Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ӔХХУЫС БИНОНТӔН | ЦАРДӔМБӔЛТТӔ

Дӕ цардӕмбалы дӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ цӕуа, уӕд цы ис аразӕн?

Дӕ цардӕмбалы дӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ цӕуа, уӕд цы ис аразӕн?
  •   Ды нӕ уарзыс дӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын, дӕ цардӕмбал та уарзы алцыдӕр пълан кӕнын.

  •   Ды дӕ сабыр ӕмӕ бирӕ дзурын нӕ уарзыс, дӕ цардӕмбал та у дзураг ӕмӕ уарзы йӕ рӕстӕг иннӕтимӕ ӕрвитын.

 Мыййаг, дӕ цардӕмбалы цыдӕр дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы? Ӕдзух ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд уый уӕ бинонты цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзӕн. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, рӕдыдыл чи фӕдзуры, уый «хорз ӕмбӕлтты кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 17:9).

 Цӕмӕй дӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарат, уый тыххӕй-иу хъуыды кӕн, цы миниуӕджы тыххӕй йӕм мӕсты кӕныс, уый хорз цӕмӕй у, ууыл.

Ацы статьяйы

 Дӕ цардӕмбалы дӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ цӕуа, уӕд дӕ бон цы у аразын?

 Дӕ цардӕмбалмӕ цӕй тыххӕй фӕмӕсты кӕныс, уый, гӕнӕн ис, баст у, дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуӕгимӕ. Ӕркӕсӕм ӕртӕ цӕвиттонмӕ.

 «Мӕ сӕрыхицау тынг уӕзбын у ӕмӕ тагъд никуы фӕкӕны. Фӕлӕ уый фӕрцы фӕразон у, уӕлдайдӕр та мемӕ. Уӕзбын кӕй у, уый тыххӕй йӕм хатт мӕсты фӕкӕнын. Фӕлӕ уый у, кӕй тыххӕй йӕ уарзын, уыцы миниуджытӕй иу» (Челси).

 «Мӕ бинойнаг алцыдӕр пълан фӕкӕны. Хъуамӕ алцыдӕр, куыд спълан кодта, афтӕ уа. Уый тыххӕй йӕм смӕсты вӕййын. Иннӕмӕй та, алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг кӕй спълан кӕны, уый фӕрцы йын рохуаты ницы баззайы» (Кристофер).

 «Иуӕй-иу хатт мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма мӕ сӕрыхицау алцӕмӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй фӕмӕсты кӕнын. Фӕлӕ куы базонгӕ стӕм, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, кӕй никуы фӕтыхсы, уый тыххӕй. Цыфӕнды зын уавӕры дӕр уыцы сабыр вӕййы» (Даньеллӕ).

 Челси, Кристофер ӕмӕ Даньеллӕйы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ дӕ цардӕмбалы уыцы иу миниуӕджы тыххӕй уарзгӕ дӕр кӕнай ӕмӕ-иу ӕм мӕсты дӕр суай. Уый тыххӕй хъуамӕ архайай, цӕмӕй мацӕмӕ дарай, йӕ миниуӕг дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй нӕ цӕуы, уый.

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕцыдӕр миниуджытӕ хорз схонӕн нӕй. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, иуӕй-иутӕ сӕ маст кӕй нӕ уромынц (Ӕмбисӕндтӕ 29:22). Ахӕм адӕймаг хъуамӕ архайа, цӕмӕй «ныууадза алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас» (Ефесӕгтӕм 4:31) a.

 Фӕлӕ дӕ цардӕмбалмӕ гыццыл цӕйдӕр тыххӕй куы мӕсты кӕнай, уӕд хорз уаид Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут» (Колоссӕгтӕм 3:13).

 Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуыды кӕн, дӕ зӕрдӕмӕ цы миниуӕг нӕ цӕуы, уый хорз цӕмӕй у, ууыл. Чи зоны, райдианы дӕ цардӕмбал уый тыххӕй фӕцыд дӕ зӕрдӕмӕ. Иу нӕлгоймаг, Джозеф, загъта: «Адӕймаджы дӕ зӕрдӕмӕ цы миниуӕг нӕ цӕуы, уымӕ куы ныккомкоммӕ уай, уӕд уый абарӕн ис, бриллиантӕн ӕрмӕст йӕ цыргъ тигътӕм куыд кӕсай ӕмӕ йын йӕ рӕсугъддзинад куыд нӕ уынай, уыимӕ».

 Цавӕр фарстатыл ис иумӕ аныхас кӕнӕн

 Ацы фарстатыл хицӕнтӕй ахъуыды кӕнут ӕмӕ сыл стӕй иумӕ аныхас кӕнут.

  •   Мыййаг, дӕ цардӕмбалмӕ ис, кӕрӕдзи кӕй тыххӕй нӕ фембарут, ахӕм миниуӕг? Кӕд о, уӕд цавӕр?

  •   Уыцы миниуӕг ӕцӕгӕй у ӕвзӕр у ӕви дӕуӕн нӕ цӕуы дӕ зӕрдӕмӕ?

  •   Уыцы миниуӕг истӕмӕй хорз у? Дӕ цардӕмбалмӕ уыцы миниуӕг кӕй ис, уый хорз цӕмӕй у?