17 ФАРСТА
Библи бийнонтӕн куд банхус кӕндзӕй?
ЛӔГТӔ/ФИДДӔЛТӔ
«Раст уотӕ лӕгтӕ дӕр, сӕхе бауӕр куд уарзунцӕ, уотӕ гъӕуама уарзонцӕ сӕ уостити. Ӕ уоси ка уарзуй, е уарзуй ӕхе дӕр, уомӕн ӕма ӕ бауӕрӕй е ’сӕфт некӕд неке уидта, фал имӕ алкедӕр зелуй ӕма ’й боц даруй... ...Сумахӕй алке, ӕхе куд уарзуй, уотӕ уарзӕд ӕ уоси дӕр»
«Фиддӕлтӕ, сумах... уӕ сувӕллӕнтти ма мӕстгун кӕнтӕ, фал сӕ гъомбӕл кӕнтӕ, Йеговӕ куд амонуй, уотӕ, ӕма сӕ ӕ зундбӕл аразетӕ»
УОСТИТӔ
«Уосӕ... гъӕуама ӕ лӕги нимайа»
«Уоститӕ, уӕ лӕгти коммӕ кӕсетӕ, уомӕн ӕма Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕн уотӕ ӕмбӕлуй»
СУВӔЛЛӔНТТӔ
«Сувӕллӕнттӕ, уӕ ниййергутӕмӕ игъосетӕ, Хуцауи фӕндон куд ӕй, уотӕ, уомӕн ӕма е ӕ цӕсти раст ӕй. „Нимайӕ дӕ фиди ӕма дӕ мади“ – е ӕй зӕрдӕвӕрди хӕццӕ лӕвӕрд фиццаг фӕдзӕхст. Зӕрдӕвӕрд ба ӕй уӕхӕн: „Цӕмӕй дин уа хуарз ӕма зӕнхӕбӕл фӕццӕрай“»
«Сувӕллӕнттӕ, алли гъуддаги дӕр уӕ ниййергутӕмӕ игъосетӕ, уомӕн ӕма е цӕуй нӕ Хецауи зӕрдӕмӕ»