Йезекил 13:1—23
13 Ӕмӕ мын Йегъовӕ загъта:
2 «Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн Израилы пехуымпарты тыххӕй, пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдоны тыххӕй+. Ӕмӕ, йӕхи зондӕй чи пехуымпариуӕг кӕны, уыдонӕн зӕгъ+: „Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+.
3 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Додой сӕ къона ӕнӕзонд+ пехуымпартӕн, йӕхи зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы!+ Афтӕмӕй та уынгӕ ницы фӕкодтой+.
4 Израил, дӕ пехуымпартӕ систы, рувӕстӕ хӕлддзӕгты ’хсӕн куыд уой, афтӕ+.
5 Сымах не ’рлӕудзыстут, къул кӕмыты батыдтой, уыцы рӕтты+, стӕй дурӕй амад къул дӕр+ Израилы адӕмы сӕраппонд фӕстӕмӕ нӕ сараздзыстут, цӕмӕй Йегъовӕйы бон тохы фидар фӕлӕууат“+.
6 „Цӕстылуайӕнты уынынц, мӕнг цы у, уыдӕттӕ, ӕмӕ дӕсны фӕрсгӕйӕ кӕнынц гӕдыныхӕстӕ+. Уыдон дзурынц, Йегъовӕ афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та сӕ Йегъовӕ нӕ арвыста, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕ ныхас кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ+.
7 Цы цӕстылуайӕн федтат, уый мӕнг нӕу? Ӕмӕ дӕсны фӕрсгӕйӕ афтӕ кӕй дзурут, Йегъовӕ афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, – афтӕмӕй та ӕз ницы дзырдтон,– уымӕй гӕдыныхӕстӕ нӕ кӕнут?“+
8 „Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сымах гӕдыныхӕстӕ кӕй кодтат ӕмӕ цӕстылуайӕнты, мӕнг цы у, уый кӕй уыдтат, уый тыххӕй ӕз цӕуын уӕ ныхмӕ“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“.
9 Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ дӕсны фӕрсгӕйӕ гӕдыныхӕстӕ чи кӕны, уыцы пехуымпартӕм+. Уыдон мӕ адӕмы уынаффӕгӕнджыты+ ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы номхыгъды сӕ нӕ ныффысдзысты+ ӕмӕ Израилы зӕхмӕ не ’рцӕудзысты+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.
10 Афтӕ уымӕн уыдзӕн, о, уымӕн, ӕмӕ мын мӕ адӕмы сайынц, дзурынц: „Мӕнӕ, фарн*!“ – афтӕмӕй та фарн нӕй+. Иу амайы мидӕггаг къул, фӕлӕ йӕ чъырӕй чи цӕгъды+, уыдон дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнынц“+.
11 Къул чъырӕй чи цӕгъды, уыдонӕн зӕгъ, кӕй ныккӕлдзӕн. Тӕрккъӕвда ведрайӕ калӕгау ныккалдзӕн ӕмӕ ды – их, ныууардзынӕ, ӕмӕ йӕ тыхдымгӕйы улӕфт дыууӕ дихы фӕкӕндзӕн+.
12 Уыцы къул ныккӕлдзӕн. Ӕмӕ уын уӕд афтӕ нӕ зӕгъдзысты, къул чъырӕй куы сцагътат, уӕд уӕ цагъд кӕм ис, зӕгъгӕ?+
13 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз мӕстӕй судзгӕйӕ рауадздзынӕн тыхдымгӕйы улӕфт, фырмӕстыйӕ тӕрккъӕвда ведрайӕ калӕгау ныккалдзынӕн, мӕстӕй судзгӕйӕ ныууарын кӕндзынӕн их, цӕмӕй уӕ ныццӕгъдон+.
14 Чъырӕй кӕй сцагътат, уыцы къул уын ныппырх кӕндзынӕн, зӕххӕмвӕз ӕй скӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ бындур разындзӕн+. Ӕмӕ горӕт ныккӕлдзӕн, ӕмӕ горӕты мидӕг ӕрцӕудзӕн уӕ кӕрон. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.
15 „Уыцы къулыл, стӕй йӕ чъырӕй чи цӕгъды, уыдоныл мӕ судзгӕ маст иууылдӕр ныккалдзынӕн ӕмӕ уын зӕгъдзынӕн: „Къул нал и, нал сты, чъырӕй йӕ чи цагъта, уыдон дӕр+ –
16 Израилы пехуымпартӕ, Иерусалимы тыххӕй чи пехуымпариуӕг кӕны ӕмӕ цӕстылуайӕны, фарн ӕм кӕй ӕрцӕудзӕн, уый чи уыны, уыдон+, афтӕмӕй та фарн нӕй“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.
17 Ды та, адӕймаджы фырт, де ’ргом аздах+ дӕ адӕмы чызджытӕм, йӕхи зондӕй+ пехуымпар чи у+, уыдонмӕ, ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн, сӕ ныхмӕ дзур.
18 Зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Додой сӕ къона, алкӕмӕн дӕр йӕ рӕмбыныкъӕдзыл бӕттынӕн бӕттӕнтӕ чи хуыйы ӕмӕ алыхуызон адӕмӕн – бӕрзӕндтӕн дӕр ӕмӕ ныллӕджытӕн дӕр – сӕ сӕртӕн ӕмбӕрзӕнтӕ чи аразы, цӕмӕй адӕмы ахсой!+ Мӕ адӕмы мын ӕрцахсынмӕ хъавут, ӕмӕ уӕхи удтӕ та фервӕзын кӕнынмӕ хъавут?
19 Сымах мӕ мӕ адӕмы раз хъӕбӕрхоры цалдӕр армыдзаджы тыххӕй ӕмӕ дзулы мурты тыххӕй худинаг кӕнут+, мӕлинаг чи нӕу, уыдоны кӕй марут+ ӕмӕ цӕринаг чи нӕу, уыдоны та кӕй ирвӕзын кӕнут, уымӕй, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕ адӕмы, гӕдыныхӕстӕм чи хъусы, уыдоны, сайут!“+
20 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Мӕнӕ сылгоймӕгтӕ, ӕз дӕн уӕ бӕттӕнты ныхмӕ, цыма цъиутӕ сты, уыйау адӕмы кӕмӕй ахсут, уыдоны ныхмӕ. Ӕз уын сӕ уӕ къухтӕй ӕррӕдувдзынӕн ӕмӕ, цыма цъиутӕ сты, уыйау кӕй ӕрцахстат, уыдоны суӕгъд кӕндзынӕн+.
21 Ӕррӕдувдзынӕн уын уе ’мбӕрзӕнтӕ ӕмӕ мӕ адӕмы уӕ къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн. Ӕмӕ нал уыдзысты уӕ къухы, нал уыдзысты ахст. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+.
22 Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ-иу уӕ мӕнг ныхӕстӕй кӕй асастат+, афтӕмӕй та йын ӕз йӕ зӕрдӕ нӕ риссын кодтон, ӕмӕ-иу фыдгӕнӕджы къухтӕ кӕй сфидар кодтат+, цӕмӕй йе ’взӕр фӕндаг ма ныууадза ӕмӕ удӕгасӕй ма баззайа+,
23 уый тыххӕй сымах, мӕнӕ сылгоймӕгтӕ, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ+ нал уындзыстут+ ӕмӕ дӕсны дӕр нал фӕрсдзыстут+. Ӕмӕ ӕз мӕ адӕмы уӕ къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн+, ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «сабырдзинад».