«Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац» раст тӕлмац ӕй?
«Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-ӕн ӕ фиццаг хай (англисаг ӕвзагбӕл) рацудӕй 1950-аг анзи. Уӕдӕй нурмӕ еуӕй-еуетӕ дузӕрдуг кӕнунцӕ, «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» a, раст тӕлмац ке ӕй, уобӕл, уомӕн ӕма си кӕцидӕр скъуддзӕгтӕ ӕндӕр тӕлмацти куд финст ӕнцӕ, уотӕ нӕ ’нцӕ. Уотӕ цӕмӕн ӕй, уой туххӕй финст ӕй дӕлдӕр.
Раст тӕлмац ӕй. «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-бӕл архайгӕй тӕлмацгӕнгутӕ кастӕнцӕ тӕккӕ зӕронддӕр ӕма растдӕр къохфинститӕмӕ, удта ахургӕндти фӕстаг куститӕмӕ дӕр. Зӕгъӕн, ӕндӕр тӕлмац, английсаг ӕвзагбӕл – «Паддзах Якови Библи» (1611 анз), ци къохфинститӕмӕ гӕсгӕ тӕлмацгонд ӕрцудӕй, еци къохфинститӕ уотӕ зӕронд, удта ӕнхӕст раст дӕр н’ адтӕнцӕ.
Фиццаг къохфинститӕмӕ гӕсгӕ финст ӕй. «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и комитет хъӕбӕр архайдта, цӕмӕй рагидзаманти адӕн Хуцауи хъаури фӕрци ци дзурдтӕ ниффинстонцӕ, уони раст ратӕлмац кодтайуонцӕ (2 Тимофеймӕ 3:16). Фал ӕндӕр тӕлмацгӕнгутӕй ба беретӕ Хуцауи раст дзурдтӕ адӕни ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ раййивтонцӕ. Зӕгъӕн, Хуцауи ном, Йеговӕ, раййивтонцӕ дзурдтӕй Хецау кенӕ Хуцау.
Комкоммӕ тӕлмац ӕй. Библий иннӕ тӕлмацтӕй уӕлдай, «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» комкоммӕ тӕлмацгонд ӕрцудӕй. «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-бӕл ку кустонцӕ, уӕд си алли дзурд дӕр тӕлмац кодтонцӕ. Комкоммӕ ’й нӕ тӕлмац кодтонцӕ ӕрмӕстдӕр ходӕг ку рауадайдӕ кенӕ ӕ гъуди ӕнхӕст лӕдӕрд ку н’ адтайдӕ, уӕд. Радзурди хузӕн ке ратӕлмац кӕнунцӕ, еци Библитӕбӕл ӕфтуд ӕрцӕуй адӕни ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ цидӕр гъудитӕ, кӕцидӕр ӕхсидзгӕ гъудитӕ ба си ӕппундӕр нӕ ниффинсунцӕ.
«Нӕуӕг дуйней тӕлмац» иннӕ тӕлмацтӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?
Кӕцидӕр киунугутӕ си нӕййес. Еуӕй-еу православон ӕма католикон Библитӕмӕ хаст ӕрцудӕнцӕ, апокрифтӕ ке хонунцӕ, еци киунугутӕ. Фал еци киунугутӕ дзиуиттаг канонмӕ нӕ хауттӕнцӕ, кӕд ӕма Библий финст ӕй: «Хуцау ӕ дзурдтӕ уонӕбӕл [дзиуиттӕгтӕбӕл] бафӕдзахста» (Ромӕгтӕмӕ 3:1, 2). Уомӕ гӕсгӕ раст ӕй, «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и ӕма берӕ ӕндӕр тӕлмацти дӕр апокрифтӕ ке нӕййес, е.
Кӕцидӕр стихтӕ си нӕййес. Еуӕй-еу тӕлмацти бафтудтонцӕ, фиццаг къохфинстити финст ка н’ адтӕй, уӕхӕн стихтӕ ӕма дзурдбӕститӕ. Фал «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и ба ӕфтуд неци ес. Библий берӕ тӕлмацти еци стихтӕ ӕма дзурдбӕститӕ кенӕ финст дӕр не ’рцудӕнцӕ, кенӕ ба си феппайуйнаг фӕууй, бӕлвурдӕй бӕрӕг нӕй, зӕгъгӕ b.
Алци си комкоммӕ тӕлмацгонд не ’рцудӕй. Кӕцидӕр скъуддзӕгтӕ комкоммӕ ку тӕлмац кӕнай, уӕд зинлӕдӕрӕн ӕнцӕ, кенӕ ба сӕ раст нӕ балӕдӕрдзӕнӕ. Зӕгъӕн, Матфеййи 5:3 стихи Киристей дзурдтӕ арӕх уотӕ ратӕлмац кӕнунцӕ: «Амондгун ӕнцӕ уодӕй мӕгуртӕ» (Синодалон тӕлмац [урус.]). Беретӕ нӕ фӕллӕдӕрунцӕ комкоммӕ ке ратӕлмац кодтонцӕ, еци дзурдбаст «уодӕй мӕгуртӕ», зӕгъгӕ. Кӕмӕдӕрти ба уотӕ фӕккӕсуй, ӕма Киристе сӕрниллӕгдзийнади кенӕ мӕгурдзийнади кой кодта. Фал Йесой уой зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма адӕймаг ӕцӕг амондгун уодзӕй, Хуцауи разамунд ӕй ке гъӕуй, уой ку лӕдӕра, уӕд. «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и еци гъуди хуарз тӕлмацгонд ӕрцудӕй: «Ӕнӕ Хуцауӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой ка лӕдӕруй» (Матфеййи 5:3 [ирон]).
Ахургонд адӕн Нӕуӕг дуйней тӕлмаци туххӕй ци дзорунцӕ?
1950 анзи 8 декабри еу зундгонд ахургонд ӕма Библи тӕлмацгӕнӕг, Эдгар Гудспид, ӕ финстӕги ниффинста англисаг ӕвзагбӕл уагъд «Киристон Грекъаг Финститӕ – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и туххӕй: «Ӕгас дуйнебӕл ци куст кӕнтӕ, уой зонун, удта мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй уӕ тӕлмац ӕнцонкӕсӕн, ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма зӕрдӕмӕ гъарагӕ ке ӕй. Мӕ бон ӕй зӕгъун хъӕбӕр лӕмбунӕг ибӕл ке байархайдтайтӕ».
Профессор Аллен Уикгерн, Чикагой университетӕй загъта, зӕгъгӕ, «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» иннӕ тӕлмацтӕй не ’скодтонцӕ, е си ӕндӕрхузи рӕсугъд дзурдбӕститӕ (The Interpreter’s Bible, 1-аг том, 99 фарс).
Библиӕртасӕг ахургонд Александр Томсон «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и туххӕй ӕ гъудитӕ ку финста, уӕд загъта: «Бӕрӕг ӕй, аци тӕлмацбӕл, ӕ куст хуарз ка зонуй, уӕхӕн дӕсни филологтӕ ке архайдтонцӕ. Сӕ нисан адтӕй, цӕмӕй ӕй грекъаг ӕвзагӕй англисаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтайуонцӕ, се ’взаг син цӕйбӕрцӕбӕл амудта, уойбӕрцӕбӕл (The Differentiator, апрель 1952 анзи, 52 фарс).
Финсӕг Чарлз Франсис Поттер, ӕхемӕ куд фӕккастӕй, уомӕ гӕсгӕ си цидӕр ӕнахур дзурдбӕститӕ фӕууидта, фал уӕддӕр загъта: «Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, тӕлмацгӕнгутӕ, грекъаг ӕма дзиуиттаг ӕвзӕгтӕбӕл къохфинститӕ ратӕлмац кодтонцӕ, куд хуӕздӕр адтӕй уотӕ, раст цума ахургонд адӕн ӕнцӕ, ӕма зонунцӕ, кӕми ци ӕнгъезуй ӕргъуди кӕнун, уой» (The Faiths Men Live By, 300 фарс).
Роберт Маккоййи гъудимӕ гӕсгӕ, «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» иннети хузӕн нӕй ӕма ин ес ӕхе хуарздзийнӕдтӕ. Еци ахургонд ӕ радзубандий кӕрон загъта: «Нӕуӕг Фӕдзӕхсти тӕлмацӕй бӕрӕг ӕй, еци организаций [Йегови Ӕвдесӕнтӕ] ке ес, дӕсни тӕлмацгӕнгутӕ ӕма сӕ бон ке ӕй тексти зин фӕззелӕнтӕ уотӕ ратӕлмац кӕнун, цӕмӕй раст ӕма ӕнцонлӕдӕрӕн уонцӕ (Andover Newton Quarterly, январь 1963 анзи, 31 фарс).
Профессор Самюэл Маклейн Гилмор, кӕд кӕцидӕр дзурдбӕстити хӕццӕ арази н’ адтӕй, уӕддӕр загъта, зӕгъгӕ, «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» ка кодта, етӕ грекъаг ӕвзаг хъӕбӕр хуарз лӕдӕрдтӕнцӕ (Andover Newton Quarterly, сентябрь 1966 анзи, 26 фарс).
Адьюнкт-профессор Томас Винтер «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-и туххӕй загъта: Ӕхе ка не ’ской кодта, еци тӕлмацгӕнгути комитет ӕ гъос дардта, Библи ӕртасуни гъуддаги ци нӕуӕг зонундзийнӕдтӕ райгон уидӕ, уонӕмӕ. Сӕ тӕлмац ӕй бӕлвурд. Уотӕ н’ адтӕй, ӕма еци-еу дзурдтӕ еу рауӕн еу хузи ратӕлмац кодтонцӕ, иннӕ рауӕн ба иннӕ хузи (The Classical Journal, апрель–май 1974 анзи, 376 фарс).
1989 анзи дзиуиттаг ахургонд, профессор Беньямин Кедар-Копстейн, загъта: «Дзиуиттаг Библи ӕма ӕ аллихузи тӕлмацтӕ куд финст ӕнцӕ, уой ку ’ртастон, уӕд арӕх ме ’ргом раздахинӕ англисаг ӕвзагбӕл уагъд ка ӕй, ӕма „Нӕуӕг дуйней тӕлмац“ ке хонунцӕ, еци Библимӕ. Цал хатти имӕ кастӕн, уал хатти ’й фӕууининӕ, еци тӕлмацбӕл зӕрдиагӕй ке архайдтонцӕ, цӕмӕй фиццаг къохфинстити ци гъудитӕ адтӕй, уони раст ратӕлмац кодтайуонцӕ».
Динӕртасгути профессор, Джейсон Бедун, лӕмбунӕг ӕркастӕй англисаг ӕвзагбӕл уагъд тӕлмацтӕй фарастемӕ, ӕма ӕ гъуди ниффинста: «Еци тӕлмацтӕй тӕккӕ бӕлвурддӕр тӕлмац ӕй Нӕуӕг Дуйней тӕлмац». Библиӕртасгутӕй, удта ӕнӕуой адӕнӕй дӕр беретӕ кӕд уотӕ гъуди кӕнунцӕ, зӕгъгӕ, «Нӕуӕг дуйней тӕлмац» иннӕ тӕлмацтӕй уомӕй хецӕн кӕнуй, ӕма ӕй ӕ тӕлмацгӕнгутӕ сӕхе дини ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ раййивтонцӕ, уӕддӕр Бедун ба зӕгъуй: «Нӕуӕг Дуйней тӕлмац иннӕ тӕлмацтӕй фиццагидӕр уомӕн хецӕн кӕнуй, ӕма Нӕуӕг фӕдзӕхст ка финста, етӕ ци дзурдбӕститӕй пайда кодтонцӕ, етӕ си комкоммӕ ӕма хъӕбӕр арӕхстгунӕй тӕлмацгонд ӕрцудӕнцӕ» (Truth in Translation, 163, 165 фӕрстӕ).
a Дзурд цӕуй, 2013-аг анзи размӕ ӕнглисаг ӕвзагбӕл ци «Нӕуӕг дуйней тӕлмац»-тӕ уагъд ӕрцудӕй, уони туххӕй
b Зӕгъӕн, Синодалон тӕлмаци ӕфтуд ӕнцӕ стихтӕ Матфеййи 17:21; 18:11; 23:14; Марки 7:16; 9:44, 46; 11:26; 15:28; Лукай 17:36; 23:17; Иоанни 5:4; Гъуддӕгтӕ 8:37; 15:34; 24:7; 28:29; ӕма Ромӕгтӕмӕ 16:24. Уомӕй уӕлдай ма си 1 Иоанни 5:7, 8 стихти дзурд цӕуй Троици ахурадӕбӕл, фал си еци стихтӕ бафтудтонцӕ, Библи финст ку фӕцӕй, уомӕй сӕдӕгай ӕнзтӕ фӕстӕдӕр.