Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цы хъуамӕ зонон тыхмийы тыххӕй? 2 хай. Зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ ис сдзӕбӕх кӕнӕн

Цы хъуамӕ зонон тыхмийы тыххӕй? 2 хай. Зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ ис сдзӕбӕх кӕнӕн

 Дӕхи ма хӕр

 Тыхми кӕмӕн бакӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ сӕхимӕ зӕххӕй сисыны аккаг дӕр нал фӕкӕсынц. Афтӕ дӕр сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ сӕхӕдӕг уыдысты аххосджын. Кареныл ныртӕккӕ цӕуы 19 азы, 6 азӕй 13 азы онг иу чидӕр йемӕ кодта хӕлд митӕ. Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕппӕтӕй бӕллӕхдӕр дзы уый у, ӕмӕ уыцы хабар мӕ бон нӕу мӕхицӕн ныххатыр кӕнын. Фӕхъуыды кӕнын: „Уыйбӕрц рӕстӕг ӕй мӕхицӕй хынджылӕг кӕнын куыд уагътон?“»

 Кӕд дӕ уавӕрмӕ ды дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсыс, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, дӕлдӕр цы хъуыдытӕ ис, уыдоныл:

  •   Сывӕллӕттӕ искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынмӕ зондӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр цӕттӕ нӕ вӕййынц, стӕй уымӕ цӕттӕ нӕ вӕййы сӕ буар дӕр. Цы у, уымӕн дӕр ницы фембарынц ӕмӕ уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн куыд ис, ӕмӕ йӕхи фӕндыд, зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сывӕллонимӕ чъизи митӕ кӕй кодтой, уый йӕ аххос нӕу.

  •   Сывӕллӕттӕ сты ӕнӕхин, хистӕртыл тынг феууӕндынц, ӕмӕ хӕлд адӕймӕгты митӕм сӕ зӕрдӕ ницӕмӕй фехсайы, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ тынг ӕнцон у фӕрӕдийын кӕнын. Иу чиныджы фыст ис: «Сывӕллӕттимӕ хӕлд митӕ чи фӕкӕны, уыдон тынг хин ӕмӕ кӕлӕн вӕййынц, ӕмӕ сывӕллонӕн сӕ ныхмӕ фӕлӕууын йӕ бон ницы хуызы у» (The Right to Innocence).

  •   Сывӕллонимӕ хӕлд митӕ куы фӕкӕнынц, уӕд, чи зоны, йӕ буары монцтӕ сцырен уой. Кӕд афтӕ уыди дӕ хабар дӕр, уӕд ӕй зон: адӕймаджы буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм исчи барӕй куы ’внала, уӕд, фӕнда йӕ, ма йӕ фӕнда, уӕддӕр сцырен вӕййынц. Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ демӕ хӕлд митӕ кӕй кодта, ууыл разы уыдтӕ кӕнӕ уый дӕу аххос уыди.

 Уынаффӕ. Ахъуыды кӕн, уӕд цы кары уыдтӕ, ныртӕккӕ уыцы кары чи ис, ахӕм сывӕллоныл. Ӕмӕ дӕхи бафӕрс: «Зӕгъгӕ йӕ базыдтон, ӕмӕ ацы сывӕллонимӕ исчи хӕлд митӕ кодта, уӕд афтӕ зӕгъин, ӕмӕ йӕхи аххос уыди?»

 Иуафон Карен касти ӕртӕ сывӕллонмӕ, ӕмӕ уӕд ацы хабар хуыздӕр бамбӕрста. Уыцы сывӕллӕттӕй сӕ иу уыди ӕхсӕзаздзыд – Карен дӕр уый карӕн уыди, йемӕ хӕлд митӕ кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Уӕд ӕй бамбӕрстон, сывӕллон куыд ӕнӕбон ӕмӕ куыд ӕнцонфӕсайӕн у. Уыцы кары ӕз дӕр афтӕ ӕнӕбон уыдтӕн».

 Ӕцӕгӕй та куыд у. Аххосджын у, демӕ хӕлд митӕ чи кодта, уый. Библийы фыст ис: «Фыдгӕнӕгӕн... йӕ фыддзинад уыдзӕн йӕхиуыл» (Йезекил 18:20).

 Цы дыл ӕрцыд, уый тыххӕй искӕмӕн радзур

 Ахӕм хабар дыл кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй хистӕртӕй искӕмӕн, кӕуыл ӕууӕндыс, ахӕм адӕймагӕн, куы радзурай, уӕд дын фенцондӕр уыдзӕн. Библийы фыст ис: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

 Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы хабар кӕй никӕмӕн дзурыс, уый фӕрцы дӕхи хъахъхъӕныс. Афтӕмӕй дӕ алыварс цы къул самадтай, уый дӕ, чи зоны, уӕлдай мастӕй хъахъхъӕны. Фӕлӕ, мыййаг, афтӕ дӕр нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уыцы къул иннӕты къуылымпы кӕндзӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕной?

Дӕ алыварс цы къул самадтай, уый дӕ, чи зоны, уӕлдай мастӕй хъахъхъӕны. Фӕлӕ, мыййаг, афтӕ дӕр нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уыцы къул иннӕты къуылымпы кӕндзӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕной?

 Ӕрыгон сылгоймаг Джанетӕн бирӕ фенцондӕр, цы хабар ыл ӕрцыд, уый тыххӕй куы радзырдта, уӕд. «Гыццылӕй мемӕ хӕлд митӕ кодта, кӕй зыдтон ӕмӕ кӕуыл ӕууӕндыдтӕн, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ йӕ цалдӕр азы дӕргъы мӕ бон никӕмӕн уыд схъӕр кӕнын,– загъта Джанет. – Фӕлӕ йӕ мӕ мадӕн куы сфӕрӕзтон радзурын, уӕд цыма ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд, афтӕ ӕнцон мын фӕци».

 Ныр Джанет ӕмбары, адӕймаг ахӕм хабар йӕхимидӕг ӕмбӕхстӕй цӕмӕн фӕдары, уый. Афтӕ загъта: «Ахӕм хабӕрттыл ныхас кӕнын мардӕрцыдӕй уӕлдай нӕу. Фӕлӕ уыцы маст дӕ зӕрдӕйы хӕссай, уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Бӕргӕ раздӕр дӕр ӕй куы радзырдтаин».

 «Рӕстӕг дзӕбӕх кӕнынӕн»

 Уыцы хабар дын дӕ зӕрдӕйы, чи зоны, стыр хъӕдгӕмттӕ скодта. Чи зоны, хъуыды кӕныс, фенамонд дӕн, мӕ цард ницыуал у, иннӕтӕ мыл сӕ чъизи къӕхтӕ сӕрфой, ӕндӕр ницӕмӕнуал бӕззын. Уыцы хъуыдытӕй иу дӕр раст нӕу, ӕмӕ сӕ хъӕуы дӕ сӕрӕй фӕсурын. Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, цӕмӕй дӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ «сдзӕбӕх кӕнай» (Екклесиаст 3:3). Цы дын баххуыс кӕндзӕн?

 Библи ахуыр кӕн. Библийы фыст ис Хуыцауы хъуыдытӕ. Ӕмӕ Хуыцауы хъуыдыты та ис стыр тых – «уыдонӕй ис фидӕрттӕ басӕттӕн», зӕгъӕм, дӕхи тыххӕй дӕм цы рӕдыд хъуыдытӕ ис, уыдон (2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5). Хорз уаид, Библийӕ ацы стихтӕ куы бакӕсис ӕмӕ сыл куы ахъуыды кӕнис: Исай 41:10; Йереми 31:3; Малахи 3:16, 17; Лукайы 12:6, 7; 1 Иоанны 3:19, 20.

 Хуыцаумӕ кув. Цы дыл ӕрцыд, уый тыххӕй дӕхимӕ зӕххӕй сисинаг дӕр куы нал фӕкӕсыс ӕмӕ дӕхи куы фӕхӕрыс, уӕд-иу скув ӕмӕ-иу «дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр» (Псалом 55:22). Дӕ зӕрдыл дар: иунӕг нӕ дӕ, Йегъовӕ алкӕддӕр ис дӕ фарсмӕ!

 Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыцы нӕлгоймӕгты Хуыцау ахуыр кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн» (Исай 32:2). Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсай ӕмӕ дарддӕр дӕ цард аразай.

 Хорз ӕмбӕлттӕ. Дӕ хъус дар, чырыстон куыд хъуамӕ цӕра, ӕцӕгдӕр афтӕ чи цӕры, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕм. Кӕс-иу, кӕрӕдзийӕн куыд сты, уымӕ. Ӕмӕ гыццылгай бамбардзынӕ, адӕмы иууылдӕр иу барӕнӕй барын кӕй нӕ хъӕуы: се ’ппӕт, афтӕ кӕмӕй дзурынц, уарзын ӕй, уымӕн тыхми нӕ бакӕнынц.

 Ӕрыгон сылгоймаг Таняйӕн ӕнцон нӕу ацы хабармӕ раст цӕстӕй кӕсын. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дзы цалдӕр нӕлгоймаджы хынджылӕг кодтой. Таня загъта: «Иу адӕймаг мын уыди уӕлдай зынаргъ, ӕмӕ мын уый дӕр ме ’ууӕнк фӕсайдта». Фӕлӕ рӕстӕг цыди, ӕмӕ Таня бамбӕрста, уӕддӕр кӕй ис, ӕцӕгӕй уарзын чи зоны, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ. Цымӕ уый цӕй фӕрцы бамбӕрста?

 Йӕ рӕстӕг арӕх ӕрвыста, чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, ӕцӕгдӕр афтӕ чи цӕры, иу ахӕм бинонтимӕ, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ хъуыды аивта. Таня загъта: «Уыцы лӕг йӕ бинойнагӕн куыд у, уымӕ кӕсгӕйӕ бамбӕрстон, нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт ахӕм хиуарзон кӕй не сты. Уыцы нӕлгоймаг йӕ бинойнаджы алцӕмӕй дӕр хъахъхъӕнгӕ кодта, Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ уа, раст афтӕ» a (Ефесӕгтӕм 5:28, 29).

a Кӕд дӕ депресси уӕгъд нӕ уадзы, фырмӕтӕй дӕ ахсӕны хӕринаг нӕ тайы, дӕхи ныллыгтӕ кӕныс, нозт йе та наркотиктӕм ӕмхиц дӕ, ӕвзӕр фынӕй кӕныс кӕнӕ дӕм дӕхи амарыны хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд дӕ хъӕуы хорз дохтыры ӕххуыс бацагурын.