Иоанны 3:1—36
3 Фарисейты ’хсӕн уыди иу лӕг, Никодим+, зӕгъгӕ, дзуттӕгты разамонджытӕй сӕ иу.
2 Уыцы адӕймаг Йесомӕ ӕхсӕвы+ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Равви*+, мах ӕй зонӕм, ды, Хуыцауӕй+ чи ӕрцыд, уыцы ахуыргӕнӕг+ кӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ+ аразыс, ахӕм диссӕгтӕ никӕй бон у аразын, Хуыцау йемӕ куы нӕ уа, уӕд»+.
3 Йесо йын загъта+: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: адӕймаг ногӕй куы нӕ райгуыра+, уӕд йӕ бон не суыдзӕн Хуыцауы паддзахад фенын»+.
4 Никодим та йӕ бафарста: «Адӕймаг ма зӕрондӕй куыд хъуамӕ райгуыра? Дыккаг хатт ма йӕ мады гуыбынмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ногӕй райгуырдзӕн?»
5 Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: адӕймаг донаргъуыд+ куы нӕ райса ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй+ куы нӕ схайджын уа ӕмӕ афтӕмӕй куы нӕ райгуыра*, уӕд йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын.
6 Зӕххон адӕймагӕй чи райгуыры, уый у зӕххон, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи райгуыры, уый та у Хуыцауы фырт+.
7 Афтӕ дын кӕй загътон, ногӕй хъуамӕ райгуырат+, зӕгъгӕ, ууыл дис ма кӕн.
8 Зӕгъӕм, дымгӕ*+ дымы, кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм, ӕмӕ йын йӕ уынӕр хъусыс, фӕлӕ кӕцӕй ӕмӕ кӕцырдӕм дымы, уый та нӕ зоныс. Афтӕ у йӕ хабар, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр»+.
9 Уӕд ӕй Никодим бафарста: «Уымӕн гӕнӕн куыд ис?»
10 Йесо та йын загъта: «Ды дӕхӕдӕг Израилы адӕмы куы ахуыр кӕныс, уӕд уыдӕттӕ нӕ зоныс?+
11 Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: мах дзурӕм, цы зонӕм, уый ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууӕм+, цы федтам, уымӕн, фӕлӕ нын сымах нӕ ныхӕстыл не ’ууӕндут+.
12 Кӕд уын зӕххон хъуыддӕгты тыххӕй цы дзурын, ууыл не ’ууӕндут, уӕд уын уӕларвон хъуыддӕгты тыххӕй цы зӕгъон, ууыл куыд баууӕнддзыстут?+
13 Стӕй иу адӕймаг дӕр уӕлӕрвтӕм+ не ссыд, Адӕймаджы Фырт+ та уӕлӕрвтӕй ӕрцыд+.
14 Ӕмӕ Моисей ӕдзӕрӕг быдыры калмы+ уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр уӕлӕмӕ ист ӕрцӕудзӕн+,
15 цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй+.
16 Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы+, ӕмӕ радта йӕ иунӕг* Фырты+, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды+, уый ма фесӕфа+, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа+.
17 Хуыцау йӕ Фырты дунемӕ уый тыххӕй нӕ рарвыста, цӕмӕй дунейӕн тӕрхон кӕна+, фӕлӕ цӕмӕй дуне уый фӕрцы фервӕза+.
18 Чи йыл ӕууӕнды, уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн+. Чи йыл не ’ууӕнды, уый та ныр дӕр тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыд Хуыцауы иунӕг Фыртыл*+.
19 Адӕм тӕрхонгонд та уымӕ гӕсгӕ цӕуынц, ӕмӕ дунемӕ+ ӕрцыд рухс+, фӕлӕ уыдон рухс нӕ бауарзтой – бауарзтой талынг+, уымӕн ӕмӕ кодтой фыдхъуыддӕгтӕ.
20 Ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ+ чи кӕны, уый та рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой+.
21 Фӕлӕ, раст цы у, уый чи аразы, уый та цӕуы рухсмӕ+, цӕмӕй рабӕрӕг уа, йӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй сты, уый».
22 Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыд Иудейӕйы зӕхмӕ, ӕмӕ уым иуцасдӕр уыди семӕ ӕмӕ адӕмӕн донаргъуыд лӕвӕрдта+.
23 Иоанн+ дӕр донаргъуыд лӕвӕрдта Еноны, Салиммӕ хӕстӕг, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ дон+ уыди, ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты ӕмӕ сын донаргъуыд лӕвӕрдта+.
24 Уӕд Иоанны ахӕстоны нӕма бакодтой+.
25 Ӕмӕ Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ иу дзуттагимӕ хи сыгъдӕг кӕныны+ хъуыддаджы фӕдыл фӕбыцӕу сты.
26 Ӕмӕ Иоанмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ахуыргӕнӕг, Иорданы фаллаг фарс демӕ чи уыди ӕмӕ нын кӕй тыххӕй дзырдтай+, уыцы адӕймаг донаргъуыд дӕтты, ӕмӕ адӕм иууылдӕр уымӕ цӕуынц»+.
27 Уӕд сын Иоанн загъта: «Адӕймагӕн иу хъуыддаг дӕр йӕ бон нӕу саразын, уӕлейӕ йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд+.
28 Уӕхӕдӕг мын ӕвдисӕн, афтӕ кӕй дзырдтон, зӕгъгӕ, ӕз Чырысти+ нӕ дӕн, фӕлӕ йӕ разӕй ӕрвыст дӕн+.
29 Усаг кӕмӕн ис, уый у усгур+. Усгурӕн йе ’мбал та фӕлӕууы, ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс куы фехъусы, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Афтӕ мӕ цинӕн дӕр кӕрон нӕй+.
30 Чырысти хъуамӕ уӕлдӕр кӕна, ӕз та – дӕлдӕр».
31 Уӕлейӕ чи ’рцыд, уый у се ’ппӕтӕй уӕлдӕр+. Зӕххӕй чи у, уый та у зӕххон, ӕмӕ дзургӕ дӕр кӕны зӕххон хъуыддӕгтыл+. Уӕларвӕй чи ’рцыд, уый та у се ’ппӕтӕй уӕлдӕр+.
32 Уый ӕвдисӕн лӕууы, цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уый тыххӕй+, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстыл ничи ӕууӕнды+.
33 Йӕ ныхӕстыл ын чи баууӕндыд, уый уымӕй равдыста*, Хуыцау сайгӕ кӕй нӕ кӕны+.
34 Хуыцау кӕй рарвыста, уый дзуры Хуыцауы ныхӕстӕ+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых баргӕйӕ нӕ дӕтты+.
35 Фыд уарзы+ йӕ Фырты, ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ радта+.
36 Фыртыл чи ӕууӕнды+, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй+, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард+ нӕ фендзӕн, фӕлӕ йӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Нысан кӕны «ахуыргӕнӕг».
^ Комк. «адӕймаг донӕй ӕмӕ Хуыцауы тыхӕй куы нӕ райгуыра».
^ Грекъ. пне́вма. Ацы грекъ. дзырд стихы кӕрон та тӕлмац у «Хуыцауы сыгъдӕг тых»-ӕй. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Комк. «иунӕггуырд», ома Хуыцау йӕ фырттӕй ӕрмӕстдӕр уый сфӕлдыста йӕхӕдӕг. Кӕс 18 ст. дӕр.
^ Комк. «Фырты номыл».
^ Комк. «сӕвӕрдта йӕ мыхуыр».