ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ
Цума Елифаз хуарз нифсфедаргӕнӕг адтӕй?
Елифаз Иовӕн загъта, Хуцау адӕймагӕй арази ке некӕд уодзӕй (Иов 15:14–16; w05-U 15/9 26 ф., 4, 5 абз.).
Елифази уотӕ зӕгъун фӕндадтӕй, цума Иов ӕ тӕрегъӕдти туххӕй гъезӕмарӕ кодта (Иов 15:20).
Елифази дзурдтӕ Иови нифс нӕ бафедар кодтонцӕ (Иов 16:1, 2).
Елифаз Иовӕн ци дзурдта, етӕ мӕнгӕттӕ адтӕнцӕ, уомӕн ӕма Йеговӕ нӕ лӕггадӕн устур аргъ кӕнуй (Пс 149:4). Зиндзийнӕдтӕбӕл алкедӕр ӕмбӕлуй, уой хӕццӕ ба ма рӕстгӕнгутӕ дӕр (Пс 34:19).
РАСАГЪӔС КӔНУНМӔ: махӕн ба нӕ бон куд ӕй, «нифссаст ка ӕй», уони дзурдӕй рӕвдаун? (1Фс 5:14; w15-U 15/2 9 ф., 16 абз.).