Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцау ци искодта?

Хуцау ци искодта?

Еске дӕ хуӕздӕр базонун ку фӕндӕуа, уӕд хуарз уайдӕ, ку базонисӕ, адӕймагӕн ци бантӕстӕй ӕма цӕхуӕн зиндзийнӕдти сӕрти рахизтӕй, уой. Мадта дӕ кӕд Хуцауи хуӕздӕр базонун фӕндуй, уӕд гъӕуама базонай, Хуцау ци искодта, уой. Ка ’й зонуй, дессаг дӕмӕ фӕккӕсдзӕй, мах туххӕй берӕ цидӕртӕ ке искодта ӕма нин амондгун федӕнӕй нифс ке ӕвӕруй, е.

ХУЦАУ ДЕССАГИ ДУЙНЕ СФӔЛДИСТА

Йеговӕ Хуцау ӕй Дун-дуйней Сфӕлдесӕг ӕма, «цӕстӕй фӕууинӕн ке нӕййес, ӕ еци менеугутӕ... дуйне ку сфӕлдиста, уӕдӕй нурмӕ ирдӕй зиннунцӕ, уомӕн ӕма бӕрӕг ӕнцӕ е ’сконд гъуддӕгти» (Ромӕгтӕмӕ 1:20). «Е зӕнхӕ искодта ӕ хъаурӕй, зӕнхӕ ӕрфедар кодта ӕ зундӕй, арв ӕритудта ӕ лӕдӕргӕдзийнади фӕрци» (Йереми 10:12). Хуцау ци сфӕлдиста, уомӕй бӕрӕг ӕй, ке нӕбӕл тухсуй, е.

Йеговӕ «адӕймаги ӕхемӕ гӕсгӕ» ке искодта, уой фӕрци нӕ цардӕн ес нисан (Райдайӕн 1:27). Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ бон ӕй ӕ дессаги менеугутӕ ӕвдесун. Йеговӕ адӕни уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй лӕдӕронцӕ, ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, ӕма зононцӕ, аргъ цӕмӕн кӕнуй, уой, удта алцӕмӕдӕр уой цӕстӕй кӕсонцӕ. Ӕма алцӕмӕдӕр Хуцауи цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд амондгундӕр уодзиан ӕма нӕ царди уодзӕй нисан. Уомӕй уӕлдай ма нин Йеговӕ фадуат равардта, цӕмӕй имӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн.

Хуцау зӕнхӕ куд сфӕлдиста, уомӕй бӕрӕг ӕй, куд берӕ нӕ уарзуй, е. Апостол Павел Хуцауи туххӕй уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Ӕхе ӕргом кодта, ӕ хуарздзийнӕдтӕй уӕ цох ке нӕ уагъта, уомӕй: лӕвардта уин уарунтӕ ӕма бӕркадгун ӕнзтӕ, лӕвардта уин парахаттӕй хуӕруйнаг ӕма уин уӕ зӕрдитӕ цийнӕй ӕфсаста» (Гъуддӕгтӕ 14:17). Цӕрунмӕ нӕ ӕнӕмӕнгӕ ци гъӕуй, айдагъ уой нин нӕ равардта, фал ма сфӕлдиста берӕ аллихузи зайӕгойтӕ ӕма цӕрӕгойтӕ, ӕма уомӕй бӕрӕг ӕй, уотӕ ’й ке фӕндуй, цӕмӕй цардӕй нӕ зӕрдӕ рохс кӕна. Ӕма е ӕй, Хуцау нин раттунмӕ ци гъавта, уомӕн ӕ минкъий хай.

Йеговӕ зӕнхӕ уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй си нӕ бон уа ӕносмӕ цӕрун. Библий финст ес: «Зӕнхӕ ба равардта адӕймаги фурттӕн» ӕма ’й «дзӕгъӕли... не сфӕлдиста, ’скодта ӕй цӕрунмӕ» (Псалом 115:16; Исай 45:18). Ка си гъӕуама цардайдӕ ӕма кӕдмӕ? «Рӕстгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ» (Псалом 37:29).

Йеговӕ сфӕлдиста фиццаг нӕлгоймаг ӕма силгоймаги, Адам ӕма Еви, ӕма сӕ зӕнхӕбӕл дзенети ӕрцӕрун кодта, «цӕмӕй си кустайуонцӕ ӕма имӕ зилдайуонцӕ» (Райдайӕн 2:8, 15). Йеговӕ син дессаги гъуддаг баихӕс кодта: «Цӕуӕт уадзетӕ, исберӕ уотӕ ӕма зӕнхӕ байдзаг кӕнтӕ ӕма ин хецау уотӕ» (Райдайӕн 1:28). Мадта Адам ӕма Евӕмӕ дессаги федӕн ӕнгъӕлмӕ кастӕй – ӕносон амондгун цард зӕнхӕбӕл. Гъигагӕн, Хуцаумӕ нӕ байгъустонцӕ ӕма син «рӕстгӕнгути хӕццӕ зӕнхӕ бунӕн райсуни» фадуат нӕбал адтӕй. Фал ӕй куд фӕууиндзиан, уотемӕй Хуцау уони туххӕй ӕ фӕндӕ нӕ раййивта.

ХУЦАУ НИН РАВАРДТА БИБЛИ

Библи ма хонунцӕ Хуцауи Дзурд. Йеговӕ нин Библи цӕмӕн равардта? Сӕйрагидӕр, цӕмӕй нӕ бон уа Хуцауи туххӕй базонун (Ӕмбесӕндтӕ 2:1–5). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Хуцауи туххӕй нӕмӕ ци фарстатӕ фӕззиннуй, уонӕй ӕгасебӕл дӕр Библий дзуапп нӕййес, удта сӕбӕл ӕндӕр киунугути дӕр дзуапп не ’ссердзӕнӕ (Екклесиаст 3:11). Фал Библий ци финст ес, уой фӕрци нӕ бон ӕй Хуцауи базонун. Библийӕй базонӕн ес, аллихузи адӕни хӕццӕ ӕхе куд дардта, уой, удта ӕ зӕрдӕмӕ цӕхуӕн адӕн цӕунцӕ, цӕхуӕнттӕ ба – нӕ (Псалом 15:1–5). Базонӕн си ес, куд ин гъӕуама лӕггадӕ кӕнӕн, цӕхуӕн уагӕ ӕма ӕгъдау ӕрфедар кодта, удта мулк ӕма ӕхцамӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, уой. Йеговӕ цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой ӕгасемӕй хуӕздӕр базонӕн ес, ӕ Фурт Йесо Киристе ци дзурдта ӕма ци кодта, уой туххӕй Библий ци финст ес, уомӕй (Иоанни 14:9).

Йеговӕ ма нин ӕ Дзурд, Библи, равардта, цӕмӕй амондгун уӕн ӕма цӕмӕй нӕ царди уа нисан. Библий нин Йеговӕ дзоруй, ци гъӕуй, цӕмӕй нӕ бийнонтӕ амондгун уонцӕ, цӕмӕй нӕ цардӕй боз уӕн ӕма ӕгӕр ма мӕтӕ кӕнӕн. Аци журналӕй ма базонӕн ес, Библи цӕхуӕн дзуапп дӕттуй царди тӕккӕ сӕйрагдӕр фарстатӕбӕл, зӕгъӕн: «Зӕнхӕбӕл уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес? Федӕни нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?» Удта ма си базонӕн ес, Хуцау, райдайӕни имӕ ци фӕндӕ адтӕй, уой исӕнхӕст кӕнуни туххӕй ци искодта, уой.

Библи дессаги киунугӕ ке ӕй – Хуцауӕй лӕвӕрд киунугӕ – уомӕн берӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес. Финстонцӕ ’й еу 40 нӕлгоймаги, 1 600 анземӕй фулдӕр. Фал ӕ сӕйраг гъуди еу ӕй, уомӕн ӕма ’й Хуцау ниффинсун кодта (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕндӕр рагон киунугутӕй уӕлдай, Библи мах рӕстӕгмӕ исхъӕрдтӕй, райдайӕни ’й куд ниффинстонцӕ, уотемӕй ӕма е бӕрӕг ӕй Библий рагон къохфинститӕй. Удта кӕд Библи фесафунбӕл хъӕбӕр архайдтонцӕ, уӕддӕр абони хъӕбӕр берӕ ӕвзӕгтӕбӕл тӕлмацгонд цӕуй ӕма хъӕбӕр парахат ӕй. Библи нӕ рӕстӕгмӕ ке исхъӕрдтӕй, уомӕй бӕрӕг ӕй: «Нӕ Хуцауи дзурд... уодзӕй ӕносмӕ» (Исай 40:8).

ХУЦАУ АДӔНИ ТУХХӔЙ Ӕ ФУРТИ РАВАРДТА

Хуцау ӕ фӕндон ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уой исбӕлвурд кӕнуни туххӕй дессаги гъуддаг искодта. Раздӕр куд загъд адтӕй, уотемӕй Хуцауи фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цардайуонцӕ. Фал Адам Хуцаумӕ ку нӕ байгъуста ӕма уотемӕй тӕрегъӕд ку искодта, уӕд ӕносон цардӕй ӕхуӕдӕг дӕр фенӕхай ӕй ӕма ин федӕни ка гъӕуама райгурдайдӕ, еци байзӕддӕгтӕ дӕр. «Гъема еу адӕймаги фудӕй дуйнемӕ ӕрцудӕй тӕрегъӕд, тӕрегъӕди фудӕй ба – мӕлӕт, ӕма уотемӕй мӕлӕт рапурхӕ ’й ӕгас адӕнбӕл, уомӕн ӕма еугурӕйдӕр ракодтонцӕ тӕрегъӕд» (Ромӕгтӕмӕ 5:12). Адам Хуцаумӕ ке нӕ байгъуста, уой туххӕй тӕссаг адтӕй, Хуцауи фӕндӕ ку не ’сӕнхӕст уа, уомӕй. Цума Йеговӕ куд бакодта?

Йеговӕ куд архайдта, уомӕй зиннунцӕ ӕ сӕйраг цуппар менеуӕги. Ӕ рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ Адам ӕма Еви сӕ тӕрегъӕди туххӕй бафхуардта, фал син федӕни ци цӕуӕт гъӕуама рацудайдӕ, уонӕмӕ ба уарзондзийнадӕ бавдиста. Ӕнӕкӕрон зунди хецау ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ, еци зин уавӕри куд архайгӕ ’й, уой балӕдӕрдтӕй ӕма уайтагъд ӕ унаффӕ фегъосун кодта (Райдайӕн 3:15). Хуцау адӕни тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй фӕййервӕзун кӕндзӕй ӕ Фурт Йесо Киристей фӕрци. Кутемӕй?

Цӕмӕй адӕн, сӕ тоги ци тӕрегъӕд рахастонцӕ, уомӕй фӕййервазтайуонцӕ, уой туххӕй Йеговӕ Киристей зӕнхӕмӕ рарвиста. Гъӕуама адӕни ахур кодтайдӕ царди раст надбӕл цӕун ӕма «ӕ уод равардтайдӕ берети балхӕнуни туххӕй» * (Матфеййи 20:28; Иоанни 14:6). Киристейӕн ӕ бон адтӕй ӕ цард нивонди ӕрхӕссун, уомӕн ӕма Адами хузӕн ӕнхӕст адӕймаг адтӕй. Фал Адамӕй уӕлдай Киристе Хуцаубӕл еузӕрдон адтӕй сауӕнгӕ ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр. Киристе мӕлӕти аккаг ке н’ адтӕй, уой туххӕй ӕй Йеговӕ райгас кодта уӕларвон цардмӕ. Нур Киристейӕн ӕ бон адтӕй искӕнун, Адам ци не ’скодта, уой – Хуцаумӕ ка игъосуй, еци адӕнӕн ӕносмӕ цӕруни нифс раттун. «Еу адӕймаг ӕгоммӕгӕс ке разиндтӕй, уой фудӕй беретӕ тӕрегъӕдгунтӕ куд иссӕнцӕ, уотӕ, еу адӕймаг коммӕгӕс ке адтӕй, уой фӕрци беретӕ исуодзӕнцӕ рӕстгӕнгутӕ» (Ромӕгтӕмӕ 5:19). Киристе ӕ цард нивонди ке ӕрхаста, уой фӕрци Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрд исӕнхӕст кӕндзӕй – адӕн зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕрдзӕнцӕ.

Йеговӕ цӕхӕун Хуцау ӕй, уой туххӕй нӕ бон берӕ цидӕртӕ ӕй базонун, Адами тӕрегъӕди фӕсте ӕхе куд бадардта, уомӕй. Мах базудтан, Йегови ести ку фӕндӕуа, уӕд ӕй ке неке бауорамдзӕй (Исай 55:11). Удта ма базудтан, Йеговӕ нӕ куд берӕ уарзуй. «Хуцау нӕ ке уарзуй, уой уомӕй бавдиста, ӕма ӕ еунӕг Фурти дуйнемӕ рарвиста, цӕмӕй уой фӕрци цардӕй хайгин уӕн. Уарзондзийнадӕ уой медӕг нӕй, ӕма мах бауарзтан Хуцауи, фал уой медӕг ӕй, ӕма нӕ Хуцау бауарзта ӕма ӕ Фурти дуйнемӕ рарвиста, цӕмӕй ӕ цард нӕ тӕрегъӕдти туххӕй федаунгӕнӕг нивондӕн ӕрхастайдӕ» (1 Иоанни 4:9, 10).

Хуцау «ӕ Фурти нӕ бавгъау кодта, фал ӕй мах туххӕй мӕлӕтмӕ равардта». Ӕма нин «цӕстуарзонӕй... ратдзӕй, ци ма нӕ гъӕуй, уони ӕгасейдӕр», зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уони (Ромӕгтӕмӕ 8:32). Цума нин Хуцау зӕрдӕ цӕмӕй байвардта? Дӕ бон ӕй бакӕсун.

ХУЦАУ ЦИ ИСКОДТА? Йеговӕ адӕни сфӕлдиста, цӕмӕй зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цардайуонцӕ. Равардта ма нин Библи, цӕмӕй ин ӕхе туххӕй базонӕн. Йесо Киристей нивонди ке ӕрхаста, уой фӕрци Йеговӕ ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕндзӕй.

^ 16 абз. Киристей нивонди туххӕй дӕ бон ӕй фулдӕр базонун киунугӕй «Нӕ бон ци ӕй Библийӕй базонун?», 5 сӕр (урус.). Мухури ’й рауагътонцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ, ес сайти www.dan124.com.