Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

6 СӔР

Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес?

Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес?

ХУЦАУ зӕнхӕ уой туххӕй сфӕлдиста, цӕмӕй адӕмӕн уа рӕсугъд хӕдзарӕ. Ӕ Дзурди финст ес: «Уӕлӕрвтӕ Йегови ’нцӕ, зӕнхӕ ба равардта адӕймаги фурттӕн» (Псалом 115:16).

Хуцау Адами ку нӕма сфӕлдиста, уӕд равзурста еу минкъий зӕнхи гӕппӕл ӕма си искодта рӕсугъд дзӕхӕрадонӕ, хундтӕй Едем. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Едемӕй цудӕй дууӕ цӕугӕдони, Евфрат ӕма Тигр (Хиддекел) a. Зӕгъӕн ес, ӕма Едеми дзӕхӕрадонӕ ци бунати адтӕй, еци бунат абони ӕй Турки ’скӕсӕн ӕрдиги. Куд ӕй уинӕн, уотемӕй Едеми дзӕхӕрадонӕ ӕцӕгӕйдӕр адтӕй зӕнхӕбӕл.

Хуцау сфӕлдиста Адами ӕма ’й Едеми дзӕхӕрадони ӕрцӕрун кодта, «цӕмӕй си кустайдӕ ӕма имӕ зилдайдӕ» (Райдайӕн 2:15). Уой фӕсте Хуцау Адамӕн сфӕлдиста бийнойнаги – Еви. Еци лӕг ӕма уосӕн Хуцау бафӕдзахста: «Цӕуӕт уадзетӕ ӕма исберӕ уотӕ ӕма зӕнхӕ идзаг кӕнтӕ ӕма ин хецау уотӕ» (Райдайӕн 1:28). Куд ӕй уинӕн, уотемӕй Хуцау зӕнхӕ «дзӕгъӕли... не сфӕлдиста, ’скодта ӕй цӕрунмӕ» (Исай 45:18).

Гъигагӕн, Адам ӕма Евӕ зонгӕ-зонгӕй Хуцауи закъони сӕрти рахизтӕнцӕ, ӕма уотемӕй ӕ нихмӕ рацудӕнцӕ. Уой туххӕй сӕ Хуцау Едемӕй ратардта, ӕма Дзенети цардӕй фенӕхай ӕнцӕ. Фал Адами тӕрегъӕд айдагъ уомӕ не ’ркодта. Библи зӕгъуй: «Еу адӕймаги фудӕй дуйнемӕ ӕрцудӕй тӕрегъӕд, тӕрегъӕди фудӕй ба – мӕлӕт, ӕма уотемӕй мӕлӕт рахӕлеу ӕй ӕгас адӕмбӕл, уомӕн ӕма еугурӕйдӕр ракодтонцӕ тӕрегъӕд» (Ромӕгтӕмӕ 5:12).

Цума Хуцаумӕ райдайӕни зӕнхи туххӕй ци фӕндӕ адтӕй, уой ма исӕнхӕст кӕндзӕй? Цума ескӕд ӕгас зӕнхӕ дӕр дзенет исуодзӕй ӕма ибӕл амондгун адӕм цӕрдзӕнцӕ? Хуцау нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «Мӕнӕй ци дзурд рацӕуа, е... цалинмӕ не ’сӕнхӕст уа, уӕдмӕ мӕмӕ фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕй, фал искӕндзӕй, ци мӕ фӕндуй, уой, ӕма исӕнхӕст кӕндзӕй, ке туххӕй ӕй рарвистон, еци гъуддаг» (Исай 55:11). Зӕнхӕ нӕуӕгӕй дзенет исуодзӕй!

Дзенети цард цӕхуӕн уодзӕй? Иннӕ дууӕ фарсебӕл ӕркӕсӕ, Хуцау нин зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй, уомӕ.

a Райдайӕни 2:10–14 финст ес: «Едеми дзӕхӕрадонӕй цудӕй цӕугӕдон ӕма дзӕхӕрадонӕ донӕй ӕфсаста. Удта фӕддех ӕй цуппар цӕугӕдонебӕл. Фиццаг цӕугӕдон хуннуй Фисон. [...] Дуккаг цӕугӕдон хуннуй Гихон. [...] Ӕртиккаг цӕугӕдон хуннуй Хиддекел [кенӕ Тигр]. Еци цӕугӕдон цӕуй Ассирийӕн е ’скӕсӕнӕрдигӕй. Цуппӕрӕймаг цӕугӕдон ба ӕй Евфрат». Фиццаг дууӕ цӕугӕдони кӕми цудӕнцӕ, е абони бӕрӕг нӕбал ӕй.