Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

1 УРОК

Хуарз раздзурд

Хуарз раздзурд

Гъуддӕгтӕ 17:22

ДӔ НИСАН. Дӕ дзубанди уотӕ райдайӕ, цӕмӕй адӕймаги гъудити бафтауай. Цӕбӕл дзордзӕнӕ, уой зӕгъӕ ӕма ’й балӕдӕрун кӕнӕ, уой зонун цӕмӕн гъӕуй.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Игъосгути гъудити бафтауӕ. Дӕ игъосгути гъудити ка бафтаудзӕй, уӕхӕн фарста раттӕ кенӕ ба радзорӕ, кӕбӕлдӕр цӕхуӕн цау ӕрцудӕй, уой кенӕ фӕстаг хабӕрттӕй ести.

  • Цӕбӕл дзордзӕнӕ, уой зӕгъӕ. Игъосгутӕ ’й гъӕуама балӕдӕронцӕ, дӕ дзубанди цӕбӕл уодзӕй, уой.

  • Балӕдӕрун кӕнӕ, ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй. Дзорӕ, игъосгутӕн пайда ци уодзӕй, уобӕл. Етӕ ’й гъӕуама хуарз лӕдӕронцӕ, цӕбӕл дзорис, е син царди куд банхус кӕндзӕй, уой.