Библи зонун цӕмӕн гъӕуй?
Библий туххӕй ескӕд фегъустай? Е ӕй дессаги киунугӕ, удта ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр куд парахат ӕй, уотӕ еунӕг киунугӕ дӕр нӕй. Хъӕбӕр берӕ адӕм си иссирдтонцӕ уодӕнцойнӕ, нифс ӕма царди медӕг устур ӕнхус ка ’й, уӕхӕн унаффитӕ. Фал беретӕ ба Библий туххӕй ӕппундӕр неци зонунцӕ. Хуцаубӕл ӕууӕндис ӕви нӕ, уӕддӕр дӕ, ӕвӕдзи, фӕндуй базонун, Библи цӕбӕл дзоруй, уой. Ӕма дин еци гъуддаги аци брошюрӕ устур ӕнхус уодзӕй.
ЦАЛИНМӔ Библи кӕсун нӕ райдӕдтай, уӕдмӕ хуарз уайдӕ Библий туххӕй кӕцидӕр хабӕрттӕ базонун. Библий, хонунцӕ ма ’й Сугъдӕг Финстадӕ, ес 66 киунуги, кенӕ хаййи. Ӕ фиццаг киунугӕ хуннуй Райдайӕн, фӕстаг ба Раргомадӕ, кенӕ Апокалипсис.
Цума Библи ка ниффинста? Еци фарста беретӕмӕ фӕззиннуй? Библи финстонцӕ еу-40 адӕймаги, еу-1 600 анзей дӕргъи. Дессаг е ӕй, ӕма ’й ка финста, етӕ сӕхецӕн кадӕ нӕ агурдтонцӕ. Сӕ еу уотӕ загъта: «Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕй Хуцауи разамундӕй финст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Иннӕ ба загъта: «Йегови хъаурӕй дзурдтон ӕз, ӕма ӕ дзурд адтӕй ме ’взагбӕл» (2 Самуили 23:2). Гъе уотемӕй, Библи ка финста, етӕ ӕвдистонцӕ, Дун-дуйней Хецау Йегови гъудитӕ си финст ке ес, уой. Уомӕй уӕлдай ма бавдистонцӕ, Хуцауи ке фӕндуй, цӕмӕй ӕй адӕм базононцӕ.
Библий туххӕй ма ци гъӕуй зонун? Еу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ си ес еу сӕйраг гъуди: Хуцау ӕ уӕларвон Паддзахади фӕрци исбӕлвурд кӕндзӕй, ке ин ес барӕ, цӕмӕй Дун-дуйней Хецау уа. Идарддӕр аци брошюри фӕрци базондзӕнӕ, Библий сӕйраг гъуди Райдайӕнӕй Раргомади уӕнгӕ куд ӕргом кӕнуй, уой.
Мадта ӕркӕсӕн зӕнхи цъарӕбӕл тӕккӕ зундгонддӕр киунугӕ, Библий, сӕйраг гъудимӕ.
^ 9 абз. «Н. э.» нисан кӕнуй «нӕ эри», «н. э. размӕ» ба – «нӕ эри размӕ».