Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауи ку зонай, уӕд дин е ци пайда хӕсдзӕй?

Хуцауи ку зонай, уӕд дин е ци пайда хӕсдзӕй?

Цалдӕр статьяй фӕрци базудтан, Хуцау ка ӕй, уой. Библийӕй базудтан, ӕ ном Йеговӕ ке ӕй ӕма ӕ сӕйраг менеуӕг уарзондзийнадӕ ке ӕй. Удта ма базудтан, ци искодта ӕма адӕнмӕ ци дессаги федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой дӕр. Хуцауи туххӕй ма берӕ цидӕртӕ ес базонӕн, фал, ӕвӕдзи, сагъӕс кӕнис, е дӕуӕн ци пайда ӕй, уобӕл.

Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, «ку ’й агорай, уӕд ӕй [ке] иссердзӕнӕ» (1 Анзфинстити 28:9). Расагъӕс кӕнӕ, Хуцауи хуӕздӕр базонунбӕл идарддӕр дӕр ку архайай, уӕд е ’мбал исуодзӕнӕ (Псалом 25:14). Уӕхӕн ӕмбал дин ку уа, уӕд е дӕ цардбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй?

Ӕцӕг амондгун уодзӕнӕ. Йеговӕ «амондгун Хуцау» ӕй (1 Тимофеймӕ 1:11). Ку имӕ хӕстӕг кӕнай ӕма ’й ку фӕнзай, уӕд ӕцӕг амондгун уодзӕнӕ, дӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ ӕма е де ’нӕнездзийнадӕбӕл дӕр хуӕздӕрӕрдӕмӕ рабӕрӕг уодзӕй (Псалом 33:12). Удта ма дӕ бон уодзӕй, дӕ цардӕн тӕссаг ка ӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ниууадзун, дӕ уодигъӕди хуарз менеугутӕ федар кӕнун ӕма иннети хӕццӕ фӕрнӕй цӕрун. Ӕма уӕд дӕу бон дӕр уодзӕй псаломзаргӕнӕги хузӕн зӕгъун: «Мӕнӕн ба хуарз ӕй Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнун» (Псалом 73:28).

Хуцау дӕмӕ ӕ гъос дардзӕй ӕма дӕбӕл тухсдзӕй. Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн зӕрдӕ байвардта: «Ратдзӕн дин унаффӕ ӕма дӕмӕ мӕ цӕстӕ дардзӕн» (Псалом 32:8). Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йеговӕ ӕ алли лӕггадгӕнӕгмӕ дӕр ӕ гъос даруй ӕма алкӕмӕндӕр раттуй, ӕнӕмӕнгӕ ’й ци гъӕуй, уой (Псалом 139:1, 2). Йеговӕмӕ ку бахӕстӕг уай, уӕд фӕууиндзӕнӕ, банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ке ӕй.

Дессаги федӕнӕй дин нифс уодзӕй. Йеговӕ Хуцауи фӕрци зӕрдӕрохс ӕма амондгун айдагъ абони нӕ уодзӕнӕ. Е ма дин нифс ӕвӕруй дессаги федӕнӕй дӕр (Исай 48:17, 18). Библий финст ес: «Цӕмӕй адӕймаг ӕносмӕ цӕра, уой туххӕй гъӕуама базона дӕу, еунӕг ӕцӕг Хуцауи, ӕма ду ке рарвистай, еци Йесо Киристей» (Иоанни 17:3). Аци уӕззау рӕстӕгути нин Хуцау ци нифс дӕттуй, е нин науӕнгури хузӕн ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй «федар ӕма ӕнӕфӕккеугӕ» уӕн (Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:19).

Хуцауи хуздӕр базонун ӕма имӕ хӕстӕгдӕр кӕнун ма ӕхсидзгӕ ӕй берӕ ӕндӕр гъуддӕгти туххӕй дӕр. Цӕмӕй фулдӕр базонай, уой туххӕй Йегови Ӕвдесӕнтӕй еске хӕццӕ радзубанди кӕнӕ кенӕ бацо сайтмӕ jw.org.