Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ | Игъосун кӕнуни гъуддаг уин фулдӕр цийнӕ хӕссӕд

Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, уомӕн банхус кӕнтӕ лӕгъуз ӕмбӕлттӕ ниууадзунмӕ

Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, уомӕн банхус кӕнтӕ лӕгъуз ӕмбӕлттӕ ниууадзунмӕ

Цӕмӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, е Йегови хӕццӕ балимӕн уа, уой туххӕй гъӕуама ӕмбӕлттӕ лӕмбунӕг ӕвзара (Пс 15:1, 4). Хуарз ӕмбӕлттӕ син ӕнхус кӕндзӕнцӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевунмӕ (Ӕм 13:20; lff-U 48 урок).

Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой уавӕр балӕдӕрунбӕл архайӕ, уомӕн ӕма ин, ка ’й зонуй, е ’мбӕлтти ниууадзун ӕнцон нӕ уодзӕй. Уомӕ гӕсгӕ имӕ телефонӕй рафинсисӕ кенӕ бадзорисӕ кенӕ ба ӕнӕуой бауаисӕ. Библий ахурмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ гъӕуй. Къахдзӕфтӕ кӕнун ку райдайа, уӕд ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рабадунмӕ дӕр фӕххонисӕ. Уотемӕй ӕй балӕдӕрдзӕй, ци ниууагъта, уомӕй берӕ фулдӕр ке иссердзӕй (Мк 10:29, 30). Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн дин уодзӕй, Йегови бийнонтӕ куд ирӕзуй, уой уинун.

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КЕ ХӔЦЦӔ АХУР КӔНТӔ, УОНӔН ӔНХУС КӔНТӔ, ЦӔМӔЙ ЛӔГЪУЗ ӔМБӔЛТТӔ НИУУАДЗОНЦӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Лӕгъуз ӕмбӕлттӕмӕ ка хауй? (1Кр 15:33)

  • Нитӕ Джейдӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рабадуни туххӕй ку загъта, уӕд Джейди цӕститӕбӕл ци рауадӕй?

  • Нитӕ Джейдӕн лӕгъуз ӕмбӕлттӕ ниууадзунмӕ куд банхус кодта?