Захари 5:1—11
5 Уый фӕстӕ та ӕз ногӕй акастӕн ӕмӕ федтон, уӕртӕ тыхтон фӕтӕхы+.
2 Ӕмӕ мӕ бафарста: «Цы уыныс?»+
Ӕз ын дзуапп радтон: «Уӕртӕ тыхтон фӕтӕхы. Йӕ дӕргъ у дыууын ӕлмӕрины*, йӕ уӕрх та – дӕс ӕлмӕрины».
3 Уӕд мын загъта: «Уый у, тагъд ӕгас зӕхх дӕр цы ӕлгъыст баййафдзӕн, уый+, уымӕн ӕмӕ, чи давы+, уыдон ӕфхӕрд нӕма баййӕфтой, кӕд, тыхтоны ацы фарсыл цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ давын ӕлгъыстаг хъуыддаг у, уӕддӕр, ӕмӕ, мӕнг сомы чи кӕны, уыдон дӕр ӕфхӕрд нӕма баййӕфтой, кӕд, тыхтоны иннӕ фарсыл цы фыст ис+, уымӕ гӕсгӕ мӕнг сомы кӕнын+ ӕлгъыстаг хъуыддаг у, уӕддӕр.
4 „Уыцы ӕлгъыст ӕз арвыстон,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕмӕ, чи давы, уый хӕдзармӕ ӕмӕ, мӕ номӕй мӕнг сомытӕ чи кӕны+, уый хӕдзармӕ бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕрбынат кӕндзӕн ӕмӕ хӕдзарӕн йӕхи дӕр, йӕ хъӕдтӕ дӕр ӕмӕ йӕ дуртӕ дӕр фесафдзӕн“»+.
5 Уӕд та мӕм, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, акӕс-ма ӕмӕ фен, уый цы ӕрбахӕстӕг кӕны».
6 Ӕз ӕй бафарстон: «Уый цы у?»
Ӕмӕ мын загъта: «Уый у барӕн къус*». Стӕй мын загъта: «Ахӕм сты, зӕххыл цыдӕриддӕр фыдгӕнджытӕ ис, уыдон».
7 Ӕмӕ къусӕй здыйӕ конд тымбыл сӕр куы систой, уӕд кӕсын, ӕмӕ къусы мидӕг бады сылгоймаг.
8 Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Ай у Фыддзинад». Ӕмӕ уӕд сылгоймаджы фӕстӕмӕ къусы нытътъыста+ ӕмӕ къусы сӕр здыйӕ ӕрӕхгӕдта.
9 Уый фӕстӕ кӕсын, ӕмӕ дыууӕ сылгоймаджы ӕрбахӕстӕг кӕнынц ӕмӕ сӕ базырты дымгӕ ӕрбахӕссынц. Сӕ базыртӕ уыдысты къадзы базырты хуызӕн. Уыдон къус сындӕггай систой, ӕмӕ уыди арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн.
10 Ӕмӕ уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый бафарстон: «Кӕдӕм хӕссынц уыцы къус?»
11 Зӕд мын загъта: «Сеннаары+ зӕхмӕ йӕ хӕссынц, цӕмӕй уым сылгоймагӕн хӕдзар саразой+. Хӕдзар ын сараздзысты ӕмӕ йӕ уым йӕ бынаты бакӕндзысты».