Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

8 СӔР

Мессийи ӕрцуд

Мессийи ӕрцуд

ДАНЕЛИ пахампарадӕбӕл 500 анзи ку рацудӕй, уӕд Хуцауи изӕд Гавриил фӕззиндтӕй еу ӕригон кизгӕ Марийӕмӕ. Еци кизгӕ адтӕй Давиди хӕдзарвӕндагӕй. Гавриил ин загъта: «Дӕ бон хуарз, Хуцауӕн уарзон адӕймаг. Йеговӕ дӕ хӕццӕ ’й» (Лукай 1:28). Фал си Марийӕ фӕттарстӕй. Цума ин Гавриил ци зӕгъуйнаг адтӕй?

Гавриил Марийӕн загъта, Мессийӕ ин ке райгурдзӕй

Гавриил ин загъта: «Ма тӕрсӕ, Марийӕ, уомӕн ӕма ду иссирдтай Хуцауи хуарзӕнхӕ. Ду бауӕззау уодзӕнӕ ӕма дин райгурдзӕй биццеу, ӕма ’й исхондзӕнӕ Йесо. [...] Уомӕн Йеговӕ Хуцау ратдзӕй ӕ фидӕ Давиди паддзахбадӕн. ...Ӕ паддзахадӕн кӕрон некӕд ӕрцӕудзӕй» (Лукай 1:30–33). Е дессаги хабар адтӕй! Марийӕн гъӕуама райгурдайдӕ зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» – Мессийӕ!

Еци хабарбӕл анз рацудӕй ӕма Вифлееми райгурдӕй Йесо. Еци ӕхсӕвӕ Хуцауи изӕд фиййӕуттӕн фегъосун кодта: «Ӕз уӕмӕ ӕрхастон, ӕгас адӕми зӕрдитӕ дӕр цийнӕй ка байдзаг кӕндзӕй, уӕхӕн хуарз хабар: абони Давиди горӕти райгурдӕй уӕ Ервӕзунгӕнӕг, Хецау Киристе!» (Лукай 2:10, 11). Фӕстӕдӕр Йесой бийнонтӕ сӕ цӕрӕнбунат Назаретмӕ раййивтонцӕ ӕма Йесо уоми исгъомбӕл ӕй.

Н. э. 29-аг анзи, Мессийӕ ци анз гъӕуама фӕззиндтайдӕ, еци рӕстӕг Йесо райдӕдта Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун пахампарӕй. Еци рӕстӕг ибӕл цудӕй «ӕртин анземӕ хӕстӕг» (Лукай 3:23). Берӕ адӕм ӕй балӕдӕрдтӕнцӕ, Хуцауӕй ӕрвист ке адтӕй, ӕма дзурдтонцӕ: «Устур пахампар фӕззиндтӕй нӕ астӕу» (Лукай 7:16, 17). Цума Йесо адӕмӕн ци дзурдта?

Йесо адӕми разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуцауи уарзтайуонцӕ ӕма ин лӕггадӕ кодтайуонцӕ. Йесо алкӕмидӕр дзурдта: «Нӕ Хуцау Йеговӕй уӕлдай, ӕндӕр Йеговӕ нӕййес, ӕма дӕ Хуцау Йегови уарзӕ ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй, ӕгас зундӕй ӕма ӕгас хъаурӕй» (Марки 12:29, 30). Уотӕ дӕр ма дзурдта: «Дӕ Хуцау Йеговӕмӕ ковӕ ӕма ӕрмӕстдӕр уомӕн лӕггадӕ кӕнӕ» (Лукай 4:8).

Йесо адӕми разӕнгард кодта, цӕмӕй кӕрӕдзей уарзтайуонцӕ. Йесо дзурдта: «Иннети уарзӕ, дӕхе куд уарзис, уотӕ» (Марки 12:31). Уомӕй уӕлдай ма син дзурдта: «Мадта уӕ алли гъуддаги дӕр куд фӕндуй, цӕмӕй уин адӕм уонцӕ, уотӕ син уотӕ уӕхуӕдтӕ дӕр – уой медӕг ӕнцӕ Закъон ӕма пахампарти дзурдтӕн сӕ гъуди» (Матфеййи 7:12).

Йесо адӕмӕн зингзӕрдӕй игъосун кодта Хуцауи Паддзахади туххӕй. Йесо загъта: «Иннӕ горӕтти дӕр мӕ гъӕуй Хуцауи паддзахади туххӕй хуарз хабар фегъосун кӕнун, уомӕн ӕма уой туххӕй ӕрвист дӕн» (Лукай 4:43). Хуцауи Паддзахади туххӕй дзорун уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн адтӕй?

Библи куд лӕдӕрун кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи Паддзахадӕ ӕй уӕларвон хецауадӕ ӕма ӕ бартӕ цӕудзӕнцӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр. Еци Паддзахади Паддзахӕй Хуцау исӕвардта Йесой, кенӕ Мессийи. Данели пахампарадӕмӕ гӕсгӕ Хуцау уӕлӕрвти Мессийӕн ратдзӕй «хецауи бартӕ, кадӕ ӕма паддзахадӕ» (Данел 7:14). Еци Паддзахадӕ зӕнхӕбӕл искӕндзӕй Дзенет ӕма Хуцауи лӕггадгӕнгути ӕносон цардӕй исхайгин кӕндзӕй. Уомӕй хуӕздӕр хабар ма ци гъӕуама уа?