Хуцау ка ӕй?
Беретӕ зӕгъунцӕ, Хуцаубӕл ке ӕууӕндунцӕ. Фал сӕ ку бафӕрсай, Хуцау ка ӕй, зӕгъгӕ, уӕд аллихузи дзуӕппитӕ фегъосдзӕнӕ. Еуӕй-еуетӕ зӕгъдзӕнцӕ, Хуцау ӕнахатир тӕрхонгӕнӕг ке ӕй, ӕма ’й ӕрмӕстдӕр фӕндуй адӕни сӕ лӕгъуз гъуддӕгти туххӕй бафхуӕрун. Иннетӕ ба зӕгъдзӕнцӕ, Хуцау адӕни берӕ ке уарзуй ӕма, цийфӕнди ма ракӕнонцӕ, уӕддӕр син ке ниххатир кӕндзӕй. Кадӕр ба зӕгъдзӕй, Хуцау адӕнӕй хъӕбӕр идард ке ӕй ӕма имӕ мах мӕтӕ нӕййес. Ӕма адӕн аци фарстай фӕдбӕл аллихузи ке гъуди кӕнунцӕ, уомӕ гӕсгӕ беретӕ расагъӕс кӕндзӕнцӕ, Хуцау ка ӕй, уой базонӕн нӕййес, зӕгъгӕ.
Хуцау ка ӕй, уой зонун ӕхсидзгӕ ӕй? Гъо. Хуцауи хуӕздӕр ку базонӕн, уӕд нӕ царди фӕззиндзӕй нисан (Гъуддӕгтӕ 17:26–28). Хуцаумӕ цӕйбӕрцӕбӕл хӕстӕгдӕр кӕнай, уойбӕрцӕбӕл дӕ фулдӕр уарздзӕй ӕма дин ӕнхус кӕндзӕй (Иакови 4:8). Ӕма Хуцауи ку базонай, уӕд дӕ бон уодзӕй ӕносмӕ цӕрун (Иоанни 17:3).
Дӕ бон куд ӕй Хуцауи туххӕй базонун? Расагъӕс кӕнӕ, хуарз ке зонис, уӕхӕн адӕймагбӕл, дӕ хуӕздӕр ӕмбалбӕл. Куд балимӕн айтӕ? Ӕвӕдзи ин ӕ ном базудтай, цӕхуӕн адӕймаг ӕй, ци уарзуй ӕма ци нӕ уарзуй, ци искодта ӕма ’й федӕни ци фӕндуй искӕнун ӕма уотӕ идарддӕр. Адӕймаги базонунбӕл ке архайдтай, уой фӕрци балимӕн айтӕ.
Раст гъе уотӕ, аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ ку иссерӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй Хуцауи базонун:
Аци журналӕй базондзӕнӕ, Библи аци фарстатӕбӕл цӕхуӕн дзуапп дӕттуй, уой. Ци статьятӕ си ес, етӕ дин айдагъ Хуцауи базонун нӕ банхус кӕндзӕнцӕ, фал ма базондзӕнӕ, ӕ хӕццӕ ку балимӕн уай, уӕд дин е ци пайда хӕсдзӕй, уой дӕр.