Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

16 УРОК

Дӕ дзурд иннетӕн нифси хуасӕ уӕд

Дӕ дзурд иннетӕн нифси хуасӕ уӕд

Иов 16:5

ДӔ НИСАН. Зиндзийнӕдтӕбӕл берӕ ма дзорӕ, фал дзорӕ, уавӕр цӕй фӕрци фӕххуӕздӕр уодзӕй ӕма игъосгути нифс ци бафедар кӕндзӕй, уобӕл.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Дӕ игъосгутӕмӕ хуарз цӕстӕй кӕсӕ. Дӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, уобӕл ма гурусхӕ кӕнӕ. Унаффӕ раттун ку гъӕуа, уӕддӕр бал сӕ фиццаг зӕрдиагӕй растауӕ.

  • Лӕгъуз хабӕрттӕбӕл берӕ ма дзорӕ. Лӕгъуз хабӕртти кой ракӕнӕн ес, уомӕй ести пайда ку уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Куд ӕма ци дзорис, уомӕй гъӕуама дӕ игъосгути нифс федар кӕнай.

  • Хуцауи Дзурди фӕрци иннети нифс федар кӕнӕ. Зӕгъӕ, Йеговӕ адӕни туххӕй ци искодта, ци кӕнуй ӕма ци искӕндзӕй, уой. Дӕ игъосгути нифс бафедар кӕнӕ.