Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АРӔХСТГУНДӔРӔЙ ИГЪОСУН КӔНӔ | ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГ УИН ФУЛДӔР ЦИЙНӔ ХӔССӔД

Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, уонӕн банхус кӕнтӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕуонцӕ

Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, уонӕн банхус кӕнтӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕуонцӕ

Ӕмбурдтӕмӕ ке цӕуӕн, е нӕ лӕггадӕмӕ хауй, ӕма еци гъуддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсӕн (Пс 22:22). Ӕмбурдтӕмӕ ка цӕуй, етӕ берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин унцӕ (Пс 65:4). Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн се ’ууӕндундзийнадӕ тагъддӕр ферӕзуй, алли ӕмбурдмӕ дӕр цӕун ку райдайунцӕ, уӕд.

Нӕ бон куд ӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн банхус кӕнун ӕмбурдтӕмӕ цӕун? Алли хатт дӕр ин зӕгъисӕ, ӕмбурдмӕ ’й ке хонис. Ба ин ӕвдесӕ видеоролик «Йегови Ӕвдесӕнти зали ци фӕууй?». Ӕмбурдтӕ ин ци пайда ӕрхӕсдзӕнцӕ, уой ин радзорӕ (lff-U 10 урок). Удта си дӕ зӕрдӕмӕ ци гъудитӕ фӕццӕуй, уони дӕр ин радзорисӕ. Иннӕ фембӕлди дзурд цӕбӕл цӕудзӕй, уомӕ еумӕ ӕркӕсиайтӕ. Ӕмбурди ’й ци публикацитӕ багъӕудзӕнцӕ, уони ин раттӕ кенӕ ин бавдесӕ приложений JW Library® вкладкӕ «Встречи». Цӕхуӕндӕр бӕлвурд гъуддӕгти ин банхус кӕнӕ, зӕгъӕн, ӕмбурдмӕ ’й ӕрбаласӕ. Адӕймаг фиццаг хатт ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуа, уӕд ӕй фӕууиндзӕнӕ, дӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли ке н’ адтӕнцӕ (1Кр 14:24, 25).

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КЕ ХӔЦЦӔ АХУР КӔНТӔ, УОНӔН ӔНХУС КӔНТӔ, ЦӔМӔЙ ӔМБУРДТӔМӔ ЦӔУОНЦӔ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Нитӕ цӕхуӕн фадуатӕй испайда кодта, цӕмӕй Джейди ӕмбурдмӕ фӕххудтайдӕ?

  • Библи ка ахур кӕнуй, е ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуй, уӕд цӕмӕн фӕццийнӕ кӕнӕн?

  • «Хуцау уӕ хӕццӕ ’й»

    Джейд фиццаг хатт ӕмбурдмӕ ку ’рбацудӕй, уӕд цӕбӕл расагъӕс кодта?