НӔ КИРИСТОН ЦАРД ӔМА ЛӔГГАДӔ. КОСӔН ТЪЕТРАД Мартъи 2017
Дзубанди куд ес райдайӕн
Брошюрӕ «Боз уодзӕнӕ Хуцауи устурдӕр лӕвари туххӕй?» ӕма рӕстдзийнадӕ амонӕ Хуцауи Паддзахади туххӕй. Аци цӕветтонмӕ гӕсгӕ расагъӕс кӕнӕ, игъосун кӕнгӕй дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдайдзӕнӕ, уобӕл.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
«Ӕз дӕ хӕццӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ервӕзун кӕнон»
Йеговӕ Йеремий пахампарӕй ку исӕвардта, уӕд Йеремимӕ уотӕ кастӕй, цума уӕхӕн ӕхсидзгӕ гъуддагмӕ цӕттӕ нӕй. Йеговӕ ин зӕрдӕ цӕмӕй байвардта?
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Хуцауи дзурд нӕбал ӕнхӕст кодтонцӕ
Израилӕгтӕ уотӕ ӕнгъалдтонцӕ ӕма сӕ нивӕндтӕй сӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ бафеддзӕнцӕ. Йереми нифсгунӕй ӕргом кодта израилӕгти тӕрегъӕдтӕ ӕма сӕ цӕстӕмӕ миутӕ.
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Брошюрӕй «Абони зӕнхӕбӕл Йегови фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй?» нӕ бон куд ӕй пайда кӕнун?
Брошюрӕй уотӕ пайда кӕнӕ, цӕмӕй адӕймаг базона ка ан, ци косӕн ӕма нӕ организаци куд архайуй, уой.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Адӕн ӕнтӕстгун уодзӕнцӕ, ӕрмӕстдӕр Йегови разамундмӕ ку игъосонцӕ, уӕд
Рагон Израили Йегови разамундмӕ ка байгъуста, етӕ фӕрнӕй ӕма амондгунӕй цардӕнцӕ.
ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Израил Йегови феронх кодта
Йегови ци фӕндадтӕй зӕгъун, Йеремий 500 км бӕрцӕ балци Евфрати цӕугӕдонмӕ ку рарвиста, цӕмӕй гӕнӕй конд ронӕ баримӕхстайдӕ, уӕд?
НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Дӕ бийнонтӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй Йегови сӕ зӕрдӕбӕл даронцӕ
Бийноти ахур уин алли къуӕре дӕр ку уа ӕма цӕбӕл дзордзиайтӕ, уобӕл рагацау ку сагъӕс кӕнайтӕ, уӕд уотемӕй дӕ бийнонтӕн ӕнхус кӕндзӕнӕ Йегови макӕд иронх кӕнун. Арӕхдӕр уӕ ци фӕхъхъор кӕнуй, еци къахкъуӕрӕнти сӕрти рахезун уин ци банхус кӕндзӕй?