9 ХАЙ
Зӕнхӕ дзенет кӕд исодзӕй?
Дуйней бӕллӕхтӕй зиннуй, тагъд зӕнхӕбӕл дзенет ке уодзӕй. Лукай 21:10, 11; 2 Тимофеймӕ 3:1–5
Абони зӕнхӕбӕл цитӕ цӕуй, уони туххӕй Библий рагӕй ӕрцудӕй финст. Зӕгъӕн, адӕм уодзӕнцӕ ӕхцауарзагӕ, фудзӕрдӕ, уарздзӕнцӕ ерхӕфсӕнтӕ, сувӕллӕнттӕ ниййергути коммӕ нӕбал кӕсдзӕнцӕ.
Библи ма дзоруй, ке уодзӕй устур зӕнхинкъуститӕ, тугъдтӕлтӕ, хуӕруйнаг адӕмӕн ке нӕ фагӕ кӕндзӕй ӕма дуйне незти буни ке уодзӕй. Аци бӕллӕхтӕ цӕунцӕ абони.
Йесо ма загъта, зӕгъгӕ, Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр игъустгонд ӕрцӕудзӕй (Матфейи 24:14).
2 Петури 3:13
Хуцауи Паддзахадӕ лӕгъуздзийнадӕ фесафдзӕй.Йеговӕ тагъд лӕгъуз адӕми фесафдзӕй.
Ибилис ӕма ӕ сайтӕнтти Хуцауи маст баййафдзӕй.
Хуцауи коммӕ ка кӕсуй, етӕ фӕййервӕздзӕнцӕ ӕма цӕрдзӕнцӕ рӕстаг нӕуӕг дуйней. Уоми адӕм нецӕмӕйбал тӕрсдзӕнцӕ ӕма кӕрӕдзей уарздзӕнцӕ.