Библий ӕхсидзгӕ хабар. Цубуртӕй
Йеговӕ сфӕлдиста Адам ӕма Еви, цӕмӕй ӕносмӕ дзенети цардайуонцӕ. Сайтан Хуцауи ном фегадӕ кодта ӕма дзурддаг иссӕй, Хуцауӕн барӕ ке ес, цӕмӕй Дун-дуйней Хецау уа. Адам ӕма Евӕ дӕр Сайтани фарс ӕрлӕудтӕнцӕ, ӕма уотемӕй сӕхе дӕр ӕма сӕ байзӕддӕгти дӕр тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти хай бакодтонцӕ
Йеговӕ тӕрхон рахаста, ӕ нихмӕ ка рацудӕй, уонӕн, ӕма зӕрдӕ байвардта, Ервӕзунгӕнӕг, кенӕ Байзӕддаг, ке ’рцӕудзӕй, уомӕй. Еци Байзӕддаг Сайтани фесафдзӕй ӕма, адӕмӕн ци зиан ӕрхаста, уой исраст кӕндзӕй
Йеговӕ Авраамӕн ӕма Давидӕн зӕрдӕ байвардта, Байзӕддаг, гъома Киристе, уони хӕдзарвӕндагӕй ке рацӕудзӕй, ӕма ӕносмӕ Паддзах ке уодзӕй
Йеговӕ ӕ пахампартӕн ниффинсун кодта, Киристе адӕми тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй ке фӕййервӕзун кӕндзӕй. Е уодзӕй Хуцауи Паддзахади Паддзах, ӕма е ’мпаддзӕхти хӕццӕ кӕрон искӕндзӕй тугъдтитӕн, незтӕн ӕма мӕлӕтӕн
Йеговӕ ӕ Фурти зӕнхӕмӕ рарвиста ӕма адӕмӕн балӕдӕрун кодта, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ке ӕй. Йесо Хуцауи Паддзахади туххӕй игъосун кодта ӕма ӕ цард нивондӕн ӕрхаста. Уой фӕсте ӕй Йеговӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта
Йеговӕ ӕ Фурти уӕлӕрвти Паддзахӕй исӕвардта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдӕдтонцӕ аци дуйней фӕстаг бӕнттӕ. Йесо разамунд дӕттуй ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн, цӕмӕй Хуцауи Паддзахади туххӕй ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр игъосун кӕнонцӕ
Йеговӕ ӕ Фуртӕн баихӕс кодта, цӕмӕй ӕ Паддзахадӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр ӕрфедар кӕна. Еци Паддзахадӕ дуйней паддзахӕдтӕ ниппурхӕ кӕндзӕй, зӕнхӕй дзенет искӕндзӕй ӕма растзӕрдӕ адӕм исуодзӕнцӕ ӕнхӕст. Йеговӕ Дун-дуйней Хецау ке гъӕуама уа, е дзурддаг некӕдбал уодзӕй ӕма ӕ ном ӕносмӕ исрохс уодзӕй