Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

6 ФАРСТА

Библий Киристей туххӕй ци финст ес?

Библий Киристей туххӕй ци финст ес?

ПАХАМПАРАДӔ

«Ду... Вифлеем Ефрафӕ... дӕуӕй рацӕудзӕй, Израили мӕ номӕй ка архайдзӕй, еци хецау»

(Михей 5:2).

КУД ИСӔНХӔСТ ӔЙ

«Йесо райгурдӕй иудейаг горӕт Вифлееми, паддзах Ироди рӕстӕги. Уой фӕсте Скӕсӕнӕй Иерусалиммӕ ӕрцудӕнцӕ стъалудӕснитӕ»

(Матфейи 2:1).

ПАХАМПАРАДӔ

«Мӕ уӕледарӕс мин сӕ кӕрӕдзебӕл дех кӕнунцӕ, мӕ дарӕсбӕл мин хӕлттӕ гӕлдзунцӕ»

(Псалом 22:18).

КУД ИСӔНХӔСТ ӔЙ

«Ӕфсӕддонтӕ Йесой гъӕдӕбӕл ку ӕрауигътонцӕ, уӕд ин е ’ндаг дарӕс райстонцӕ ӕма ’й цуппар дехи ракодтонцӕ... Ӕ хӕдонӕ ба худ нӕ адтӕй, фал сӕрӕй бунмӕ адтӕй уафт. Ӕма уомӕ гӕсгӕ сӕ кӕрӕдземӕн загътонцӕ: „Скъунгӕ ’й ма ракӕнӕн, фал, кӕмӕ ӕрхаудзӕй, уобӕл хӕлттӕ исгӕлдзӕн“»

(Иоанни 19:23, 24).

ПАХАМПАРАДӔ

«Е ’стгутӕ ин еугурейдӕр гъӕуай кӕнуй, еу дӕр ин си саст не ’рцудӕй»

(Псалом 34:20).

КУД ИСӔНХӔСТ ӔЙ

«Йесомӕ ку бацудӕнцӕ ӕма, ке рамардӕй, уой ку фӕууидтонцӕ, уӕд ин ӕ уӕргутӕ нӕбал басастонцӕ»

(Иоанни 19:33).

ПАХАМПАРАДӔ

«Уой барӕхустонцӕ нӕ фудракӕндти туххӕй»

(Исай 53:5).

КУД ИСӔНХӔСТ ӔЙ

«Ӕфсӕддонтӕй [ин] сӕ еу ӕ фарс арцӕй барӕхуста, ӕма си тог ӕма дон ракалдӕй»

(Иоанни 19:34).

ПАХАМПАРАДӔ

«Мӕ мизд [мин] бафистонцӕ – ӕртин ӕвзест ӕхцай»

(Захари 11:12, 13).

КУД ИСӔНХӔСТ ӔЙ

«Уой фӕсте дууадӕс ахуркӕнуйнагемӕй еу, Иудӕ Искариот, зӕгъгӕ, саугинти хестӕртӕмӕ рандӕ ’й ӕма син загъта: „Уӕ къохи уин ӕй ку бафтуйун кӕнон, уӕд мин ци ратдзинайтӕ?“ Етӕ ин зӕрдӕ байвардтонцӕ ӕртин ӕвзест ӕхцайӕй»

(Матфейи 26:14, 15; 27:5).