22 СӔР
Филиалти цӕхуӕн куст кӕнунцӕ?
Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ кӕнунцӕ аллихузи куститӕ, ӕма уотемӕй еу кенӕ цалдӕр бӕстемӕн ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй си игъосун кӕнуни гъуддаг размӕ цӕуа. Зӕгъӕн, лӕггадӕ си кӕнунцӕ тӕлмацгӕнгутӕй, мухур кӕнунцӕ журналтӕ, кӕнунцӕ си киунугутӕн аллихузи цъӕрттӕ, литературӕ кӕми фӕууй, еци скълӕдти косунцӕ, уадзунцӕ аудио- ӕма видеопродукци ӕма ма кӕнунцӕ ӕндӕр уӕхӕн ӕхсидзгӕ куститӕ дӕр.
Филиали комитет дзуапп дӕттуй игъосун кӕнуни гъуддагӕн. Разамонӕг совет алли филиали дӕр иснисан кӕнуй филиали комитет. Еци комитети фӕууй ӕртӕ кенӕ фулдӕр фӕлтӕрд хестӕр нӕлгоймаги. Филиали комитет Разамонӕг советӕн фӕххабар кӕнуй, ӕ барӕ ин ке бакодтонцӕ, еци бӕсти кенӕ бӕстити игъосун кӕнуни гъуддаг куд цӕуй ӕма си цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕ фӕззиннуй, уой туххӕй. Уомӕ гӕсгӕ ба Разамонӕг совет унаффӕ рахӕссуй, нӕ литератури, удта ӕмбурдти ӕма конгрессти гъос ӕрдарун цӕмӕ гъӕуй, уой фӕдбӕл. Разамонӕг совет рарветуй ӕ минӕвӕртти, цӕмӕй бабӕрӕг кӕнонцӕ филиалтӕ ӕма филиалти комитеттӕн унаффитӕ раттонцӕ, сӕ бон сӕ ихӕстӕ хуӕздӕр ӕнхӕст кӕнун куд ӕй, уой фӕдбӕл (Ӕмбесӕндтӕ 11:14). Сӕйраг хайади минӕварӕн фӕууй сӕрмагонд программӕ. Зӕгъӕн, филиали территорий ци ӕнсувӕртӕ ӕма хуӕртӕ цӕруй, уонӕн радзубанди бацӕттӕ кӕнуй ӕма син уотемӕй сӕ нифс бафедар кӕнуй.
Филиал ӕнхус кӕнуй ӕмбурдтӕн. Нӕуӕг ӕмбурд исаразун ку фӕгъгъӕуй, уӕд еци гъуддаги фӕдбӕл унаффӕ рахӕссунцӕ, филиали бартӕ кӕмӕн ес, еци ӕнсувӕртӕ. Етӕ ма разамунд дӕттунцӕ, филиали территорий ка лӕггадӕ кӕнуй, еци пионертӕн, миссионертӕн ӕма районон цӕстӕдаргутӕн дӕр. Еци ӕнсувӕртӕ испълан кӕнунцӕ, конгресстӕ кӕд ӕма кӕми рацӕудзӕнцӕ, уой. Удта разамунд дӕттунцӕ Паддзахади залтӕ аразуни гъуддагӕн. Уомӕй уӕлдай ма сӕ гъос дарунцӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕ афойнадӕбӕл сӕ литературӕ есонцӕ. Филиалтӕ цидӕриддӕр кӕнунцӕ, уой фӕрци игъосун кӕнуни гъуддаг размӕ цӕуй уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕмӕ 14:33, 40).
-
Филиалти комитеттӕ Разамонӕг советӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ?
-
Филиалти кустмӕ ци хауй?