НӔ КИРИСТОН ЦАРД
Бийнонти цард еунӕг бони номӕн нӕй
Федар киристон бийнонтӕ сӕ цардӕй Хуцауи зӕрдӕ дӕр рохс кӕнунцӕ ӕма сӕхе зӕрдитӕ дӕр (Мк 10:9). Цӕмӕй бийнонти цард амондгун уа, уой туххӕй цардӕмбал ӕвзаргӕй Библий уагӕвӕрдтӕ иронх кӕнун нӕ гъӕуй.
Еске хӕццӕ ӕмбӕлун хуӕздӕр уайдӕ райдайун, ӕгӕр ӕригон ку нӕбал уай, уӕд. Уотемӕй дӕ раст унаффӕ рахӕссунмӕ бауӕри монцтӕ нӕ бахъор кӕндзӕнцӕ (1Кр 7:36). Цалинмӕ дин цардӕмбал нӕма ес, уӕдмӕ Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕ ӕма ӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци менеугутӕ дӕ уодигъӕди федар кӕнӕ. Уой фӕрци, дӕ бийнонти цард амондгундӕр уодзӕй, бийнонтӕ ку искӕнай, уӕд.
Цалинмӕ адӕймаги хӕццӕ дӕ цард нӕма байеу кодтай, уӕдмӕ бал ӕй базонӕ, «ӕ зӕрди ци ес, уой» (1Пт 3:4). Кӕд дӕ зӕрдӕмӕ цидӕр нӕ цӕуй, уӕд ӕ хӕццӕ радзорӕ. Гъӕуама ’й лӕдӕрай, айдагъ дӕхе сагъӕс нӕ, фал дӕ дӕ цардӕмбали сагъӕс кӕнун дӕр ке гъӕудзӕй (Фп 2:3, 4). Бийнонтӕ искӕнуни разӕй Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрай, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма дӕ бийнонти цардӕн федар бундор ӕвӕрис.
БАКӔСӔ ВИДЕОМӔ «ПОДГОТОВКА К БРАКУ. ЧАСТЬ 3: „ПОДСЧИТАЙ ЗАТРАТЫ“» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУАПП РАТТӔ:
-
Аци хуӕрӕ Шейни хӕццӕ куд балимӕн ӕй?
-
Хуӕздӕр ӕй ку базудта, уӕд цӕбӕл тухсун райдӕдта?
-
Ӕ ниййергутӕ ин куд банхус кодтонцӕ, ӕма ци унаффӕ рахаста?