Иов 10:1—22
10 Мӕ цард мӕ удӕн сӕнад+.Мӕхиуыл фӕхъарджытӕ кӕндзынӕн,Мӕ рыстзӕрдӕйӕ дзурдзынӕн!
2 Ӕз Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: „Фыдгӕнӕгыл мӕ ма банымай.Бамбарын мын кӕн, мемӕ цӕмӕн тох кӕныс.
3 Ау, уый хорз у, раст кӕй нӕ кӕныс+,Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый дӕхицӕй кӕй ӕппарыс+,Фыдгӕнджыты фӕндтӕм та рухс цӕстӕй кӕй кӕсыс?
4 Дӕ цӕстытӕ+ адӕймаджы цӕстытӕ сты?Ӕви ды дӕр, зӕххон адӕймаг цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй кӕсыс?+
5 Исты дӕ бонтӕ сыджытӕй конд адӕймаджы бонты хуызӕн сты+,Кӕнӕ дӕ азтӕ – зӕххон адӕймаджы бонты хуызӕн,
6 Цӕмӕй мын мӕ рӕдыд ссарыныл архайай,Цӕмӕй мын мӕ тӕригъӕд агурай?+
7 Афтӕмӕй та йӕ зоныс, ӕз аххосджын кӕй нӕ дӕн+Ӕмӕ мӕ дӕ къухӕй кӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн+.
8 Дӕ къухтӕ мӕ бацӕттӕ кодтой, скодтой мӕ+Ӕнӕхъӕнӕй дӕр, ӕмӕ мӕ уӕддӕр аныхъуырынмӕ хъавыс.
9 Курын дӕ, ӕрхъуыды-ма кӕн, ӕлыгӕй+ мӕ кӕй скодтайӔмӕ мӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ кӕй аздахдзынӕ+.
10 Ды мӕ ӕхсырау нӕ рауагътайӔмӕ мӕ цыхтау нӕ бацахстай?+
11 Царм ӕмӕ мыл фыд скодтай,Стджытӕ ӕмӕ мӕ нуӕрттӕй хъуымацау бауӕфтай+.
12 Цард мын радтай, ӕнувыд уарзтӕй мӕ бауарзтай+,Тыхстӕ мыл+ ӕмӕ мын мӕ уд хъахъхъӕдтай.
13 Адӕттӕ бамбӕхстай дӕ зӕрдӕйы.Ӕз ӕй зонын, дӕумӕ кӕй сты.
14 Кӕд-иу тӕригъӕд ракодтон ӕмӕ мӕ уыдтай+Ӕмӕ мын мӕ рӕдыдтытӕ нӕ ныххатыр кодтай+,
15 Кӕд ӕцӕгдӕр аххосджын дӕн, уӕд мӕгуыр мӕ бон!+Ӕмӕ кӕд раст дӕн, уӕддӕр мӕ сӕрыл хӕрдмӕ не схӕцдзынӕн+ –Мӕ хъуырмӕ дӕн ӕгаддзинадӕй, хъизӕмӕрттӕй дӕн ӕфсӕст+.
16 Кӕд сӕрбӕрзонд дӕн+, уӕд ды ӕвзонг домбайау мӕ фӕдыл зилдзынӕ+,Ӕмӕ мын цы сараздзынӕ, уымӕй та ногӕй равдисдзынӕ, куыд диссаджы Хуыцау дӕ.
17 Мӕ ныхмӕ мын ӕрбакӕндзынӕ ног ӕвдисӕнтӕ,Ноджы тынгдӕр мӕм мӕсты кӕндзынӕ.Зындзинад мӕ зындзинады фӕдыл ӕййафы.
18 Цӕмӕн мӕ ракодтай мӕ мады гуыбынӕй?+Фӕлтау куы амардаин ӕмӕ мӕ иуы цӕст дӕр куы нӕ федтаид.
19 Цыма ӕппындӕр никуы уыдтӕн, афтӕ уыдаин,Мӕ мады гуыбынӕй мӕ ингӕнмӕ ахастаиккой“.
20 Мӕ царды бонтӕ дыууӕ боны йеддӕмӕ сты?+ Ныууадзӕд мӕ,Йӕ цӕстӕнгас мӕ иуварс аздахӕд, цӕмӕй иу гыццыл мӕ зӕрдӕмӕ рухс ӕрбакӕла+,
21 Цалынмӕ, фӕстӕмӕ кӕцӕй нал ӕрбаздӕхдзынӕн+,Талынг, саудалынг кӕм у, уыцы бӕстӕмӕ нӕ ацӕуон+,
22 Талынгау ӕппындӕр кӕм ницы зыны, саудалынг чи уӔмӕ алцыдӕр хӕццӕ кӕм у, рухс талынджы хуызӕн кӕм у, уыцы бӕстӕмӕ».