1 ФАРСТА
Хуцау ка ӕй?
«Цӕмӕй ӕй адӕм зононцӕ, ду, ӕ ном Йеговӕ кӕмӕн ӕй, ӕрмӕстдӕр ду ке дӕ Еунӕг Устур Хуцау, Хецау ӕгас зӕнхӕн»
(Псалом 83:18).
«Базонетӕ, Йеговӕ ке ӕй Хуцау. Е нӕ сфӕлдиста, мах нӕхуӕдтӕ не сфӕлдистан нӕхе»
(Псалом 100:3).
«Ӕз дӕн Йеговӕ. Е ӕй мӕ ном. Ӕз мӕ кадӕ некӕмӕн ратдзӕн, къохӕйконд хуцӕуттӕн нӕ ратдзӕн мӕ кадӕ, мӕ намус»
(Исай 42:8).
«Йеговӕмӕ ӕ номӕй кадӕриддӕр ковуй, е фӕййервӕздзӕй»
«Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алли хӕдзарӕ дӕр кадӕр искӕнуй, алци искӕнӕг ба ӕй Хуцау»
«Уӕ цӕститӕбӕл хӕрдмӕ исхуӕцайтӕ ӕма ракӕсетӕ. Уони еугурей ка сфӕлдиста? Сфӕлдиста сӕ, стъалути ӕфсад ка ракӕнуй, е – алкӕций дӕр ӕхе нимӕдзӕмӕ гӕсгӕ, алкӕций дӕр си хонуй ӕ номӕй. Ӕ устур хъаури ӕма ӕ устур тухи фӕрци еугурӕйдӕр лӕуунцӕ сӕ бунӕтти»
(Исай 40:26).