Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

E+/taseffski/via Getty Images (Stock photo. Posed by model.)

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕ ӕмӕ психикӕимӕ баст низтӕ. Библийы цы фыст ис?

Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕ ӕмӕ психикӕимӕ баст низтӕ. Библийы цы фыст ис?

 2023 азы 13 февралы Америкӕйы Иугонд Штатты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны центр куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй бӕстӕйы хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕн сӕ 40 процентӕй фылдӕр ӕдзух вӕййынц ӕнкъард ӕмӕ ныфссаст (Centers for Disease Control and Prevention).

 Психолог Кэтлин Этиер, рӕзгӕ кары сывӕллӕтты ӕмӕ ахуырдзауты ӕнӕниздзинады хайады директор, загъта: «Психикӕимӕ баст низтӕ кӕмӕ ис, уыцы ӕрыгӕтты нымӕц фӕстаг 10 азы фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Фӕлӕ, рӕзгӕ кары чызджытӕм абон куыд арӕх фӕзыны сӕхи амарыны хъуыдытӕ ӕмӕ куыд арӕх фӕхъавынц сӕхи амарынмӕ, афтӕ никуыма уыд».

 Центры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ:

  •    Рӕзгӕ кары чызджытӕй дӕсӕй иуимӕ (14 проценты) ӕмуат ӕрцӕуынц, йӕхи нӕ фӕфӕнды, афтӕмӕй. Кэтлин Этиер загъта: «Уый нӕ мӕты ӕфтауы, уымӕн ӕмӕ, кӕй зонут, уыцы чызджытӕй иуӕн (чи зоны та фылдӕрӕн) тыхми бакодтой».

  •    Рӕзгӕ кары чызджытӕй ӕртӕйӕ иу (30 проценты) хъавыд йӕхи амарынмӕ.

  •    Рӕзгӕ кары чызджытӕй фондзӕй ӕртӕ (57 проценты) ӕдзух вӕййынц ӕнкъард кӕнӕ ныфссаст.

 Ахӕм хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ адӕймаджы зӕрдӕ фӕриссы. Адӕймаг ӕрыгон куы вӕййы, уӕд цин фӕкӕны ӕмӕ амондджын вӕййы. Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдон-иу сфӕразой? Библийы цы фыст ис?

Библийы ис хорз уынаффӕтӕ ӕрыгӕттӕн

 Библийы фыст ис, «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Фӕлӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ӕгас дунейы дӕр милуангай ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизынӕн. Дӕлдӕр ис, Библийы уынаффӕтыл дзырд кӕм цӕуы, ахӕм статьятӕ.

 Ӕххуыс, йӕхи амарыны хъуыдытӕ кӕмӕ фӕзыны, уыцы ӕрыгӕттӕн

 Ӕххуыс, депресси кӕмӕ ис, ӕнкъард чи вӕййы кӕнӕ тар хъуыдытӕ кӕмӕ вӕййы, уыцы ӕрыгӕттӕн

 Ӕххуыс, ӕнӕуи кӕнӕ телефонӕй кӕмӕй фӕхынджылӕг кӕнынц, уыцы ӕрыгӕттӕн

 Ӕххуыс, ӕнӕгъдау ми бакӕнынмӕ кӕмӕн хъавынц кӕнӕ, тыхми кӕмӕн бакодтой, уыцы ӕрыгӕттӕн

Библийы ис хорз уынаффӕтӕ ныййарджытӕн

 Библийы ма ис хорз уынаффӕтӕ ныййарджытӕн дӕр, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизынӕн. Дӕлдӕр ис, Библийы уынаффӕтыл дзырд кӕм цӕуы, ахӕм статьятӕ.