Йезекил 23:1—49
23 Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта+:
2 «Адӕймаджы фырт, уыди дыууӕ сылгоймаджы, иу мады чызджытӕ+.
3 Ӕмӕ ӕрыгонӕй райдыдтой Египеты хӕтын+. Уым хӕтыныл бафтыдысты+ ӕмӕ сӕ чызгон сӕры кад фесӕфтой+.
4 Хистӕры ном уыди Оголӕ, йӕ хойы ном та – Оголивӕ. Уыдон баисты мӕн+ ӕмӕ ныййардтой лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ+. Сӕ нӕмттӕ сты афтӕ: Оголӕ у Самари+, Оголивӕ та – Иерусалим+.
5 Ӕмӕ Оголӕ райдыдта хӕтын+, мӕн уыди, афтӕмӕй. Йе ’рра монцтӕ сыгъдысты йӕ уарзӕттӕм+, хӕстӕг ӕм чи уыд, уыцы ассириӕгтӕм+,
6 ӕрвхуыз уӕлӕдарӕс кӕуыл уыд, уыцы сӕргълӕуджытӕм ӕмӕ дӕлбар хицӕуттӕм – иууылдӕр сты рӕсугъд лӕппутӕ, бӕхтыл чи бады, ахӕм барджытӕ.
7 Ӕмӕ семӕ хӕтыди – се ’ппӕт дӕр сты Ассирийы равзаргӕ фырттӕ. Ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кодта, йе ’рра монцтӕ кӕмӕ сыгъдысты, уыдонӕй ӕмӕ сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй+.
8 Ӕмӕ, Египеты куыд хӕтыди, афтӕ хӕтыди дарддӕр дӕр, йӕ митӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ египетӕгтӕ хӕтыдысты йемӕ ӕрыгонӕй, уыдоны тыххӕй фесӕфта йӕ чызгон сӕры кад ӕмӕ уыдон йемӕ ӕнӕфсисӕй кодтой ӕнӕгъдау митӕ+.
9 Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕз радтон йӕ уарзӕтты къухмӕ+, Ассирийы фыртты къухмӕ, йе ’рра монцтӕ кӕмӕ сыгъдысты, уыдоны къухмӕ+.
10 Ӕмӕ йын уыдон йӕ буар байгом кодтой+. Йӕ фыртты ӕмӕ йын йӕ чызджыты акодтой+, йӕхи та йын хъамайӕ барӕхуыстой. Ӕмӕ сылгоймӕгты ’хсӕн йӕ ном ныффидиссаг. Ӕмӕ йыл сӕххӕст кодтой тӕрхӕттӕ.
11 Йӕ хо Оголивӕ уый куы федта+, уӕд йӕ буары монцты фӕдыл йӕ хойӕ тынгдӕр райдыдта цӕуын ӕмӕ йӕ хойӕ фыддӕр фӕци, уымӕй тынгдӕр хӕтыд+.
12 Йе ’рра монцтӕ сыгъдысты Ассирийы фырттӕм+, хӕстӕг ӕм чи уыд, уыцы сӕргълӕуджытӕм ӕмӕ дӕлбар хицӕуттӕм. Уыдон уыдысты уыцы хӕрзарӕзт, бӕхтыл чи бады, ахӕм барджытӕ, иууылдӕр – рӕсугъд лӕппутӕ+.
13 Ӕмӕ ӕз федтон: йӕхи кӕй фӕчъизи кодта, уымӕ гӕсгӕ сӕ дыууӕ дӕр цӕуынц иу фӕндагыл+.
14 Ӕмӕ къулыл нӕлгоймӕгты нывтӕ куы федта+, уӕд ноджы тынгдӕр хӕтын райдыдта. Уыдон уыдысты халдейты нывтӕ+, сырх-сырхид ахорӕнӕй ахуырст нывтӕ+:
15 сӕ астӕутыл – рӕттӕ+, сӕ сӕртыл – стыр сарыхътӕ, бакастӕй иууылдӕр – хӕстон лӕгтӕ, сты Вавилоны фыртты хуызӕн, Халдейӕйы чи райгуырд, уыдоны хуызӕн.
16 Ӕмӕ сӕ куы федта, уӕд сӕм йе ’рра монцтӕ ссыгъдысты+ ӕмӕ сӕм Халдейӕмӕ арвыста минӕвӕрттӕ+.
17 Ӕмӕ йӕм Вавилоны фырттӕ цыдысты йӕ хуыссӕнмӕ, цӕмӕй йӕ уарзтӕй рӕвдыдтаиккой, ӕмӕ-иу ӕй се ’нӕгъдау митӕй фӕчъизи кодтой+. Уыдонӕй-иу фӕчъизи, ӕмӕ стӕй йӕ удӕн сӕнад сты.
18 Уый райдыдта ӕргом хӕтын, йӕ буар-иу байгом кодта+. Ӕмӕ уӕд мӕ удӕн фенад, йӕ хо мӕ удӕн куыд фенад, афтӕ+.
19 Уый та ноджы тынгдӕр хӕтыд+, суанг ма йе ’рыгон бонтӕ дӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты+, Египеты зӕххыл куы хӕтыд, уыцы рӕстӕг+.
20 Ӕмӕ-иу йе ’рра монцтӕ ссыгъдысты, йе ’фсӕрмыйаг уӕнг хӕрӕджы ӕмӕ бӕхы ӕфсӕрмыйаг уӕнджы хуызӕн кӕмӕн у, уыдоны номылустыты монцтау+.
21 Ды, Оголивӕ, бӕллыдтӕ, де ’рыгон бонты цы хӕлд митӕ кодтай, уыдонмӕ, Египеты+ ма куы уыдтӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ куыд хӕтыдтӕ ӕмӕ де ’рыгон буары монцты фӕдыл куыд цыдтӕ, уымӕ+.
22 Уымӕ гӕсгӕ, Оголивӕ, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дын дӕ ныхмӕ скӕндзынӕн дӕ уарзӕтты+, дӕ удӕн чи сӕнад, уыдоны, ӕмӕ сӕ алырдыгӕй дӕ ныхмӕ ӕрбакӕндзынӕн+:
23 Вавилоны+ фыртты ӕмӕ халдейты+ се ’ппӕты дӕр, Пеход+, Шоа ӕмӕ Коайы адӕмы ӕмӕ семӕ Ассирийы фыртты се ’ппӕты дӕр – иууылдӕр сты рӕсугъд лӕппутӕ, сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ дӕлбар хицӕуттӕ, хӕстонтӕ ӕмӕ ӕвзӕрст уынаффӕгӕнджытӕ, иууылдӕр бадынц бӕхтыл.
24 Ӕмӕ дӕ ныхмӕ рацӕудзысты, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ сӕ цӕлхытӕ гыбар-гыбур кӕндзысты+, семӕ уыдзӕн бирӕ адӕм, уыдзӕн сӕм стыр ӕмӕ гыццыл уартытӕ, уыдзӕн сыл згъӕрхудтӕ. Уыдон алырдыгӕй дӕ ныхмӕ рацӕудзысты, ӕмӕ сын ӕз ратдзынӕн тӕрхоны бартӕ, ӕмӕ дын тӕрхон кӕндзысты сӕхи закъӕттӕм гӕсгӕ+.
25 Ӕз равдисдзынӕн, мӕ маст дӕм куыд судзы+, уый, ӕмӕ уыдон дӕ ныхмӕ архайдзысты мӕстыйӕ+. Дӕ фындз ӕмӕ дын дӕ хъустӕ ралыг кӕндзысты, цы ма дӕ баззайа, уый та бауыдзӕн хъамайы амӕттаг. Дӕ фыртты ӕмӕ дын дӕ чызджыты+ акӕндзысты+, цы ма дын баззайа, уый та арт аныхъуырдзӕн+.
26 Дӕ уӕлӕдарӕс дын ӕррӕдувдзысты+ ӕмӕ дын дӕ рӕсугъд аивгӕнӕнтӕ байсдзысты+.
27 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕ хӕлд митӕ нал кӕндзынӕ+ ӕмӕ, Египеты зӕххыл куыд хӕтыдтӕ, афтӕ нал хӕтдзынӕ+. Де ’ргом сӕм нал здахдзынӕ ӕмӕ Египет нал ӕрхъуыды кӕндзынӕ“.
28 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕ ратдзынӕн, де сӕфт кӕмӕй федтай, уыдоны къухмӕ, дӕ удӕн чи сӕнад, уыдоны къухмӕ+.
29 Уыдон дӕ ныхмӕ архайдзысты, се сӕфт дӕ уындзысты, афтӕмӕй, байсдзысты дын дӕ къухты фӕллой иууылдӕр ӕмӕ дӕ ныууадздзысты бӕгънӕг ӕмӕ гомӕй+. Ӕмӕ раргом уыдзысты де ’нӕгъдау митӕ, дӕ хӕлд митӕ ӕмӕ дӕ хӕтындзинад+.
30 Ахӕм митӕ дын уый тыххӕй бакӕндзысты, ӕмӕ ды хӕтаг сылгоймагау цыдтӕ иннӕ адӕмты фӕдыл+, дӕхи чъизи кодтай сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй+.
31 Ды цыдтӕ дӕ хойы фӕндагыл+, ӕмӕ дын ӕз йӕ нуазӕн дӕ къухмӕ ратдзынӕн“+.
32 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ды нуаздзынӕ дӕ хойы нуазӕнӕй, къуырф ӕмӕ стыр нуазӕнӕй+. Ӕмӕ дыл худдзысты ӕмӕ дӕ хынджылӕг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы нуазӕны бирӕ цӕуы+.
33 Дӕ хо Самарийы нуазӕн иууылдӕр бануаздзынӕ – срасыг уыдзынӕ, мастӕй хъуырмӕ суыдзынӕ, уыдзынӕ диссагӕн дзуринаг ӕмӕ сафтид уыдзынӕ.
34 Бануаздзынӕ йӕ, ницыуал дзы ныууадздзынӕ+, ӕмӕ нуазӕнӕн йӕ сӕстытӕ ӕхсындзынӕ, ӕмӕ дӕ риутӕ ратондзынӕ+. „Уымӕн ӕмӕ уый загътон ӕз“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“.
35 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Кӕй мӕ ферох кодтай+ ӕмӕ мӕм дӕ чъылдым кӕй сыздӕхтай+, уый тыххӕй дӕ хӕлд митӕ ӕмӕ дӕ хӕтындзинад уыдзысты дӕхиуыл“».
36 Ӕмӕ мын Йегъовӕ дарддӕр загъта: «Адӕймаджы фырт, цӕттӕ дӕ, цӕмӕй Оголӕ ӕмӕ Оголивӕйӕн+ тӕрхон кӕнай+ ӕмӕ сын се ’лгъаг миты тыххӕй радзурай?+
37 Уыдон хӕтыдысты+ ӕмӕ сӕ къухтӕ сты тугӕйдзаг+. Уыдон хӕтыдысты сӕ фаджыс-хуыцӕуттимӕ+. Стӕй ма сын, кӕй мын ныййардтой, уыцы фыртты дӕр хӕрын кодтой, арты сӕ сыгътой+.
38 Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма-иу мын уыцы бон мӕ кувӕндон+ дӕр фӕчъизи кодтой+, мӕ сабат мын хынджылӕггаг скодтой+.
39 Сӕ фыртты-иу сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕн куы аргӕвстой+, уӕд-иу уыцы бон мӕ кувӕндонмӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй дзы фӕхынджылӕг кӕной+. Ахӕм митӕ кодтой мӕ хӕдзары!+
40 Уымӕй уӕлдай ма ӕрвитын райдыдтой, дард рӕтты чи цард, уыцы нӕлгоймӕгтӕм+, ӕмӕ-иу уыдон ӕрбацыдысты+. Ды-иу уыдоны тыххӕй дӕхи ныннадтай+, дӕ цӕстытӕ-иу сахуырстай+ ӕмӕ-иу дӕхиуыл дӕ аивгӕнӕнтӕ скодтай+.
41 Ӕрбадтӕ-иу дӕ рӕсугъд хуыссӕныл+, йӕ разы фынг ӕвӕрд+, афтӕмӕй, ӕмӕ-иу ыл ӕрӕвӕрдтай мӕ буд+ ӕмӕ мӕ сой+.
42 Уырдыгӕй-иу цыди ӕнӕмӕт адӕмы хъӕлӕба+, ӕмӕ дзы цы адӕм уыди, уыдонмӕ-иу ӕрбакодтой расыггӕнджыты+ ӕдзӕрӕг быдырӕй. Ӕмӕ-иу уыдон сылгоймӕгты къухтыл бакодтой цонгдарӕнтӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл – рӕсугъд кадыхудтӕ+.
43 Уӕд ӕз загътон, фырхӕтынӕй чи бафӕллад, уыцы сылгоймаджы тыххӕй+: „Ай уӕддӕр йӕ хӕтын нӕ ныууадздзӕн“+.
44 Ӕмӕ йӕм цыдысты, хӕтаг сылгоймагмӕ куыд фӕцӕуынц, афтӕ. Афтӕ цыдысты Оголӕ ӕмӕ Оголивӕмӕ, хӕлд митӕ чи кодта, уыцы сылгоймӕгтӕм+.
45 Фӕлӕ уымӕн тӕрхон кӕндзысты рӕстгӕнджытӕ+, хӕтаг сылгоймӕгтӕн+ ӕмӕ, туг чи калы, уыцы сылгоймӕгтӕн+ цы тӕрхонӕй тӕрхон кӕнынц, ахӕм тӕрхонӕй. Уымӕн ӕмӕ уыдон сты хӕтаг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ къухтӕ сты тугӕйдзаг+.
46 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сӕ ныхмӕ сын адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты+ ӕмӕ сӕ скӕндзысты тӕрсынгӕнӕн ӕмӕ сӕ бастигъын кӕндзысты+.
47 Адӕм сӕ дуртӕй фӕхойдзысты+ ӕмӕ сӕ хъаматӕй ныххуынчъытӕ кӕндзысты. Амардзысты сын сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты+, сӕ хӕдзӕрттыл та сын арт бандзардзысты+.
48 Ӕмӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы зӕххыл+ хӕлд митӕ нал кӕндзысты+. Ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр уый уыдзӕн зондзонӕн ӕмӕ уын уӕ хӕлд митӕ нӕ бафӕзмдзысты+.
49 Уӕ хӕлд митӕ уын уӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзысты+, ӕмӕ уӕ фаджыс-хуыцӕутты тӕригъӕдтӕ уыдзысты сымахыл. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“»+.