Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

«Цидӕриддӕр ӕцӕгӕлон хуцӕуттӕ уӕмӕ ес, уони фесафетӕ»

«Цидӕриддӕр ӕцӕгӕлон хуцӕуттӕ уӕмӕ ес, уони фесафетӕ»

Кӕд Йеговӕ мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковуни туххӕй закъон нӕма равардта, уӕддӕр ӕй Иаков зудта, ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл ке гъӕуама уа еузӕрдон (Рц 20:3–5). Уомӕ гӕсгӕ, Йеговӕ Иаковӕн Вефилмӕ раздӕхун ку загъта, уӕд Иаков ӕ бийнонтӕ ӕма ӕ лӕггадгӕнгутӕн загъта, цӕмӕй сӕмӕ ци мӕнгӕ хуцӕуттӕ адтӕй, уони фесафтайуонцӕ. Иаков ӕрӕмбурд кодта мӕнгӕ хуцӕуттӕ, удта, ӕвӕдзи, амулеттӕн ке дардтонцӕ, уӕхӕн гъосицӕгтӕ ӕма сӕ фесафта (Рд 35:1–4). Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, Иаков уотӕ ке бакодта, е Йегови зӕрдӕмӕ фӕццудӕй.

Мах бон ба куд ӕй ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл ун еузӕрдон? Мӕнгӕ хуцӕутти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй гъӕуама нӕхе хезӕн. Зӕгъӕн, гъӕуама ракалӕн, хинттӕ ӕма дӕсни фӕрсуни хӕццӕ цидӕриддӕр баст ӕй, еци дзаумӕуттӕ. Удта гъӕуама ерхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕй дӕр лӕдӕргӕй архайӕн. Дӕхе бафӕрсӕ: «Вампиртӕ, зомбитӕ кенӕ ӕндӕр уӕхӕн цидӕрти туххӕй кинотӕ кенӕ киунугутӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕунцӕ? Хинттӕ ӕма си ӕлгъиститӕ, цума ерхӕфсӕнӕй ӕндӕр неци ’нцӕ, уотӕ ӕвдист нӕ цӕунцӕ?» Гъӕуама, Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕйдӕриддӕр уинуй, уомӕй нӕхе идард дарӕн (Пс 97:10).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХӔЙРӔГӔН... ЙӔ НЫХМӔ СЛӔУУТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Библи ка ахур кодта, еци силгоймаг, Палесӕ, цӕхуӕн зиндзйинадӕбӕл исӕмбалдӕй?

  • Кӕд спиритизми хӕццӕ баст гъуддӕгтӕ нӕхецӕн, нӕ зонгитӕй ескӕмӕн кенӕ, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уомӕн фӕлварӕн иссӕнцӕ, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус ракорун цӕмӕн гъӕуй?

  • Сайтанӕн ӕ нихмӕ фӕллӕууӕ ӕма Хуцаумӕ бахӕстӕг уо (Иак 4:7, 8)

    Цӕмӕй нӕ Йеговӕ гъӕуай кӕна, уой туххӕй нӕ ци гъӕуй фесафун?

  • Палесӕ куд бакодта?

  • Кӕми цӕрис, уоми дӕ бон куд ӕй сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй дӕхе хезун?