Данел 11:1—45

11  Ӕз та йын сдӕн ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ фидар мӕсыг, мидиаг Дари+ фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд.  Ӕмӕ дын ныр радзурдзынӕн, ӕцӕг цы у, уый+: Персы+ паддзахады ма уыдзӕн ӕртӕ паддзахы. Цыппӕрӕм+ та ӕрӕмбырд кӕндзӕн иннӕтӕй фылдӕр хъӕздыгдзинӕдтӕ+. Ӕмӕ бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ куы ӕрӕмбырд кӕна, уӕд алкӕй дӕр Грецийы+ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн.  Ӕмӕ фӕзындзӕн хъомысджын паддзах, йӕ къухы уыдзӕн стыр бартӕ+, ӕмӕ йӕ цы фӕнда, уый кӕндзӕн+.  Тынг хъомысджын куы суа+, уӕд йӕ паддзахад ныппырх уыдзӕн ӕмӕ цыппар уӕларвон+ дымгӕйыл+ уӕрст ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ йӕ байзӕддӕгты+ нӕ бауыдзӕн. Ӕмӕ кӕй бауа, уыдонмӕ дӕр, ацы паддзахмӕ цы бартӕ уыд, ахӕм бартӕ нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ паддзахад бындзарӕй стондзысты ӕмӕ адоны нӕ, фӕлӕ ӕндӕр кӕйдӕрты бауыдзӕн.  Ӕмӕ хуссайраг паддзах, йӕ кънйӕзтӕй иу, тынг тыхджын суыдзӕн. Уый йыл фӕтых уыдзӕн ӕмӕ йын уыдзӕн уымӕй стырдӕр бартӕ.  Цалдӕр азы фӕстӕ бафидаудзысты, ӕмӕ хуссайраг паддзахы чызг цӕгатаг паддзахмӕ ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй бадзырд саразой. Фӕлӕ уыцы чызг йӕ цонджы хъаруйӕ фӕцух уыдзӕн+, ӕмӕ паддзах дӕр фидар нӕ фӕлӕудзӕн, йӕ цонджы хъару саст ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ ратдзысты чызджы, йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ чи ӕркодта, уыдоны дӕр, стӕй ма йӕ ныййарӕджы дӕр ӕмӕ, уыцы рӕстӕг хъомысджын кӕй фӕрцы уыд, уый дӕр.  Йӕ* бынат ын бацахсдзӕн, йӕ уидӕгты таутӕй+ чи у, уый. Ӕфсӕдтӕм ӕрцӕудзӕн ӕмӕ цӕгатаг паддзахы фидар мӕсыджы ныхмӕ рацӕудзӕн, семӕ схӕцдзӕн ӕмӕ сыл тых кӕндзӕн.  Сӕ хуыцӕутты+, се ’фсӕйнаг гуымирыты, ӕвзистӕй ӕмӕ сӕм сызгъӕринӕй цы зынаргъ дзауматӕ уа, уыдон рахӕсдзӕн, уацайрӕгты ракӕндзӕн ӕмӕ Египетмӕ ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ цалдӕр азы хуссайраг паддзахмӕ хӕстӕг нӕ цӕудзӕн.  Уый ӕрцӕудзӕн хуссайраг паддзахы паддзахадмӕ ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ йӕхи зӕхмӕ аздӕхдзӕн. 10  Йӕ фырттӕ та сӕхи хӕстмӕ цӕттӕ кӕндзысты ӕмӕ тынг стыр ӕфсад ӕрӕмбырд кӕндзысты. Уый рацӕудзӕн ӕмӕ размӕ бырсдзӕн, донивылдау зӕххыл агуылф кӕндзӕн. Фӕлӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн ӕмӕ хӕцдзӕн, цалынмӕ йӕ фидар мӕсыгмӕ нӕ бахӕццӕ уа, уӕдмӕ. 11  Хуссайраг паддзах смӕсты уыдзӕн, рацӕудзӕн ӕмӕ йемӕ, ома цӕгатаг паддзахимӕ, схӕцдзӕн. Дуне адӕмы ракӕндзӕн, фӕлӕ уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр уыцы паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты+ 12  ӕмӕ сӕ акӕндзысты. Йӕ зӕрдӕ схъал уыдзӕн+, ӕмӕ дӕсгай минты бабын кӕндзӕн, фӕлӕ, хъомысджын кӕй суыдзӕн, уымӕй не спайда кӕндзӕн. 13  Цӕгатаг паддзах фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр адӕм ӕрӕмбырд кӕндзӕн. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, цалдӕр азы куы рацӕуа, уӕд, ӕрцӕудзӕн стыр ӕфсадимӕ+ ӕмӕ бирӕ мулкимӕ+. 14  Уыцы рӕстӕг бирӕтӕ рацӕудзысты хуссайраг паддзахы ныхмӕ. Дӕ адӕмӕй абырджыты фырттӕ чи сты, уыдон сыстдзысты ӕмӕ архайдзысты цӕстылуайӕн сӕххӕст кӕныныл+, фӕлӕ сын ницы рауайдзӕн+. 15  Цӕгатаг паддзах рацӕудзӕн, сыджытӕй обау скӕндзӕн+ ӕмӕ бацахсдзӕн фидаргонд горӕт. Хуссары ӕфсӕдтӕн та, суанг йе ’взӕрст ӕфсадӕн дӕр, фидар фӕлӕууын сӕ бон нӕ бауыдзӕн, ныхмӕ фӕлӕууынӕн сӕм тыхтӕ нӕ уыдзӕн. 16  Йӕ ныхмӕ чи рацӕуа, уый араздзӕн, цы йӕ фӕнда, уый, ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕрлӕууын никӕй бон бауыдзӕн. Уый лӕудзӕн Рӕсугъд бӕстӕйы+ ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн бындзагъд кӕнын+. 17  Уый фидарӕй сфӕнд кӕндзӕн+ йӕ паддзахады ӕппӕт ӕфсӕдтимӕ рацӕуын. Йемӕ бадзырд арӕзт ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ уыдзӕн ӕнтыстджын+. Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй сылгоймаджы чызджы бабын кӕна. Фӕлӕ сылгоймаджы чызг фидар нӕ фӕлӕудзӕн ӕмӕ уый фарс нӕ баззайдзӕн+. 18  Уый та йе ’ргом аздахдзӕн былгӕрон зӕххытӕм+ ӕмӕ дзы бирӕтӕ бацахсдзӕн. Ӕмӕ ӕфсӕддон хицау кӕрон скӕндзӕн, ӕгады бынаты йӕ кӕй ӕвӕрдта, уымӕн, ӕмӕ ӕгады бынаты нал уыдзӕн. Ӕфсӕддон хицау ын йӕхи сӕвӕрдзӕн ӕгады бынаты. 19  Уый* йе ’ргом аздахдзӕн йӕ бӕстӕйы фидар мӕсгуытӕм, фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн, ӕмӕ йӕ аргӕ дӕр нал скӕндзысты+. 20  Йӕ бынат ын бацахсдзӕн ӕндӕр чидӕр+, кадджын паддзахадыл хъалонисӕджы+ чи арвитдзӕн, уый. Цалдӕр боны фӕстӕ та бабын уыдзӕн, фӕлӕ йӕм мӕсты кӕй систы, уый тыххӕй нӕ, стӕй хӕсты дӕр нӕ. 21  Йӕ бынат ын бацахсдзӕн, кӕуыл не ’рвӕссынц+, уый, ӕмӕ йын паддзахы кад не скӕндзысты. Уый фӕзындзӕн сабыр рӕстӕджы+ ӕмӕ паддзахад хинӕй йӕхи бакӕндзӕн+. 22  Уый басӕтдзӕн, донивылды хуызӕн чи сты, уыцы ӕфсӕдтӕ+. Уыдон бабын уыдзысты+. Бабын уыдзӕн бадзырды+ Разамонӕг+ дӕр+. 23  Йемӕ бадзырд кӕй скӕндзысты, уымӕ гӕсгӕ архайдзӕн хинӕй. Уый сыстдзӕн ӕмӕ гыццыл адӕмы фӕрцы хъомысджын суыдзӕн+. 24  Сабыр рӕстӕджы+ бацӕудзӕн дӕлбар зӕххӕн йӕ хуыздӕр хаймӕ ӕмӕ, йӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ йӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ цытӕ нӕ кодтой, уыдӕттӕ кӕндзӕн. Иннӕтӕй кӕй байста, уыцы мулк, исбон ӕмӕ фӕллӕйттӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзӕн. Фидаргонд горӕтты ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕндзӕн+, фӕлӕ уый уыдзӕн ӕрмӕст рӕстӕгмӕ. 25  Уый йӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ йе стыр ӕфсадимӕ йӕ зӕрдӕ сараздзӕн хуссайраг паддзахы ныхмӕ. Ӕмӕ хуссайраг паддзах йӕхи хӕстмӕ цӕттӕ кӕндзӕн, уыдзӕн ӕм тынг стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад. Фӕлӕ фидар фӕлӕууын нӕ бафӕраздзӕн, уымӕн ӕмӕ йын уыдон йӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕндзысты. 26  Ӕмӕ йын йӕ хуыздӕр хӕринӕгтӕй чи хӕры, уыдон ӕй бабын кӕндзысты. Йе ’фсад та йын дон фӕласдзӕн, ӕмӕ бирӕтӕ фӕмард уыдзысты. 27  Уыцы дыууӕ паддзахы зӕрдӕ здӕхт уыдзӕн ӕвзӕрдзинад аразынмӕ ӕмӕ иу фынгыл бадгӕйӕ+ мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты+. Фӕлӕ уымӕй ницы рауайдзӕн+, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн нысангонд рӕстӕджы+. 28  Уый йӕ зӕхмӕ ӕрыздӕхдзӕн стыр фӕллӕйттимӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ арӕзт уыдзӕн табуйаг бадзырды ныхмӕ+. Уымӕн алцыдӕр ӕнтысдзӕн+, ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ зӕхмӕ ӕрыздӕхдзӕн. 29  Нысангонд рӕстӕджы+ уый раздӕхдзӕн ӕмӕ рацӕудзӕн хуссары ныхмӕ+. Фӕлӕ фӕстаг хатт, фыццаг хатт куыд уыд, афтӕ нал уыдзӕн. 30  Йӕ ныхмӕ рацӕудзысты Киттимы наутӕ+, ӕмӕ йӕ ныфс асӕтдзӕн. Ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн ӕмӕ табуйаг бадзырды+ ныхмӕ ӕртхъирӕнтӕ кӕндзӕн+, ӕмӕ йын алцыдӕр ӕнтысдзӕн. Фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын ӕй бахъӕудзӕн, ӕмӕ йе ’ргом аздахдзӕн, табуйаг бадзырд чи ныууадзы, уыдонмӕ. 31  Ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ* рацӕудзысты ӕмӕ фидар мӕсыг, ома кувӕндон, фӕчъизи кӕндзысты+ ӕмӕ, алы бон дӕр кӕй хӕссынц, уыцы кувинагӕн кӕрон скӕндзысты+. Ӕмӕ сӕвӕрдзысты, бӕстӕ чи сафы+, уыцы ӕлгъагдзинад+. 32  Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй бадзырд чи халы+, уыдонӕн йӕ фӕлитой ныхӕстӕй+ Хуыцауы ныууадзын кӕндзӕн+. Фӕлӕ, йӕ Хуыцауы чи зоны, уыцы адӕм+ тыхджындӕр разындзысты+, ӕмӕ сын алцыдӕр ӕнтысдзӕн. 33  Ӕмӕ, адӕмы ’хсӕн ӕмбаргӕ+ чи у, уыдон бирӕты схайджын кӕндзысты ӕмбарындзинадӕй+. Фӕлӕ фӕкӕлдзысты ӕмӕ цалдӕр боны дӕргъы уыдзысты хъамайы, пиллон арты, уацары ӕмӕ стигъджыты амӕттаг+. 34  Фӕлӕ куы фӕкӕлой, уӕд сын иу гыццыл баххуыс кӕндзысты+, ӕмӕ сӕм бирӕтӕ ӕрбаиу уыдзысты фӕлитой ныхӕсты фӕрцы+. 35  Ӕмӕ, ӕмбаргӕ чи у, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕкӕлдзысты+. Афтӕ уыдзӕн кӕроны рӕстӕджы онг, цӕмӕй суой сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп+, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн+ нысангонд рӕстӕджы+. 36  Паддзах араздзӕн, цы йӕ фӕнды, уый ӕмӕ йӕхи ӕппӕт хуыцӕуттӕй дӕр бӕрзонддӕр кӕндзӕн ӕмӕ йӕхи уыдонӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзӕн+ ӕмӕ хуыцӕутты Хуыцауӕй+ алы диссӕгтӕ дзурдзӕн. Ӕмӕ йын алцыдӕр ӕнтысдзӕн, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ фӕуа, уӕдмӕ+, уымӕн ӕмӕ, цы уынаффӕ ӕрцыд хаст, уый хъуамӕ сӕххӕст уа. 37  Йӕ фыдӕлты Хуыцауы ницӕмӕ дардзӕн, ницӕмӕ дардзӕн сылгоймӕгты фӕндтӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты дӕр, йӕхи се ’ппӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзӕн+. 38  Ӕмӕ паддзах уӕвгӕйӕ кадджын кӕндзӕн фидар мӕсгуыты хуыцауы. Йӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцауы кадджын кӕндзӕн сызгъӕринӕй, ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ алы хӕзнатӕй. 39  Йӕ зӕрдӕ дардзӕн ӕцӕгӕлон хуыцауыл, афтӕмӕй цӕудзӕн ӕппӕты фидардӕр мӕсгуыты ныхмӕ ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзӕн. Чи йӕ нымайа, уыдоны тынг скадджын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ бирӕты сӕргъы сӕвӕрдзӕн. Зӕххытӕ дӕтдзӕн ӕхцайыл. 40  Кӕроны рӕстӕг хуссайраг паддзах+ йемӕ схӕцдзӕн, ӕмӕ йыл цӕгатаг паддзах бӕхуӕрдӕттимӕ, барджытимӕ ӕмӕ бирӕ наутимӕ тыхдымгӕйау йӕхи рауадздзӕн. Уый бацӕудзӕн зӕххытӕм ӕмӕ сыл донивылдау агуылф кӕндзӕн. 41  Уый ма бацӕудзӕн+ Рӕсугъд бӕстӕмӕ+ дӕр, ӕмӕ бирӕ бӕстӕтӕ бабын уыдзысты+. Фӕлӕ Едом, Моав+ ӕмӕ Аммоны фырттӕн сӕ хицӕуттӕ йӕ къухӕй аирвӕздзысты. 42  Йӕ къух-иу зӕххыты ’рдӕм адаргъ кӕндзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн Египеты зӕхх дӕр+. 43  Ӕмбӕхст хӕзнатӕ, сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист ӕмӕ, Египеты зынаргъӕй цы ис, уыдӕттӕ иууылдӕр уыдзысты йӕ къухы. Ӕмӕ ливиӕгтӕ ӕмӕ ефиопӕгтӕ йӕ фӕдыл ацӕудзысты. 44  Фӕлӕ хурыскӕсӕнӕй+ ӕмӕ цӕгатӕй ахӕм хабӕрттӕ ӕрыхъуысдзӕн, ӕмӕ катайы бацӕудзӕн+. Ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй бирӕты пырх кӕна ӕмӕ сӕ сӕфты хай кӕна+. 45  Йӕ цатыртӕ, галуаны хуызӕн цатыртӕ, ӕрӕвӕрдзӕн стыр денджыз ӕмӕ Рӕсугъд бӕстӕйы сыгъдӕг хохы ’хсӕн+. Фӕлӕ йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ йын ничи баххуыс кӕндзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Ацы ран «Йӕ», ӕвӕц., амоны хуссайраг паддзахмӕ.
Ацы ран «Уый», ӕвӕц., амоны цӕгатаг паддзахмӕ.
Комк. «цӕнгтӕ».