Йегови Ӕвдесӕнтӕ иннӕ динти нихмӕ нӕ ’нцӕ?
Библи куд амонуй, уомӕ гӕсгӕ мах «алкӕмӕн дӕр кадӕ кӕнӕн» – уӕлдай нӕй, адӕймаг цӕхуӕн динбӕл хуӕст ӕй, е (1 Петури 2:17). Зӕгъӕн, еуӕй-еу бӕстити Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕнцӕ цалдӕр сӕдӕ мини. Фал уӕддӕр политикти, кенӕ закъонӕвӕргути иннӕ динти нихмӕ некӕд фӕййардауӕн. Удта нӕ фӕййархайӕн, цӕмӕй хецауадӕн уӕхӕн закъон рауадзун кӕнӕн, ӕма адӕм еугурӕй дӕр нӕ дини ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ цӕронцӕ. Мах иннӕ динти нихмӕ нӕ ан ӕма си боз фӕууӕн, етӕ дӕр нӕ нихмӕ ку нӕ фӕййархайунцӕ, уӕд (Матфейи 7:12).