Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

2 ФАРСТА

Дӕ бон куд ӕй Хуцауи туххӕй базонун?

Дӕ бон куд ӕй Хуцауи туххӕй базонун?

«Аци закъони киунугӕ алкӕддӕр уӕд де ’взагбӕл. Ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕй дӕхецӕн сабур гъӕлӕсӕй кӕсӕ, цӕмӕй си ци финст ес, уони еугурейдӕр ӕнхӕст кӕнай. Уӕд уодзӕнӕ ӕнтӕстгун ӕма зундӕй архайдзӕнӕ»

(Йесо Навин 1:8).

«Етӕ ӕцӕг Хуцауи закъони киунугӕ гъӕрӕй кастӕнцӕ, уой фӕсте ба ’й лӕдӕрун кодтонцӕ ӕма ин ӕ гъуди ихалдтонцӕ, ӕма уотемӕй адӕмӕн ӕнхус кодтонцӕ, ци син кастӕнцӕ, уой лӕдӕрунмӕ»

(Нееми 8:8).

«Амондгун ӕй еци адӕймаг, фудгӕнгути зундбӕл ка нӕ цӕуй... Еци адӕймагӕн цийнӕдзийнадӕ хӕссуй Йегови закъон, ӕма ин ӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсуй сабур гъӕлӕсӕй... Цийфӕнди ма кӕна – алцидӕр ин бантӕсдзӕй»

(Псалом 1:1–3).

«Филипп балигъдӕй бӕхуӕрдунмӕ ӕма фегъуста, еци лӕг гъӕрӕй ке кастӕй пахампар Исайи киунугӕ. Уӕд ӕй Филипп бафарста: „Ци кӕсис, уой лӕдӕрис?“ Е ин загъта: „Еске мин ӕй ку нӕ балӕдӕрун кӕна, уӕд ӕй куд гъӕуама лӕдӕрон?“»

(Гъуддӕгтӕ 8:30, 31).

«Цӕстӕй фӕууинӕн ке нӕййес, ӕ еци менеугутӕ – е ’носон хъаурӕ ӕма, Хуцау ке ӕй, е – дуйне ку сфӕлдиста, уӕдӕй нурмӕ ирдӕй зиннунцӕ, уомӕн ӕма бӕрӕг ӕнцӕ е ’сконд гъуддӕгти. Мадта етӕ сӕхе нецӕмӕй исраст кӕндзӕнцӕ»

(Ромӕгтӕмӕ 1:20).

«Уонӕбӕл гъуди кӕнӕ, дӕ хъауритӕ еугурӕйдӕр еци гъуддӕгтӕмӕ исаразӕ, цӕмӕй дин де ’нтӕстдзийнадӕ алкедӕр уина»

(1 Тимофеймӕ 4:15).

«Нӕ кӕрӕдзебӕл гъуди кӕнӕн, цӕмӕй кӕрӕдзей разӕнгард кӕнӕн уарзондзийнадӕмӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕмӕ... не ’мбурдтӕ ма цох кӕнӕн»

(Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25).

«Кӕд [уи] ескӕмӕ зунд фагӕ нӕййес, уӕд корӕд Хуцауӕй,– уомӕн ӕма е алкӕмӕн дӕр дӕттуй рӕдауӕй ӕма ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕма ин ӕнӕратгӕ нӕ фӕууодзӕй»

(Иакови 1:5).