Хуцау ци искӕндзӕй?
Зин уавӕри ку адтӕ, уӕд дӕ, ӕвӕдзи, фӕндадтӕй, цӕмӕй дин де ’мбал банхус кодтайдӕ. Беретӕ Хуцауи се ’мбалбӕл нӕ нимайунцӕ, уомӕн ӕма син сӕ гъудимӕ гӕсгӕ нецӕмӕй ӕнхус кӕнуй. Фал Хуцау мах туххӕй берӕ цидӕртӕ искодта. Уомӕй уӕлдай ма нин тагъд рӕстӕги не ’гас зиндзийнӕдтӕн ӕма гъезӕмӕрттӕн дӕр кӕрон искӕндзӕй. Цума куд?
ФУДДЗИЙНАДӔН КӔРОН ИСКӔНДЗӔЙ
Хуцау фесафдзӕй, фуддзийнадӕ кӕмӕй цӕуй, уой, ӕма уотемӕй фуддзийнадӕн кӕрон искӕндзӕй. Е ка ӕй, уой туххӕй Библий финст ӕй: «Ӕгас дуйне... ӕй Фидбилизи къохи» (1 Иоанни 5:19). Е ӕй, Киристе «аци дуйней хецау» ке исхудта, е – Сайтан (Иоанни 12:31). Сайтани фудӕй абони дуйне кӕуйнаг уавӕри ӕй. Цума Хуцау гъуддаг куд исраст кӕндзӕй?
Тагъд рӕстӕги Йеговӕ Хуцау ӕ Фурт Йесо Киристей фӕрци, «ӕ хъаурӕ басӕтдзӕй, мӕлӕт хӕссуни хъаурӕ кӕмӕ ес, уомӕн, гъома Сайтанӕн» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 2:14; 1 Иоанни 3:8). Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й Сайтан ӕхуӕдӕг дӕр зонуй, «рӕстӕг ин берӕ ке нӕбал байзадӕй» ӕма тагъд е ’сӕфт ке ӕрцӕудзӕй, уой (Раргомадӕ 12:12). Удта ма фудгъуддӕгтӕ ка кӕнуй, уони дӕр Хуцау тагъд фесафдзӕй (Псалом 37:9; Ӕмбесӕндтӕ 2:22).
ЗӔНХӔЙ ДЗЕНЕТ ИСКӔНДЗӔЙ
Не Сфӕлдесӕг зӕнхӕбӕл ӕгас фуддзийнадӕн кӕрон ку искӕна, уӕд имӕ зӕнхӕ ӕма адӕни туххӕй ци фӕндӕ адтӕй, уой исӕнхӕст кӕндзӕй. Цӕхуӕн цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
Ӕнӕкӕрон фарнӕ ӕма ӕдасдзийнадӕ. «Сабур адӕн ба зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма фарнӕй бафсӕддзӕнцӕ» (Псалом 37:11).
Хуӕрзадӕ ӕма пайда хуӕруйнаг. «Зӕнхӕбӕл хуар уодзӕй фӕндон, хуӕнхти цъоппитӕбӕл зӕу-зӕу кӕндзӕй» (Псалом 72:16).
Зӕрдӕ кӕмӕй рохс кӕндзӕй, уӕхӕн хӕдзарӕ ӕма куст. «Адӕн хӕдзӕрттӕ кӕндзӕнцӕ ӕма си цӕрдзӕнцӕ, садздзӕнцӕ сӕнӕфсердӕнттӕ ӕма син сӕ рӕзӕ хуӕрдзӕнцӕ... Ме ’взурст адӕн бафсӕддзӕнцӕ сӕ къохти хъиамӕтӕй» (Исай 65:21, 22).
Фӕндуй дӕ уой дӕхе цӕститӕй фӕууинун? Тагъд уӕхӕн уавӕрти цӕрдзӕнцӕ адӕн.
ТӔРЕГЪӔД ӔМА МӔЛӔТ НӔБАЛ УОДЗӔЙ
Абони адӕн еугурӕйдӕр сӕйунцӕ ӕма мӕлунцӕ, фал е берӕ рӕстӕг нӕбал рахӕсдзӕй. Тагъд Хуцау Киристей нивонди фӕрци уотӕ бакӕндзӕй, цӕмӕй ибӕл «кадӕриддӕр ӕууӕндуй, е ма фесӕфа, фал ӕносон цардӕй хайгин уа» (Иоанни 3:16). Е махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕй?
Незтӕ нӕбал уодзӕнцӕ. «Ӕма уоми цӕрӕг адӕнӕй еу дӕр нӕбал зӕгъдзӕй: „Ӕз сӕйгӕ дӕн“. Еци зӕнхӕбӕл ка цӕра, еци адӕнӕн сӕ тӕрегъӕд хатиргонд ӕрцӕудзӕй» (Исай 33:24).
Адӕн мӕлӕтӕй иссӕребарӕ уодзӕнцӕ. «Е фесафдзӕй мӕлӕт ӕносмӕ, Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ се ’гасемӕндӕр сӕ цӕстисугтӕ сӕ ростӕй ниссӕрфдзӕй» (Исай 25:8).
Адӕн цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ. «Хуцау ци лӕвар дӕттуй, е ба ӕй ӕносон цард нӕ Хецау Йесо Киристей фӕрци» (Ромӕгтӕмӕ 6:23).
Ка рамардӕй, етӕ райгас уодзӕнцӕ. «Райгас уодзӕнцӕ рӕстгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр» (Гъуддӕгтӕ 24:15). Киристе ӕ цард нивондӕн ке ӕрхаста, уой фӕрци мӕрдтӕ райгас уодзӕнцӕ.
Аци гъуддӕгтӕ Хуцау цӕй фӕрци искӕндзӕй?
АЛЦӔМӔЙДӔР ӔНХӔСТ ХЕЦАУАДӔ ИСӔВӔРДЗӔЙ
Хуцау, зӕнхӕ ӕма имӕ адӕни туххӕй ци фӕндӕ ес, уой исӕнхӕст кӕндзӕй, ӕ сӕргъи Йесо Киристе кӕмӕн ӕй, еци уӕларвон хецауади фӕрци (Псалом 110:1, 2). Еци хецауади кенӕ паддзахади туххӕй Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугути ахур кодта ковун: «Нӕ уӕларвон Фидӕ... Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ» (Матфеййи 6:9, 10).
Хуцауи Паддзахадӕн ӕ барӕ цӕудзӕй ӕнӕгъӕнӕ зӕнхӕбӕл дӕр ӕма адӕни гъезӕмӕрттӕй ӕма мастӕй фӕййервӕзун кӕндзӕй. Еци Паддзахади хузӕн еунӕг хецауадӕ дӕр нӕй! Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд «Хуцауи паддзахади туххӕй хуарз хабар» дӕр уомӕн игъосун кодта ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дӕр еци гъуддаг баихӕс кодта (Матфеййи 4:23; 24:14).
Йеговӕ Хуцау адӕни берӕ ке уарзуй, уой туххӕй нин зӕрдӕ байвардта, еци дессӕгтӕ ке искӕндзӕй. Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ Йегови базонун ӕма имӕ хӕстӕг кӕнун? Цума дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? Уой туххӕй дзурд цӕуй иннӕ статьяй.
ХУЦАУ ЦИ ИСКӔНДЗӔЙ? Хуцау тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕн кӕрон искӕндзӕй, адӕни ӕ Паддзахади фӕрци байеу кӕндзӕй ӕма зӕнхӕй дзенет рауайун кӕндзӕй.