Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Нӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн амонӕн, Библий ахурмӕ цӕттӕ кӕнун куд гъӕуй, уой

Архайӕн арӕхстгунӕй игъосун кӕнун. Нӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн амонӕн, Библий ахурмӕ цӕттӕ кӕнун куд гъӕуй, уой

Е ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ. Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, е ӕхе ку бацӕттӕ кӕна, уӕд хуӕздӕр балӕдӕрдзӕй ӕма багъуди кӕндзӕй, ци ин амонӕн, уой. Ӕрмӕг цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр балӕдӕра ӕма ’й багъуди кӕна, уойбӕрцӕбӕл тагъддӕр ирӕздзӕй е ’ууӕндундзийнадӕ дӕр. Донаргъуд ку райса, уой фӕсте дӕр ӕй гъӕудзӕй ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ цӕттӕ кӕнун, цӕмӕй «ма бафунӕй уа» (Мф 25:13). Библи ӕртасун куд гъӕуй, уой ку зона ӕма еци хуарз ӕгъдаубӕл хуӕст ку уа, уӕд ин е ӕ царди алкӕддӕр пайда уодзӕй. Мадта нӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн райдайӕни банхус кӕнӕн, цӕмӕй исахур уонцӕ Библий ахурмӕ цӕттӕ кӕнун.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Фӕнзуйнаг уо (Ро 2:21). Дӕхе рагацау бацӕттӕ кӕнӕ, дӕ ахуркӕнуйнагбӕл сагъӕс кӕнгӕй (km-OSS 11/15 3). Ба ин ӕвдесӕ, дӕхе пълани ци гъудитӕ ниффинсис, уой.

  • Ӕхе цӕттӕ кӕнунмӕ ’й разӕнгард кӕнӕ. Адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнун куддӕр райдайай, уотӕ ин зӕгъӕ, ӕхе ахурмӕ ке цӕттӕ кӕндзӕй, е дӕр Библи ахур кӕнунмӕ ке хаудзӕй. Ба ин лӕдӕрун кӕнӕ, еци гъуддаг ин ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уой дӕр. Зӕгъӕ ин, ахурмӕ цӕттӕ кӕнунмӕ ӕ бон рӕстӕг иссерун куд ӕй, уой. Еуӕй-еу игъосунгӕнгутӕ ахури рӕстӕг ахуркӕнуйнагмӕ сӕхе пълан раттунцӕ, цӕмӕй фӕууина, дзуӕппитӕ рагацау ку баханхӕ кӕнай ӕма си дӕ гъудитӕ ку ниффинсай, уӕд ӕрмӕг балӕдӕрун ӕнцондӕр ке ӕй. Ӕхе ку бацӕттӕ кӕна, уӕд ӕй растауӕ.

  • Цӕттӕ кӕнун куд гъӕуй, уой ин бавдесӕ. Еуӕй-еу игъосунгӕнгутӕ бал фиццаг ахуркӕнуйнаги хӕццӕ ӕнӕгъӕнӕ сӕр еумӕ бацӕттӕ кӕнунцӕ, цӕмӕй ин бавдесонцӕ, Библий ахурмӕ куд гъӕуй цӕттӕ кӕнун, уой.