Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дзубанди куд ес райдайӕн

Дзубанди куд ес райдайӕн

«БОЗ УОДЗӔНӔ ХУЦАУИ УСТУРДӔР ЛӔВАРИ ТУХХӔЙ?»

Фарста: Куд дӕмӕ кӕсуй, Хуцау нин ци лӕвӕрттӕ искодта, уонӕй тӕккӕ устурдӕр лӕвар цӕхуӕн ӕй?

Стих: Ин 3:16

Публикаци: Аци брошюри дзурд цӕуй, Хуцау Киристей зӕнхӕмӕ ке рарвиста, цӕмӕй ӕ цард мах туххӕй равардтайдӕ, уобӕл. Базондзӕнӕ ма си, е цӕмӕн гъудӕй, ӕма нӕ бон куд ӕй бавдесун, еци лӕварӕн ке аргъ кӕнӕн, уой.

ХУЦАУИ ПАДДЗАХАДӔ ЦИ ӔЙ?

Фарста: Аци фарстабӕл цӕхуӕн дзуапп раттисӕ? Хуцауи Паддзахадӕ адӕймаги зӕрди ӕй, ӕримисгӕ цидӕр ӕй, ӕви уӕларвон хецауадӕ ’й?

Стихтӕ: Дан 2:44; Ис 9:6

Иннӕ хатт цӕбӕл дзордзиайтӕ: Иннӕ хатт дин радзордзӕн Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй ӕма дӕуӕн ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уой туххӕй.

ИМИСӔН ИЗӔРМӔ ХУНДИ ГӔГЪӔДИ

Публикаци: Хонун дӕ еу ӕхсидзгӕ хабармӕ. Дзурд си цӕудзӕй, Йесо Киристе мах туххӕй цӕмӕн рамардӕй, уобӕл. Уодзӕй си Библибӕл арӕзт радзубанди, ӕма еци радзубандийӕй базондзӕнӕ, Киристе ӕ цард мах туххӕй ке равардта, уой фӕрци нӕмӕ цӕхуӕн цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Ӕхцӕуӕн мин уодзӕй, ку ӕрбацӕуай, уӕд.

ДӔХУӔДӔГ ДЗУБАНДИ КУД РАЙДАИСӔ

Уӕлдӕр ци цӕветтонтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ӕргъуди кӕнӕ, дӕхуӕдӕг дзубанди куд райдаисӕ, уой.