26 феврали – 3 мартъий
ПСАЛОМТӔ 11–15
139 зар ӕма кувд | Раздзурд (1 мин.)
1. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнисӕ, фуддзийнадӕ кӕми нӕбал уодзӕй, еци дуйней куд цӕрдзӕнӕ
(10 мин.)
Абони дуйне фуддзийнадӕй идзаг ӕй, уомӕн ӕма адӕн закъон нецӕмӕ дарунцӕ (Пс 11:2, 3; w06-U 15/5 18 ф., 3 абз.).
Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ фуддзийнадӕн тагъд кӕрон ке искӕндзӕй (Пс 11:5; wp16.4-U 11).
Йеговӕ нӕ ке фӕййервӕзун кӕндзӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин нӕуӕг дуйнемӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун ӕнцондӕр уодзӕй (Пс 13:5, 6; w17.08 6 ф., 15 абз.).
УНАФФӔ. Бакӕсӕ Йезекил 34:25 ӕма дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цума дин тӕссаг кӕми нецӕмӕйбал ӕй, еци нӕуӕг дуйней дӕ (kr-U 236 ф., 16 абз.).
2. Цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай
(10 мин.)
-
Пс 14:1. Аци стихи ци зундахасти туххӕй дзурд цӕуй, уомӕй киристӕнттӕн дӕр тӕссаг цӕмӕн ӕй? (w13-U 15/9 19 ф., 12 абз.).
-
Аци къуӕре Библийӕй ци сӕртӕ кастан, уонӕми цӕхуӕн хӕзнатӕ иссирдтай?
3. Библи кӕсӕн
(4 мин.) Пс 13:1–14:7 (th 2 урок)
4. Дзубанди ку райдайай
(2 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС, ФАДУАТ ДИН ФӔЗЗИНДТӔЙ, УОТЕМӔЙ. Адӕймагӕн зӕгъӕ, Имисӕн изӕрмӕ ’й ке хонис (lmd 5 урок, 3 пункт).
5. Дзубанди ку райдайай
(1 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Адӕймагӕн зӕгъӕ, Имисӕн изӕрмӕ ’й ке хонис (lmd 3 урок, 4 пункт).
6. Дзубанди ку райдайай
(3 мин.) ИГЪОСУН КӔНИС ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРӔМӔ. Адӕймагӕн Имисӕн изӕрмӕ хунди гӕгъӕди равардтай, ӕма ’й фулдӕр базонун бафӕндадтӕй (lmd 7 урок, 4 пункт).
7. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй
(5 мин.) lff-U 13 урокки рамкитӕ «Главная мысль», «Повторение» ӕма «Мои цели». Рамки «Дополнительно» ци статьятӕ ес, уонӕй ескӕций фӕрци адӕймагӕн балӕдӕрун кӕнӕ, Хуцау мӕнгӕ динтӕмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, уой (th 12 урок).
8 зар
8. «Зунд тохӕндзаумӕуттӕй хуӕздӕр ӕй»
(10 мин.) Радзубанди фарстатӕ ӕма дзуӕппити хӕццӕ.
Абони ’й уинӕн, фудгъуддӕгтӕ фулдӕрӕй-фулдӕр ке кӕнунцӕ. Кадӕртӕ ни уой сӕхебӕл бавзурстонцӕ. Йеговӕ ’й зонуй, уой туххӕй тухсгӕ ке кӕнӕн ӕма нӕ ке фӕндуй, цӕмӕй нин тӕссаг мацӕмӕй уа. Ӕма нин Библий фӕрци ӕнхус кӕнуй, ӕма нӕ уотемӕй гъӕуай кӕнуй (Пс 12:5–7).
Библий ес берӕ зундгин унаффитӕ. Екклесиасти 9:18 куд финст ӕй, уотемӕй «зунд тохӕндзаумӕуттӕй хуӕздӕр [ке] ӕй». Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕхе фудгъуддӕгтӕй багъӕуай кӕнӕн? Мӕнӕ цалдӕр унаффи:
-
Ек 4:9, 10. Тӕссаг дин кӕми уодзӕй, уӕхӕн рауӕнтӕмӕ еунӕгӕй ма цо ӕма дӕхе тӕссаг уавӕртӕй гъӕуай кӕнӕ.
-
Ӕм 22:3. Берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕнти уӕлдай лӕмбунӕг уо, дӕ алливарс цитӕ цӕуй, уомӕ.
-
Ӕм 26:17. Еске ку хилӕ кӕна, уӕд дӕхе еуварс дарӕ.
-
Ӕм 17:14. Ку уинай, гъуддаг хӕлхъоймӕ ке цӕуй, уӕд еци рауӕнӕй рандӕ уо. Хецауӕдти нихмӕ дзорунмӕ ка ӕмбурд кӕнуй, уӕхӕн адӕни къуарӕй дӕхе идард дарӕ.
-
Лк 12:15. Дӕ мулк багъӕуай кӕнуни туххӕй дӕ цард тӕссаг уавӕри макӕд гӕлдзӕ.
Бавдесӕ ВИДЕОРОЛИК «Берите пример с тех, у кого была вера: с Еноха, а не с Ламеха». Уой фӕсте игъосгути бафӕрсӕ:
Енохи цӕветтон ӕнсувӕрӕн куд банхус кодта раст унаффӕ рахӕссунмӕ? (Дзт 11:5)
Цӕхуӕндӕр уавӕрти киристони фӕгъгъӕуй унаффӕ рахӕссун, цӕмӕй ӕ цард дӕр ӕма ӕ есбон дӕр багъӕуай кӕна. Фал киристон ӕхе кенӕ ӕ есбон багъӕуай кӕнуни туххӕй ести ку фӕндӕ кӕна, уӕд гъӕуама алцӕбӕлдӕр лӕмбунӕг расагъӕс кӕна, цӕмӕй тогниккалди ма фӕффудгин уа (Пс 51:14). (Кӕсӕ 2017 анзи июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги», рубрикӕ «Кӕсгути фарстатӕ»).
9. Адӕни Имисӕн изӕрмӕ хонун райдайдзиан сабати, 2 мартъий
(5 мин.) Хестӕр нӕлгоймаги радзубанди. Радзорӕ, зеуи рӕстӕг ӕмбурд куд архӕйдзӕй, уой. Игъосгутӕн зӕгъӕ, мартъий ӕма апрели сӕ бон ке уодзӕй ӕнхусгӕнӕг пионертӕй лӕггадӕ кӕнун 15 сахатти.
10. Библий ахур ӕмбурди хӕццӕ
(30 мин.) bt-U 6 сӕр, 9–17 абз.