Рӕстдзийнадӕ базонун дӕ фӕндуй?
РӔСТДЗИЙНАДӔ цӕй туххӕй? Раги дзаманӕй абони уӕнгӕ дӕр адӕми ка тухсун кӕнуй, еци фарстати туххӕй. Ӕвӕдзи, ду дӕр ескӕд сагъӕс кодтай аци фарстатӕбӕл:
-
Хуцау нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй?
-
Тугъдтитӕ ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон ескӕд ӕрцӕудзӕй?
-
Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ес?
-
Ка рамардӕй, етӕ ма ескӕд зӕнхӕбӕл цӕрдзӕнцӕ?
-
Хуцаумӕ куд ковун гъӕуй, цӕмӕй мин мӕ кувдтитӕ игъоса?
-
Мӕ цард амондгун цӕй фӕрци уодзӕй?
Кӕми ес иссерӕн дзуапп аци фарстатӕн? Библиотекити ӕма киунугути тукӕнтти дӕр аци фарстати фӕдбӕл хъӕбӕр берӕ аллихузи киунугутӕ фӕууй. Фал уоми дӕр еухузи дзуӕппитӕ нӕййес. Еци киунугутӕй кӕцидӕртӕ хуарз киунугутӕбӕл нимад фӕуунцӕ, фал берӕ нӕ рацӕуй ӕма сӕ багъӕуй исраст кӕнун, кенӕ ба сӕ нӕугутӕй раййевун.
Фал ес, федарӕй ӕууӕндун кӕбӕл ӕнгъезуй, уӕхӕн киунугӕ. Е ӕй, ӕцӕг рӕстдзийнадӕ финст кӕми ес ӕма еунӕг мӕнгӕ дзурд дӕр кӕми нӕййес, уӕхӕн киунугӕ. Йесо Киристе Хуцаумӕ ковгӕй загъта: «Дӕ дзурд ӕй рӕстдзийнадӕ» (Иоанни 17:17). Еци дзурд ба ӕй Сугъдӕг Финстадӕ – Библи. Идарддӕр ку ӕркӕсай, уӕд фӕууиндзӕнӕ, уӕлдӕр ӕвзурст фарстатӕн Библи бӕлвурд ӕма раст дзуӕппитӕ куд дӕттуй, уой.
Хуцау нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй?
АЦИ ФАРСТА ЦӔМӔН ФӔЗЗИННУЙ: Мах цӕрӕн ӕнӕхатир ӕма мӕнгард дуйней. Берӕ динтӕ куд ахур кӕнунцӕ, уомӕ гӕсгӕ адӕми гъезӕмӕртти Хуцау ӕй фудгин.
БИБЛИ УОЙ ТУХХӔЙ ЦИ ЗӔГЪУЙ: Адӕм ци гъезӕмӕрттӕ ӕвзарунцӕ, уоми Хуцау неци фудгин ӕй. «Уомӕн нӕййес гӕнӕн, ӕма ӕцӕг Хуцау фудгъуддаг искӕна, Алцигъон Хуцау хӕрам гъуддаг бакӕна!» (Иов 34:10). Хуцаумӕ адӕми туххӕй дессаги фӕндӕ ес. Киристе дӕр адӕми уой туххӕй ахур кодта ковун: «Нӕ уӕларвон Фидӕ... Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахадӕ. Дӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр» (Матфейи 6:9, 10). Хуцау нӕ уотӕ хъӕбӕр уарзуй, ӕма мах туххӕй равардта, ӕгасемӕй ин хъазардӕр ка адтӕй, уой (Иоанни 3:16).
Кӕсӕ ма Райдайӕн 1:26–28; Иакови 1:13 ӕма 1 Петури 5:6, 7.
Тугъдтитӕ ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон ескӕд ӕрцӕудзӕй?
АЦИ ФАРСТА ЦӔМӔН ФӔЗЗИННУЙ: Абони тугъдтити хъӕбӕр берӕ адӕм рамӕлуй. Алкедӕр ни зонуй, гъезӕмарӕ кӕнун ци ӕй, уой.
БИБЛИ УОЙ ТУХХӔЙ ЦИ ЗӔГЪУЙ: Хуцау загъта, тагъд рӕстӕги ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр сабур цард ке искӕндзӕй. Ӕ уӕларвон Паддзахадӕ бартӕ ӕ къохмӕ ку райса, уӕд зӕнхӕбӕл адӕм «тохунбӕл нӕбал ахур кӕндзӕнцӕ», удта сӕ «хъӕматӕй готони кӕрдтӕ искӕндзӕнцӕ» (Исайи 2:4). Зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр цъамар гъуддӕгтӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ ес, уонӕн Хуцау кӕрон искӕндзӕй. Хуцауи Дзурд нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «[Хуцау] син ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй [гъезӕмӕрттӕ ӕма фуддзийнӕдтӕ], е фӕййевгъудӕй» (Раргомадӕ 21:3, 4).
Кӕсӕ ма Псалом 37:10, 11; 46:9 ӕма Михейи 4:1–4.
Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ес?
АЦИ ФАРСТА ЦӔМӔН ФӔЗЗИННУЙ: Зӕнхӕбӕл ци динтӕ ес, уонӕн сӕ фулдӕр уобӕл ахур кӕнунцӕ, ӕма, адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ма ӕ уод цӕргӕ ке байзайуй. Беретӕ ӕууӕндунцӕ, мардӕн ӕ бон ке ӕй уодӕгӕстӕн ести фидбилиз ракӕнун. Иннетӕ ба зӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, Хуцау фудгӕнгутӕн тӕрхон рахӕссуй, цӕмӕй зиндони арти ӕносмӕ гъезӕмарӕ кӕнонцӕ.
БИБЛИ УОЙ ТУХХӔЙ ЦИ ЗӔГЪУЙ: Адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд уобӕл ӕ цард ӕрлӕууй. «Мӕрдтӕ... ӕппундӕр неци зонунцӕ»,– финст ӕй Екклесиасти 9:5. Ӕма кӕд мӕрдтӕ неци зонунцӕ ӕма неци лӕдӕрунцӕ, уӕд сӕ бон нӕй уодӕгӕстӕн нӕдӕр хуарз ракӕнун, нӕдӕр лӕгъуз (Псалом 146:3, 4).
Кӕсӕ ма Райдайӕн 3:19 ӕма Екклесиаст 9:6, 10.
Ка рамардӕй, етӕ ма ескӕд зӕнхӕбӕл цӕрдзӕнцӕ?
АЦИ ФАРСТА ЦӔМӔН ФӔЗЗИННУЙ: Алкедӕр ни фӕндуй цӕрун ӕма, ке уарзӕн, уони хӕццӕ цардбӕл цийнӕ кӕнун. Ӕма дессаг дӕр нӕй, ка нин рамардӕй, уони нӕ нӕуӕгӕй фӕууинун ке фӕндуй, е.
БИБЛИ УОЙ ТУХХӔЙ ЦИ ЗӔГЪУЙ: Ка рамардӕй, уонӕн сӕ фулдӕр райгас уодзӕнцӕ. Йесо зӕрдӕ байвардта: «Ингӕнти кадӕриддӕр ес, етӕ... райгас уодзӕнцӕ цӕрунмӕ» (Иоанни 5:28, 29). Ка райгас уа, уонӕн уодзӕй фадуат зӕнхӕбӕл цӕрун дзенети, Хуцауи фиццаг фӕндонмӕ гӕсгӕ (Лукай 23:43). Уомӕй уӕлдай ма, коммӕгӕс адӕм ӕносмӕ ӕма ӕнӕнезӕй цӕрдзӕнцӕ. Библий финст ес: «Растгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ» (Псалом 37:29).
Кӕсӕ ма Иови 14:14, 15; Лукай 7:11–17 ӕма Гъуддӕгтӕ 24:15.
Хуцаумӕ куд ковун гъӕуй, цӕмӕй мин мӕ кувдтитӕ игъоса?
АЦИ ФАРСТА ЦӔМӔН ФӔЗЗИННУЙ: Цийфӕнди динбӕл хуӕст адӕм дӕр Хуцаумӕ фӕкковунцӕ. Фал беретӕмӕ ба уотӕ кӕсуй, ӕма сӕ Хуцау нӕ игъосуй.
БИБЛИ УОЙ ТУХХӔЙ ЦИ ЗӔГЪУЙ: Йесо Киристе ахур кодта: «Ку ковай, уӕд... алкӕд еци еу дзурдтӕ ма дзорӕ» (Матфейи 6:7). Фӕндуй дӕ, цӕмӕй дин Хуцау дӕ кувдтитӕ игъоса? Кӕд гъо, уӕд имӕ гъӕуама, уой куд фӕндуй, уотӕ ковай. Уой туххӕй ба дӕ гъӕуй, Хуцауи фӕндон ци ӕй, уой базонун, ӕма уомӕ гӕсгӕ ковун. «Ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ си цийфӕнди дӕр ма ракорӕн – игъосуй нӕ»,– финст ӕй 1 Иоанни 5:14.
Кӕсӕ ма Псалом 65:2; Иоанни 14:6, 14 ӕма 1 Иоанни 3:22.
Мӕ цард амондгун цӕй фӕрци уодзӕй?
АЦИ ФАРСТА ЦӔМӔН ФӔЗЗИННУЙ: Беретӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма ӕцӕг амонд кӕнгӕ ’й ӕхца, кадӕ ӕма рӕсугъд бакастӕй. Бӕлгӕ дӕр сӕмӕ уой туххӕй фӕккӕнунцӕ, фал уомӕй амондгун не ’сунцӕ.
БИБЛИ УОЙ ТУХХӔЙ ЦИ ЗӔГЪУЙ: Амонд цӕмӕй кӕнгӕ ӕй, уой туххӕй Киристе загъта: «Амондгун ӕнцӕ, ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой ка лӕдӕруй, етӕ» (Матфейи 5:3). Ӕцӕг амондгун уӕд уодзинан, ӕма царди ӕгасемӕй ӕхсидзгӕдӕр гъуддагмӕ, гъома Хуцауи туххӕй ӕма ӕ фӕндони туххӕй базонунмӕ, ку бӕллӕн, уӕд. Еци рӕстдзийнадӕ ӕй финст Библий. Ку ’й базонӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй рартасун, царди медӕг ӕхсидзгӕдӕр гъуддаг ци ӕй, уой. Библий ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ нӕ цард ку аразӕн, уӕд уодзинан берӕ амондгундӕр (Лукай 11:28).
Кӕсӕ ма Ӕмбесӕндтӕ 3:5, 6, 13–18 ӕма 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.
уойбӕрцӕ рӕстӕг гъезӕмӕрттӕ ӕма фудгъуддӕгтӕ цӕмӕн уадзуй? Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй мӕ бийнонти цард амондгундӕр уа? Аци фарстатӕн ӕма ма берӕ ӕндӕртӕн Библи дӕттуй комкоммӕ ӕма, зӕрдӕ кӕмӕй барохс уодзӕй, уӕхӕн дзуӕппитӕ.
Атӕ ӕнцӕ Библийӕй цубур дзуӕппитӕ ӕрмӕстдӕр ӕхсӕз фарстайебӕл. Фӕндуй дӕ никки фулдӕр базонун? Кӕд гъо, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ’й лӕдӕрис, «ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес», уой. Ӕвӕдзи дӕ фӕндуй ӕндӕр фарстатӕн дӕр дзуапп иссерун. Зӕгъӕн, кӕд Хуцау махбӕл тухсуй ӕма нӕ уарзуй, уӕдФал, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, беретӕ Библи кӕсунмӕ сӕ нифс нӕ хӕссунцӕ. Ӕгӕр устур, удта зинлӕдӕрӕн киунугӕ сӕмӕ кӕсуй. Фӕндуй дӕ, цӕмӕй дин Йегови Ӕвдесӕнтӕ Библий фӕрци банхус кӕнонцӕ дӕ фарстатӕн дзуӕппитӕ иссерун?
Дӕ бон ӕй Йегови Ӕвдесӕнтӕй ескӕмӕн зӕгъун, цӕмӕй дӕ хӕццӕ Библи ахур кӕна дӕ хӕдзари кенӕ ба дӕ кӕми фӕндӕуа, уоми. Ӕхца федун ибӕл нӕ гъӕуй. Ӕрмӕстдӕр дӕ гъӕудзӕй алли къуӕре дӕр еу минкъий рӕстӕг еци гъуддагӕн рахецӕн кӕнун. Ӕгас дуйнебӕл дӕр милиуангай адӕм Библи уотӕ ахур кӕнунцӕ. Ӕма си беретӕн сӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун: «Ӕз иссирдтон рӕстдзийнадӕ!».
Зӕнхӕбӕл уомӕй хъазардӕр неци ес! Библий рӕстдзийнадӕ адӕймаги исуӕгъдӕ кӕнуй алли мӕнгӕ ӕгъдӕуттӕй, ӕ фарстатӕн дзуӕппитӕ базонуй ӕма ин ӕ уӕнгтӕ ка маруй, еци тарстӕй исуӕгъдӕ уй. Еу загъдӕй, Библий рӕстдзийнади фӕрци адӕймаг балӕдӕруй, цӕмӕн цӕруй, уой, удта ма имӕ фӕззиннуй ӕцӕг нифс ӕма цийнӕдзийнадӕ. Йесо Киристе загъта: «Базондзинайтӕ рӕстдзийнадӕ, ӕма уӕ рӕстдзийнадӕ иссӕребарӕ кӕндзӕй» (Иоанни 8:32).