Аци дуйне ке къохи ӕй?
Дӕумӕ гӕсгӕ...
-
Хуцауи къохи?
-
адӕми къохи?
-
Сайтани къохи?
БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС
«Ӕгас дуйне ба ӕй Фидбилизи къохи» (1 Иоанни 5:19, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).
«Ӕма Хуцауи Фурт дӕр уой туххӕй ӕрцудӕй, цӕмӕй Сайтани гъуддӕгтӕ фехала» (1 Иоанни 3:8).
Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ
Зондзӕнӕ ’й, дуйней уойбӕрцӕ зиндзийнӕдтӕ цӕмӕн ес, уой (Раргомадӕ 12:12).
Нифс дӕмӕ уодзӕй, дуйне хуарзӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй, уомӕй (1 Иоанни 2:17).
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ЦӔМӔН ӔЙ НӔ БОН ӔУУӔНДУН?
Тӕккӕ минкъийдӕр, ӕртӕ гъуддагей туххӕй.
-
Тагъд Сайтан аци дуйней хецау нӕбал уодзӕй. Йеговӕ Сайтанӕн ӕ бартӕ байсдзӕй ӕма аци дуйней хецау нӕбал уодзӕй. Зӕрдӕ нин ӕвӕруй, Сайтанӕн «ӕ хъаурӕ ке басӕтдзӕй» ӕма адӕмӕн цидӕриддӕр зиан ӕрхаста, уой фӕстӕмӕ ке исраст кӕндзӕй (Дзиуиттӕгтӕмӕ 2:14).
-
Хуцау дуйней Хецауӕй исӕвардта Йесо Киристей. Киристе аци дуйней хецауи хузӕн дорзӕрдӕ ӕма хеуарзон нӕй. Йесо цӕхуӕн паддзах уодзӕй, уой туххӕй Библий финст ӕй: «Е фӕттӕрегъӕд кӕндзӕй ӕнхусгъӕуагӕ ӕма мӕгур адӕймагӕн... Сӕ уод син фӕййервӕзун кӕндзӕй ӕфхуӕрдӕй ӕма тухмиуӕй» (Псалом 72:13, 14).
-
Хуцау сайгӕ нӕ кӕнуй. Библи зӕгъуй: «Хуцауӕн ӕ бон... сайун нӕй» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:18). Йеговӕ нин зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр байвардта, еци хуарздзийнӕдтӕ ӕнӕмӕнгӕй искӕндзӕй! (Исай 55:10, 11). «Аци дуйней хецау тард ӕрцӕудзӕй» (Иоанни 12:31).
КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?
Сайтан аци дуйней хецау ку нӕбал уа, уӕд нӕ цард куд раййевдзӕй?
Библий аци фарстайӕн дзуапп ес ПСАЛОМИ 37:10, 11 ӕма РАРГОМАДИ 21:3, 4.