Ионӕ 2:1—10
2 Кӕсаджы хуылфы Ионӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ скуывта+
2 ӕмӕ загъта:«Мӕ тыхсты сахат Йегъовӕмӕ скуывтон+, ӕмӕ мын дзуапп радта+.Ингӕны* арфӕй дӕм ӕххуысмӕ сдзынӕзтон+,Ӕмӕ мӕ ды фехъуыстай+.
3 Доны ӕрфытӕм, денджызы астӕумӕ мӕ куы ныппӕрстай+,Уӕд доны гуылфӕнты астӕу бахаудтӕн.Де знӕт уылӕнтӕн... сӕ быны фӕдӕн+.
4 Ӕмӕ загътон: „Дӕ цӕстыты разӕй мӕ фӕсырдтай!+Куыд ма дын фендзынӕн дӕ рухс кувӕндон?“+
5 Дӕттӕ мӕ хъуырмӕ схӕццӕ сты+, арф дӕттӕ мыл ӕртыхстысты.Доны зайӕгойтӕ мӕ сӕрыл стыхстысты.
6 Хӕхты рӕбынтӕм ныххӕццӕ дӕн.Зӕхх мыл йӕ кулдуӕрттӕ сӕхгӕдта ӕнустӕм.Фӕлӕ мӕ ды, Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, уыцы дзыхъхъӕй удӕгасӕй систай+.
7 Мӕ уд удыл куы нал хӕцыд+, уӕд Йегъовӕйы ӕрхъуыды кодтон+.Ӕмӕ дӕм мӕ куывд дӕ рухс кувӕндонмӕ фӕхӕццӕ+.
8 Мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдон сӕхи ӕнӕхай кӕнынц ӕнувыд уарзтӕй*+.
9 Ӕз та дын арфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын нывонд ӕрхӕсдзынӕн+.Цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн+. Ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ»+.
10 Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ кӕсагӕн загъта, ӕмӕ кӕсаг Ионӕйы зӕхмӕ раппӕрста+.