Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

НӔ КИРИСТОН ЦАРД

Еузӕрдон ка нӕй, уони ма фӕнзӕ

Еузӕрдон ка нӕй, уони ма фӕнзӕ

Корей, Дафан ӕма Авирон Йегови разамунди нихмӕ рацудӕнцӕ, ӕма уӕд рабӕрӕг ӕй, еузӕрдон ибӕл ке н’ адтӕнцӕ. Уой туххӕй сӕ Йеговӕ фесафта, удта сӕ фарс ка ислӕудтӕй, уони дӕр (Нм 16:26, 27, 31–33). Мах еузӕрдондзийнадӕ ба цӕхуӕн уавӕрти ӕрцӕуй фӕлвӕрд? Библийӕй нин цӕхуӕн цӕветтонтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нӕхе рӕдуд къахдзӕфӕй багъӕуай кӕнӕн?

БАКӔСӔ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИУЗӔРДИОН ЧИ НӔ РАЗЫНД, УЫДОНЫ МА ФӔЗМУТ» ӔМА АЦИ ФАРСТАТӔБӔЛ ДЗУӔППИТӔ РАТТӔ:

  • Ӕригон хуӕрӕн фӕлварӕн ци иссӕй, ӕма ин ке хабар банхус кодта?

  • Ка рамӕстгун ӕй, еци ӕнсувӕрӕн фӕлварӕн ци иссӕй, ӕма ин ке хабар банхус кодта?

  • Терренсӕн фӕлварӕн ци иссӕй, ӕма ин ке хабар банхус кодта?

  • Ӕнсувӕрӕн скъолай фӕлварӕн ци иссӕй, ӕма ин ке хабар банхус кодта?