Дыккаг закъон 19:1—21

19  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты дӕ Хуыцау Йегъовӕ куы фесафа+ ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ куы бацахсай ӕмӕ сын сӕ горӕтты ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты куы ’рцӕрай+,  уӕд, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл рахицӕн кӕндзынӕ ӕртӕ горӕты+.  Уыцы горӕттӕм хъуамӕ скӕнай фӕндӕгтӕ. Ӕмӕ дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы зӕхх ӕртӕ дихы акӕндзынӕ, ӕмӕ дзы алы хайы дӕр уыдзӕн иу горӕт. Уырдӕм-иу хъуамӕ алидза марӕг+.  Марӕгӕн уырдӕм алидзӕн ис, цӕмӕй удӕгасӕй баззайа, кӕд адӕймагӕй йе сӕфт нӕ уыдта ӕмӕ йӕ барӕй нӕ амардта, уӕд+.  Кӕнӕ, дыууӕ адӕймаджы хъӕдмӕ сугмӕ куы ацӕуой, ӕмӕ дзы иу йӕ фӕрӕт хӕрдмӕ куы сиса, цӕмӕй бӕлас акала, ӕмӕ фӕрӕтӕн йе ’фсӕйнаг йӕ хъӕдӕй куы фесхъиуа+ ӕмӕ иннӕйыл куы суайа ӕмӕ адӕймаг куы амӕла, уӕд марӕг хъуамӕ алидза уыцы горӕттӕй иумӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайа+.  Науӕд ӕй тугисӕг+, йӕ маст йӕ зӕрдӕйы кӕй фыцы, уый тыххӕй фӕстейӕ куы асура, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ баййафа, горӕтмӕ фӕндаг дард кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ йӕ* амара+. Афтӕмӕй та йын мӕлӕты тӕрхон не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ дзы йе сӕфт нӕ уыдта.  Уый тыххӕй дын зӕгъын афтӕ дӕр: «Рахицӕн кӕн ӕртӕ горӕты»+.  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ зӕххытӕ куы фестырдӕр кӕна+ ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхх дын иууылдӕр куы ратта+,–  уымӕн ӕмӕ дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытыл се ’ппӕтыл дӕр фидар хӕцдзынӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзынӕ, уарздзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕмӕ алкӕддӕр йӕ фӕндӕгтыл цӕудзынӕ+,– уӕд ма ацы ӕртӕ горӕтӕй уӕлдай рахицӕн кӕндзынӕ ноджыдӕр ӕртӕ горӕты+, 10  цӕмӕй дӕ зӕххыл, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл ӕнаххос туг ма ныккӕла+ ӕмӕ дыл цӕмӕй туг ма уа+. 11  Фӕлӕ исчи искӕмӕй йе сӕфт куы уына+, йӕ размӕ куы бабада ӕмӕ йӕ* куы амара+, ӕмӕ стӕй уыцы горӕттӕй иумӕ куы алидза, 12  уӕд хъуамӕ йӕ горӕты хистӕр лӕгтӕ йӕ фӕстӕ искӕй арвитой, уырдыгӕй йӕ ракӕной ӕмӕ йӕ тугисӕджы къухмӕ раттой, ӕмӕ хъуамӕ амӕла+. 13  Ма йын фӕтӕригъӕд кӕн+. Израил ӕнаххос тугӕй ссыгъдӕг кӕн+, цӕмӕй дын хорз уа. 14  Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл бынӕн цы зӕхх райсай, уым дӕ фыдӕлтӕ арӕнтыл цы бӕрӕггӕнӕнтӕ скӕной, уыдоныл фалдӕр ма ахӕц, искӕй арӕнты бӕрӕггӕнӕнтӕм ма бавнал+. 15  Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ нӕй адӕймаджы фыдракӕнды кӕнӕ тӕригъӕды фӕаххосджын кӕнӕн+, цыфӕнды тӕригъӕд ма сараза, уӕддӕр. Хъуыддаг хъуамӕ сбӕлвырд уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ+. 16  Фыдвӕнд чи кӕны, ахӕм ӕвдисӕн искӕй ныхмӕ куы дзура ӕмӕ йӕ цавӕрдӕр фыдракӕнды куы аххосджын кӕна+, 17  уӕд уыцы дыууӕ адӕймаджы, чи фӕбыцӕу, уыдон, хъуамӕ ӕрлӕууой Йегъовӕйы раз, сауджынты раз ӕмӕ, уыцы рӕстӕг тӕрхонгӕнджытӕ чи уыдзӕн, уыдоны раз+. 18  Тӕрхонгӕнджытӕ хъуамӕ хъуыддаг бӕстон равзарой+, ӕмӕ уыцы ӕвдисӕн мӕнгӕвдисӕн куы разына, йе ’фсымӕры мӕнгӕй куы аххосджын кӕна, 19  уӕд ын йӕхицӕн бакӕнут, йе ’фсымӕрӕн йӕ зӕрды цы бакӕнын уыд, уый+. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+. 20  Уӕд иннӕтӕ уыцы хабар фехъусдзысты ӕмӕ фӕтӕрсдзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн ахӕм фыддзинад ничиуал сараздзӕн+. 21  Ма йын фӕтӕригъӕд кӕн+: уды тыххӕй – уд, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст, къухы састӕн – къухы саст, къахы састӕн – къахы саст+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «йӕ уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.