Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ХУЦАУИ ДЗУРДИ ХӔЗНАТӔ | ИСАЙ 38–42

Йеговӕ фӕллад адӕймагӕн хъаурӕ дӕттуй

Йеговӕ фӕллад адӕймагӕн хъаурӕ дӕттуй

40:29–31

  • Зӕнхӕй уӕлӕмӕ ци гъар уӕлдӕф фӕццӕуй, уой фӕрци цӕргӕси бон ӕй сахатгай тӕхун. Еци гъар уӕлдӕфмӕ ӕ базуртӕ рахӕлеу кӕнуй ӕма ’й еци уӕлдӕф уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр есун райдайуй. Цӕй уӕнгӕ ’й гъӕуй, уой уӕнгӕ ку истӕхуй, уӕд сабургай иннӕ гъар уӕлдӕфмӕ бацӕуй ӕма уотӕ идарддӕр.

  • Цӕргӕс уойбӕрцӕ тӕхгӕй фӕллайгӕ ке нӕ кӕнуй, е хуарз ӕвдесуй, Хуцау нин ци хъаурӕ дӕттуй, уой фӕрци ин нӕ бон ке ӕй, идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун.