Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

15 СӔРГОНД

Идарддӕр дӕ Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

Идарддӕр дӕ Библи ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

1. Библи идарддӕр ку ахур кӕнай, уӕд дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

Аци брошюрӕй ду базудтай Библий сӕйраг ахурӕдтӕ, ӕма уой фӕрци Йегови уарзун райдӕдтай. Фал цӕмӕй дӕ уарзондзийнадӕ ирӕза, уой туххӕй, нурмӕ ци базудтай, уобӕл ма ӕрлӕууӕ (1 Петури 2:2). Идарддӕр Библи ку ахур кӕнай ӕма уотемӕй Хуцаумӕ ку хӕстӕг кӕнай, уӕд дин уодзӕй ӕностӕмӕ цӕруни нифс. Бакӕсӕ Иоанни 17:3; Иуди 21.

Хуцауи туххӕй куд фулдӕр зонай, уотӕ де ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй. Ӕма де ’ууӕндундзийнади фӕрци Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕндзӕнӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:1, 6). Ӕууӕндундзийнадӕ дӕ разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ раздӕри гъуддӕгтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнай ӕма сӕ ниууадзай. Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 3:19.

2. Хуцауи туххӕй ци базудтай, уомӕй дӕ бон куд уодзӕй иннетӕн банхус кӕнун?

Фидӕ ма фурт кӕрӕдземӕ куд хӕстӕг фӕуунцӕ, дӕу бон дӕр ӕй Йеговӕмӕ уотӕ хӕстӕг ун

Адӕймаг ести хуарз хабар ку фегъосуй, уӕд ӕй ӕхемӕ дарун ӕ бон нӕ фӕууй, ӕма ’й иннетӕн радзоруй. Ӕвӕдзи, дӕу дӕр фӕнддзӕй, ци базудтай, уой иннетӕн радзорун. Библи куд фулдӕр ахур кӕнай, уотӕ дин ӕнцондӕр уодзӕй, цӕбӕл ӕууӕндис, уой иннетӕн Библийӕй лӕдӕрун кӕнун. Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 10:13–15.

Беретӕ фиццагидӕр хуарз хабар радзорунцӕ се ’мбӕлттӕн кенӕ сӕ хеуӕнттӕн. Ду дӕр еске хӕццӕ Библибӕл ку дзорай, уӕд фӕлмӕнӕй дзорӕ. Адӕймагӕн нӕ гъӕуй дзорун, Хуцауӕн раст нӕ ковис, зӕгъгӕ. Уой бӕсти ин радзорӕ, Хуцау нин ци дессаги цардӕй зӕрдӕ байвардта, уой туххӕй. Удта дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, адӕм хъӕбӕрдӕр, ци син дзурдтонцӕ, уой нӕ нигъгъуди кӕнунцӕ, фал сӕ хӕццӕ куд дзурдтонцӕ, уой. Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 2:24, 25.

3. Хуцау дин цӕхуӕн дессаги фадуат дӕттуй?

Библи ахур кӕнгӕй Хуцаумӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ. Фидӕ ’ма фурт кӕрӕдзебӕл куд баст фӕуунцӕ, ду дӕр Хуцауи хӕццӕ уотӕ баст уодзӕнӕ. Ӕма уодзӕнӕ Йегови бийнонти астӕу. Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:18.

4. Де ’ууӕндундзийнадӕ цӕй фӕрци федар кӕндзӕй?

Хуцауи Дзурд ку ахур кӕнай, уӕд де ’ууӕндундзийнадӕ федарӕй–федардӕр кӕндзӕй (Дзиуиттӕгтӕмӕ 5:13, 14). Йегови Ӕвдесӕнтӕй ескӕмӕн зӕгъӕ, цӕмӕй дӕ хӕццӕ Библи идарддӕр дӕр ахур кӕнонцӕ. Хуцауи Дзурд цӕйбӕрцӕ хуӕздӕр зонай, уойбӕрцӕ амондгундӕр уодзӕнӕ. Бакӕсӕ Псалом 1:1–3; 73:27, 28.

Хуарз хабар цӕуй Йеговӕй, амондгун Хуцауӕй. Ӕма ин ӕ адӕмбӕл дӕхе ку бӕттай, уӕд уомӕ дӕр хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25). Идарддӕр дӕр Йегови зӕрдӕ рохс кӕнунбӕл ку архайай, уӕд «федар ниххуӕццӕнӕ» ӕцӕг цардбӕл – ӕносон цардбӕл. Ӕцӕгӕйдӕр, царди Хуцаумӕ хӕстӕг кӕнунӕй хуӕздӕр неци ес! Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 1:11; 6:19.