Исай 2:1—22
2 Ай у, Амосы фырт Исай Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы тыххӕй кӕй федта, уыцы цӕстылуайӕн+.
2 Фӕстаг бонты+, Йегъовӕйы хӕдзар+ цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн хӕхты цъуппытӕй дӕр уӕлдӕр+, суыдзӕн къуыбыртӕй дӕр бӕрзонддӕр+, ӕмӕ йӕм ӕппӕт адӕмтӕ дӕр агуылф кӕндзысты+.
3 Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Рацӕут+, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ. Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл»+. Уымӕн ӕмӕ закъон рацӕудзӕн Сионӕй, Йегъовӕйы ныхас – Иерусалимӕй+.
4 Уый тӕрхон кӕндзӕн адӕмты ’хсӕн+ ӕмӕ бирӕ адӕмты пайдайӕн+ хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзӕн+. Ӕмӕ уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ+. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты+.
5 О Иаковы хӕдзарвӕндаг, рацӕут, ӕмӕ цӕуӕм Йегъовӕйы рухсы+.
6 Ды ныууагътай Иаковы хӕдзарвӕндаг, дӕ адӕмы+, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕхх скӕсӕйнаг адӕмы ӕгъдӕуттӕй байдзаг+, филистимӕгтау кӕлӕнтӕ кӕнынц+, кӕдӕмфӕнды ма акӕсай – алы ран дӕр ӕцӕгӕлӕтты цот+.
7 Сӕ зӕхх йедзаг у ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй, сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕн ныккӕнӕнтӕ нӕй+. Сӕ зӕхх йедзаг у бӕхтӕй, ӕмӕ сӕ бӕхуӕрдӕттӕн нымӕц дӕр нӕй+.
8 Сӕ зӕхх йедзаг у ницӕйаг хуыцӕуттӕй+. Адӕймаджы къухӕй конд цы у, адӕймаджы ӕнгуылдзтӕ цы сарӕзтой, уыдӕтты раз сӕ зонгуытыл ӕрхауынц+.
9 Зӕххон адӕймаг йӕхи сӕ разы ӕрныллӕг кӕны, йӕхи ӕгады бынаты сӕвӕры, ӕмӕ сын дӕ бон ныххатыр кӕнын нӕу+.
10 Дӕхи бааууон кӕн къӕдзӕхы скъуыды, зӕххы бын бамбӕхс, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕймагыл ӕфтауы тас ӕмӕ йе стыр кад тӕмӕнтӕ калы+.
11 Зӕххон адӕймаг йӕ хъал цӕстытӕ бынмӕ ӕруадздзӕн, сӕрбӕрзонд адӕймаг ӕрсӕтдзӕн+, ӕмӕ уыцы бон сбӕрзонд уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ+,
12 уымӕн ӕмӕ уый у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы бон+. Уыцы бон ӕрцӕудзӕн, йӕхи чи бӕрзонд кӕны ӕмӕ сӕрбӕрзонд чи у, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр, кадджын ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмӕй алкӕуыл дӕр+,
13 Ливаны+ бӕрзонд ӕмӕ стыр кедртыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ Васаны+ пӕлӕхсар бӕлӕстӕй алкӕцыйыл дӕр,
14 алы бӕрзонд хохыл ӕмӕ алы бӕрзонд къуыбырыл+,
15 алы бӕрзонд мӕсыгыл ӕмӕ алы фидаргонд къулыл+,
16 Фарсисы+ наутыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр бӕлӕгътӕй алкӕцыйыл дӕр.
17 Хъал адӕймаг йӕ сӕр бынмӕ ӕруадздзӕн, сӕрбӕрзонд адӕймаг ӕрсӕтдзӕн+, ӕмӕ уыцы бон сбӕрзонд уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ+.
18 Ницӕйаг хуыцӕуттӕ фесӕфдзысты, сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+.
19 Ӕмӕ Йегъовӕ куы сыста ӕмӕ зӕхх куы нырриза+, уӕд адӕм лӕгӕтты къӕдзӕхты мидӕг ӕмӕ уӕрмыты бамбӕхсдзысты, уымӕн ӕмӕ уый ӕфтауы тас ӕмӕ йе стыр кад тӕмӕнтӕ калы+.
20 Уыцы бон зӕххон адӕймаг, кувынӕн йӕхи къухтӕй кӕй скодта, уыцы ницӕйаг сызгъӕрин хуыцӕутты ӕмӕ ӕнӕпайда ӕвзист хуыцӕутты мыстытӕн ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн аппардзӕн+
21 ӕмӕ къӕдзӕхты хуынчъыты ӕмӕ къӕдзӕхты скъуыдты бабырдзӕн, Йегъовӕ куы сыста ӕмӕ зӕхх куы нырриза, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый ӕфтауы тас ӕмӕ йе стыр кад тӕмӕнтӕ калы+.
22 Дӕхи уды тыххӕй дӕхи хиз зӕххон адӕймагӕй, йӕ улӕфт йӕ фындзыхуынчъыты+ кӕмӕн ис, уымӕй,– нымады дӕр дӕм цӕмӕн хъуамӕ уа?+