Разамонӕг совети финстӕг – 2017
Нӕ хъазар хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ!
Нӕ эри размӕ 7 ӕноси пахампар Йезекил фӕууидта дессаги цӕстӕбӕлуайӕн – устур уӕларвон уӕрдун, ӕма ’й кӕци ’рдӕмӕ цӕун гъудӕй, уой ин амудта Дуйнедарӕг Хуцау. Уӕлдай дессаг ба адтӕй, уӕрдун куд цудӕй, е. Ӕ цуд адтӕй арвӕрттивди хузӕн тагъд. Ӕ над ӕндӕр ӕрдӕмӕ кӕми фӕккӕнидӕ, уоми ӕ цуд нӕ фӕссабурдӕр кӕнидӕ ӕма ӕхе дӕр нӕ феззелидӕ (Йез. 1:4, 9, 12, 14, 16–27).
Аци цӕстӕбӕлуайӕн нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, Йегови организаций уӕларвон хай еу рауӕн ке некӕд фӕллӕууй. Ӕма ӕ зӕнхон хай ба? Фариккон лӕггади анзӕй бӕрӕг ӕй, зӕнхӕбӕл дӕр Йегови адӕн сӕ цуд ке нӕ сабурдӕр кӕнунцӕ!
Ами, Америки Еугонд Штатти, Вефили бийнонтӕн дӕр гъудӕй берӕ гъуддӕгтӕ бакӕнун. Гъудӕй сӕ Бруклинӕй рацӕун Йегови Ӕвдесӕнти нӕуӕг сӕйраг хайадӕмӕ Уорвикки (штат Нью-Йорк). Кедӕрти гъудӕй Вефили иннӕ бӕстихӕйттӕмӕ рацӕун кенӕ хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ. Ӕма ӕгас дуйней берӕ ӕндӕр филиалти дӕр ӕнцад нӕ бадтӕнцӕ: арӕзтади куститӕ кодтонцӕ, кӕцидӕр филиалтӕ байеу кодтонцӕ кенӕ ӕндӕр бунӕттӕмӕ рахизтӕнцӕ. Сумахӕй ба ци зӕгъӕн ес? Кӕд уӕ ӕндӕр рауӕнмӕ цӕун нӕ багъудӕй, уӕддӕр еу рауӕн нӕ бадтайтӕ.
Мах ӕй уинӕн, Хуцауи адӕн ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр абони никки зӕрдиагӕйдӕр ке архайунцӕ ӕма Йегови организаций фӕсте ке нӕ изайунцӕ. Е нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй ӕма нин нӕ нифс хъӕбӕр федар кӕнуй. Беретӕ рандӕ ’нцӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уӕхӕн рауӕнтӕмӕ. Иннетӕ ба игъосун кӕнун райдӕдтонцӕ, ӕндӕр ӕвзагбӕл ка дзоруй, уӕхӕн адӕнӕн. Беретӕ бавзурстонцӕ нӕуӕг кенӕ, нури уӕнгӕ цӕй фӕрци нӕма игъосун кодтонцӕ, еци мадзӕлтти фӕрци игъосун кӕнун. Ӕндӕр цӕхуӕндӕр фадуӕтти фӕрци фулдӕр лӕггадӕ кӕнун ка райдӕдта, етӕ дӕр минкъий нӕ ’нцӕ. Мадта еузӕрдон киристӕнттӕ еугурӕйдӕр, уони хӕццӕ каргунтӕ ӕма, сӕйгӕ ка ӕй, етӕ дӕр, еузӕрдонӕй ледзунцӕ царди надбӕл, гъома Хуцауи гъуддаги еу рауӕн нӕ бадунцӕ, ӕма уотемӕй бӕлвурд кӕнунцӕ, Сайтан мӕнгӕттӕ дзорӕг ке ӕй (1 Кор. 9:24).
Федарӕй зонетӕ, Йеговӕ уин уӕ зингзӕрдитӕ ке уинуй, уой (Дзиуит. 6:10). Хуцауи Дзурдмӕ игъосунмӕ цӕттӕ ке айтӕ, уомӕй нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнтӕ Авраам ӕма Сарри. Авраамбӕл 70 анзӕй фулдӕр ку цудӕй, уӕд халдейаг горӕт Урӕй ӕ бийнонти хӕццӕ Ханаанмӕ рандӕ ’й ӕма уоми цатури 100 анзи фӕццардӕй. Авраам ӕма ӕ хъазар бийнойнаг цӕттӕ адтӕнцӕ Хуцауӕн ӕ алли дзурд дӕр ӕнхӕст кӕнунмӕ! (Райд. 11:31; Гъуд. 7:2, 3).
Сумахӕн дӕр уӕхӕн зундахаст ес? Уе ’гас дӕр, аци зин рӕстӕгути Матф. 28:19).
Хуцаубӕл уӕ зӕрдӕ нӕ ӕййеветӕ ӕма кӕнтӕ, Киристе уин ци загъта, уой: «Гъема мадта цотӕ ӕма мин ӕгас адӕнихӕттитӕй дӕр цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ. Дӕттетӕ син донаргъуд Фидӕ, Фурт ӕма сугъдӕг хъаури номӕй» (Киристе уотӕ ке загъта, «цотӕ», зӕгъгӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама ӕнцад ма бадӕн, гъӕуама архайӕн. Куд ӕхцӕуӕн нин ӕй, евгъуд анзи Киристей зингзӕрдӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн уойбӕрцӕ ке бантӕстӕй! Зин балӕдӕрӕн нӕй, Йеговӕ ке арфӕ кодта хуарз хабар ӕгас адӕнтӕн игъосун кӕнуни гъуддагӕн (Мар. 13:10).
Беретӕ хуарз хабар сӕ зӕрдӕмӕ райсунцӕ. Фарӕ игъосунгӕнгути тӕккӕ фулдӕр нимӕдзӕ адтӕй 8 340 847, Библий ахурти растӕмбес нимӕдзӕ алли мӕйӕ дӕр адтӕй 10 115 264. Бӕрӕг ӕй, уӕларвон уӕрдун дӕр размӕ ке цӕуй ӕма сумах дӕр! Цӕй ӕма уӕ дессаги куст идарддӕр дӕр кӕнтӕ, уомӕн ӕма берӕ рӕстӕг нӕбал байзадӕй – хъӕбӕр тагъд Йеговӕ нихгӕндзӕй, ервӕзундзийнадӕмӕ ка кӕнуй, еци дуар.
Мадта 2017 анзӕн хуарз исфедаудзӕнцӕ аци дзурдтӕ: «Дӕ зӕрдӕ дарӕ Йеговӕбӕл ӕма кӕнӕ хуарздзийнадӕ!» (Пс. 37:3). Аци дзурдтӕмӕ гӕсгӕ ку архайайтӕ, хуарздзийнадӕ ку кӕнайтӕ, гъома Йеговӕн ку лӕггадӕ кӕнайтӕ, уӕд ӕвдесдзиайтӕ, уӕ зӕрдӕ ибӕл ке даретӕ, уой. Уӕ хуарзӕнхӕй, макӕд иронх кӕнтӕ, еунӕгӕй ке нӕ айтӕ. Киристе ӕ дзурдӕн алкӕддӕр хецау уодзӕй: «Цалинмӕ аци цардӕвӕрди кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алли бон дӕр уодзӕн уӕ хӕццӕ» (Матф. 28:20).
Ма дузӕрдуг кӕнӕ, Йеговӕ дин амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ еузӕрдон лӕггадӕн арфӕ кӕндзӕй. Берӕ кӕнис ӕви минкъий, е сӕйраг нӕй. Йеговӕн агасемӕй сӕйрагдӕр ӕй, цӕмӕй ин дӕттай, хуӕздӕрӕй дӕмӕ ци ес, уой ӕма ’й дӕттай раст зӕрди уаги хӕццӕ. Еци лӕвӕрттӕ ин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕуунцӕ ӕма ин цийнӕдзийнадӕ ӕрхӕссунцӕ (2 Кор. 9:6, 7). Мадта дӕ уарзӕгой Фидӕмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнӕ. Уой туххӕй Хуцаумӕ алкӕддӕр ковӕ, ӕ Дзурд ин ахур кӕнӕ, ӕмбурдтӕмӕ цо ӕма зӕрдиагӕй игъосун кӕнӕ.
Фал Сайтан, «рӕстӕг ин берӕ ке нӕбал байзадӕй», уомӕ гӕсгӕ алли мадзалӕй дӕр пайда кӕнуй, цӕмӕй нин нӕ еузӕрдондзийнадӕ фӕккеун кӕна, ӕма Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ исӕййевӕн (Рарг. 12:12). Йеговӕмӕ алкӕддӕр хӕстӕг уотӕ, ӕма Сайтанӕн ӕ фӕндтӕй неци рауайдзӕй (Пс. 16:8). Зонетӕ ’й, берӕ уӕ ке уарзӕн ӕма уи хъӕбӕр боз ке ан, аци фӕстаг бӕнтти нин Хуцауи Паддзахади гъуддаги ке ӕнхус кӕнтӕ, уой туххӕй.
Уе ’нсувӕртӕ,
Йегови Ӕвдесӕнти Разамонӕг совет