Галатӕгтӕм 4:1—31
4 Зӕгъын уын: бындар цалынмӕ саби вӕййы, уӕдмӕ цагъарӕй ӕппындӕр ницӕмӕй фӕхицӕн кӕны+, кӕд ӕппӕтӕн дӕр хицау вӕййы, уӕддӕр.
2 Йӕ фыд цы бонмӕ фӕзӕгъы, уӕдмӕ вӕййы хъомылгӕнджыты+ ӕмӕ хӕдзармӕгӕсджыты бар.
3 Афтӕ мах дӕр, сабитӕ куы уыдыстӕм, уӕд уыдыстӕм цагъартӕ, цыдыстӕм ацы дунейы зондыл+.
4 Фӕлӕ афон куы ’рцыд+, уӕд Хуыцау йӕ Фырты рарвыста+ – уый райгуырд сылгоймагӕй+ ӕмӕ уыди закъоны дӕлбар+,
5 цӕмӕй, закъоны дӕлбар чи ис+, уыдоны балхӕдтаид+ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ссӕрибар кодтаид ӕмӕ цӕмӕй махӕй Хуыцау йӕхицӕн фырттӕ скодтаид+.
6 Ӕмӕ иугӕр Хуыцауы фырттӕ стут, уӕд нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты бауагъта, йӕ Фырт цы сыгъдӕг тыхӕй у хайджын, уый+, ӕмӕ уыцы сыгъдӕг тых дзуры: «Аввӕ*, нӕ Фыд!»+
7 Гъемӕ сымах цагъартӕ нал стут, фӕлӕ фырттӕ, ӕмӕ кӕд фырттӕ стут, уӕд та Хуыцауы фӕрцы стут бындартӕ дӕр+.
8 Фӕлӕ Хуыцауы куы нӕ зыдтат+, уӕд цагъартау лӕггад кодтат, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕн*+.
9 Ныр та Хуыцауы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ, Хуыцау сымах базыдта+, ӕмӕ ма уӕд дунейы ӕнӕпайда+ ӕмӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕм+ фӕстӕмӕ куыд здӕхут? Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ та сын фӕстӕмӕ цагъартау лӕггад кӕнат?+
10 Бонтӕ+, мӕйтӕ+, афонтӕ* ӕмӕ азтӕ бӕрӕг кӕнут – иу дӕр дзы нӕ уадзут.
11 Тӕрсын, афтӕ куы рауайа, ӕмӕ сымах тыххӕй дзӕгъӕлы фӕфыдӕбон кодтон+.
12 Ӕз дӕр кӕддӕр сымах хуызӕн уыдтӕн+. Гъемӕ уын, ме ’фсымӕртӕ, лӕгъстӕ кӕнын, мӕн хуызӕн сут+. Нӕ, ӕвзӕрӕй мын ницы сарӕзтат+.
13 Сымах ӕй зонут, фыццаг хатт уын хорз хабар рынчынӕй* кӕй хъусын кодтон+.
14 Ӕмӕ уын кӕд мӕ низ фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мыл ӕнӕрвӕссон кӕнӕ былысчъилтӕ нӕ кодтат*. Фӕлӕ раст цыма Хуыцауы зӕд+, цыма Йесо Чырысти уыдтӕн, уыйау мӕ суазӕг кодтат+.
15 Ӕмӕ уӕд ныр афтӕ амондджын цӕуылнӕуал стут?+ Ӕз ӕй зонын, гӕнӕн куы уыдаид, уӕд уӕ цӕстытӕ дӕр фелвӕстаиккат ӕмӕ сӕ мӕнӕн раттаиккат+.
16 Уӕд ныр, раст цы у, уый уын кӕй дзурын+, уый тыххӕй уе знаг фестадтӕн?+
17 Уыдон зӕрдиагӕй архайынц уӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл+, фӕлӕ хорз хъуыддаджы тыххӕй нӕ – уый сӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ мӕнӕй фӕхицӕн кӕной ӕмӕ сӕ фӕдыл зӕрдиагӕй цӕуат+.
18 Бӕргӕ, уӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг хорз хъуыддаджы тыххӕй куы агуриккой+. Ӕмӕ афтӕ, ӕз уемӕ куы вӕййын, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр куы аразиккой+,
19 уӕд уый бӕргӕ хорз уаид, мӕ хъӕбултӕ+. Сымах тыххӕй та ӕз ногӕй, сылгоймаг аргӕ-арын куыд фӕтухӕн кӕны, афтӕ тухӕн кӕнын, цалынмӕ уӕ удыхъӕд Чырыстийы удыхъӕды хуызӕн не суа, уӕдмӕ+.
20 Куыд тынг мӕ фӕнды, ныртӕккӕ уӕ разы куы фестин+ ӕмӕ уемӕ фӕлмӕндӕрӕй куы аныхас кӕнин, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонын, цы ма уын бакӕнон+.
21 Закъоны дӕлбар цӕрын кӕй фӕнды, уыдон-ма мын зӕгъӕнт+: Закъон цы дзуры, уый нӕ фехъуыстат?+
22 Афтӕ фыст дзы куы ис, зӕгъгӕ, Авраамӕн уыди дыууӕ фырты: иу – лӕггадгӕнӕг-сылгоймагӕй+, иннӕ та – сӕрибар сылгоймагӕй+.
23 Лӕггадгӕнӕг-сылгоймагӕй чи райгуырд, уый райгуырд ӕрдзон ӕгъдауӕй+, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырд, уый та – Хуыцау ын зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый фӕрцы+.
24 Ацы хабӕрттӕн ис фӕсномыг хъуыды*+, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймӕгтӕ нысан кӕнынц дыууӕ бадзырды+: сӕ иу арӕзт ӕрцыд Синайы хохыл+, ӕмӕ уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ чи райгуырд, уыдон иууылдӕр сты цагъартӕ. Уыцы бадзырд у Агар.
25 Уӕдӕ Агар нысан кӕны Синай+, уыцы хох ис Аравийы, ӕмӕ Агар ӕвдисы абоны Иерусалим, уымӕн ӕмӕ Иерусалим йӕ сывӕллӕттимӕ у цагъар+.
26 Уӕларвон Иерусалим+ та у сӕрибар, ӕмӕ уый у нӕ мад+.
27 Фыст дӕр афтӕ у: «Цин кӕн, ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг, сывӕллон чи никуы ныййардта! Фырцинӕй хъӕр кӕн, арыны тухӕнтӕ чи нӕ бавзӕрста! Уымӕн ӕмӕ, йӕ лӕг кӕй ныууагъта, уыцы усӕн йӕ сывӕллӕттӕ фылдӕр сты, лӕг кӕмӕн ис, уымӕй»+.
28 Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, Исахъ зӕрдӕвӕрды фӕрцы куыд райгуырд, афтӕ мах дӕр стӕм зӕрдӕвӕрды фӕрцы гуырд сывӕллӕттӕ+.
29 Фӕлӕ уӕд куыд уыди, ома ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, уый, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи райгуырд, уыцы лӕппуйы куыд ӕфхӕрдта+, афтӕ у абон дӕр+.
30 Фӕлӕ Фыстад цы зӕгъы? «Атӕр лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы ӕмӕ йӕ фырты. Лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы фыртӕн сӕрибар сылгоймаджы фыртимӕ бынтӕй хай нӕ уыдзӕн»+.
31 Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, мах лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы сывӕллӕттӕ не стӕм+, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы сывӕллӕттӕ+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «сӕ ӕрдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕн».
^ Ома бӕрӕгбӕтты афонтӕ.
^ Комк. «рынчын кӕй уыдтӕн, уый фӕрцы».
^ Комк. «кӕнӕ тутӕ нӕ кодтат».
^ Кӕнӕ «Ацы хабӕрттӕ сты, фӕсномыг хъуыды кӕмӕн ис, ахӕм драмӕ».