта, уой фӕрци (Еф. 1:7). Фал Библий финст ӕй, «Хуцау... адӕнӕн ке бухстӕй ӕма, евгъуд дзаманти ци тӕрегъӕдтӕ кодтонцӕ, уони син ке хатир кодта». Е адтӕй, Киристе ӕ цард нивонди ку ӕрхаста, уой размӕ (Ром. 3:25). Цума уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Йеговӕ уотӕ ке кодта, е раст адтӕй ӕма ӕхуӕдӕг ӕ уагӕвӕрдти сӕрти нӕ рахизтӕй?
Йеговӕ «байзӕддаги» туххӕй пахампарадӕ ку загъта, уӕд нивондмӕ уӕхӕн цӕстӕй кастӕй, цума уӕдмӕти дӕр фист ӕрцудӕй (Райд. 3:15; 22:18). Йеговӕ ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, ӕ фиццагигурд Фурт ӕ цард раттунмӕ цӕттӕ ке уодзӕй (Гал. 4:4; Дзиуит. 10:7–10). Киристе зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд ин тӕрегъӕдтӕ хатир кӕнуни барӕ адтӕй, уомӕн ӕма ’й зудта: ӕ нивонди аргъ нимбӕрздзӕй, ка ибӕл баууӕнда, уони тӕрегъӕдтӕ (Матф. 9:2–6).