Йезекил 26:1—21

26  Иуӕндӕсӕм азы мын мӕйы фыццаг бон Йегъовӕ загъта:  «Адӕймаджы фырт, Тир+ Иерусалимӕй+ афтӕ загъта: „Афтӕ йын хъӕуы! Ныппырх ӕй кодтой!+ Ныппырх кодтой, ӕппӕт адӕмты дӕр йӕхимӕ чи ’лвӕста, уый!+ Ныр ӕппӕт дӕр уыдзӕн мӕ къухы. Ӕз схъӕздыг уыдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сафтид кодтой“+.  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „О Тир, ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ ракӕндзынӕн бирӕ адӕмты+, ӕмӕ рагуылф кӕндзысты, денджызы уылӕнтӕ куыд рагуылф кӕнынц, афтӕ+.  Уыдон Тиры къултӕ ныппырх кӕндзысты+, йӕ мӕсгуытӕ йын ныккалдзысты+. Ӕмӕ йын ӕз йӕ сыджыт ныххафдзынӕн ӕмӕ йӕ фестын кӕндзынӕн лӕгъз къӕдзӕх.  Тир денджызы астӕу суыдзӕн+, кӕсагахсӕн хызтӕ кӕм хус кӕной, ахӕм бынат“+. „Уый загътон ӕз,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕмӕ йӕ адӕмтӕ бастигъдзысты.  Стыр зӕххыл ын цы дӕлбар горӕттӕ ис, уыдоны цӕрджытӕ хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты. Ӕмӕ адӕм базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Тиры ныхмӕ цӕгатӕй ӕрбакӕндзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносоры+, паддзӕхты паддзахы+, бӕхтимӕ+, хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ+, барджытимӕ ӕмӕ ӕфсадимӕ+, тынг бирӕ адӕмимӕ.  Стыр зӕххыл дын цы дӕлбар горӕттӕ ис, уыдоны цӕрджыты хъамайӕ ныццӕгъддзӕн. Дӕ алыварс дын самайдзӕн къул, скӕндзӕн сыджытӕй обау+ ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзӕн стыр уарт.  Йӕ къулпырхгӕнӕн хӕцӕнгӕрзтӕ дын дӕ къултӕм сараздзӕн ӕмӕ дын дӕ мӕсгуытӕ хъаматӕй ныппырх кӕндзӕн. 10  Йӕ бӕхтӕ уыйбӕрц уыдзысты, ӕмӕ, сӕ къӕхты бынӕй цы рыг сыста, уымӕй нал зындзынӕ+. Горӕты къултӕ кӕм батыдтой, ууылты мидӕмӕ куыд бахизынц, афтӕ дӕ кулдуарыл куы бахиза, уӕд барджыты, цӕлхыты ӕмӕ хӕстон бӕхуӕрдӕтты хъӕрӕй дӕ къултӕ нырриздзысты. 11  Йӕ бӕхтӕ дын сӕ къӕхтӕй дӕ уынгтӕ ныннӕмдзысты+. Дӕ адӕмы дын хъамайӕ ныццӕгъддзӕн, ӕмӕ дӕ хъаруйы цӕджындзтӕ зӕххыл афӕлдӕхдзысты. 12  Дӕ исбон дын фӕхӕсдзысты+ ӕмӕ дын дӕ уӕйгӕнинӕгтӕ фӕдавдзысты+. Дӕ къултӕ дын ныккалдзысты ӕмӕ дын дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ ныппырх кӕндзысты. Ӕмӕ дын дӕ дуртӕ, дӕ хъӕддзаума ӕмӕ дӕ сыджыт доны ныккалдзысты“. 13  „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ зарын нал хъуысдзӕн+, никуыуал райхъуысдзӕн дӕ дыууадӕстӕнон фӕндырты цагъд+. 14  Ӕз дӕ фестын кӕндзынӕн лӕгъз къӕдзӕх+. Ды суыдзынӕ, кӕсагахсӕн хызтӕ кӕм хус кӕной, ахӕм бынат+. Ӕмӕ дӕ фӕстӕмӕ никуыуал сараздзысты, уымӕн ӕмӕ уый загътон ӕз, Йегъовӕ“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+. 15  Афтӕ зӕгъы Тирӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Гыбар-гыбургӕнгӕ куы ныккӕлай, мӕлӕтдзаг цӕф чи у, уый куы хъӕрза, дӕ мидӕг адӕмы куы ’ргӕвдой, уӕд сакъадӕхтӕ нӕ нырриздзысты?+ 16  Денджызы хицӕуттӕ иууылдӕр+ сӕ паддзахбадӕнтӕй+ рахиздзысты ӕмӕ сӕ ӕнӕдыс къабатӕ раласдзысты, сӕ нывӕфтыд уӕлӕдарӕс сӕ уӕлӕйӕ раппардзысты ӕмӕ фыртӕссӕй риздзысты. Зӕххыл сбаддзысты+, фесхъиу-фесхъиу кӕндзысты+ ӕмӕ дӕм дисгӕнгӕ кӕсдзысты. 17  Ӕмӕ дыл хъарӕг кӕндзысты+: „Мӕнӕ куыд бабын дӕ, номдзыд горӕт, йӕ цӕрджытӕ денджызтӕй кӕмӕн ӕрбацыдысты+, денджызы астӕу фидар горӕт чи сси, уый!+ Бабын ис йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ дӕр, зӕххы ӕппӕт цӕрджытӕ дӕр ӕмризӕджы кӕмӕй рызтысты, уыдон! 18  Цы бон ныккӕлай, уыцы бон сакъадӕхтӕ нырриздзысты. Дӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый фенгӕйӕ денджызы сакъадӕхтӕ катайы бацӕудзысты“+. 19  Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Куы дӕ сафтид кӕнон ӕмӕ, цӕрӕг кӕм нӕй, уыцы горӕтты хуызӕн куы суай, доны гуылфӕнтӕ дыл куы рауадзон ӕмӕ дӕ ӕнӕкӕрон дӕттӕ сӕ быны куы фӕкӕной+, 20  уӕд дӕу дӕр иннӕтау ингӕнмӕ ныххизын кӕндзынӕн, раджы чи амард, уыцы адӕм кӕм сты, уырдӕм+. Ӕрцӕрын дӕ кӕндзынӕн дӕлдзӕхы+, рагон хӕлддзӕгтимӕ иумӕ, ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонимӕ+, цӕмӕй ӕдзӕрӕгӕй баззайай. Ӕмӕ удӕгӕсты зӕхх срӕсугъд кӕндзынӕн+. 21  Ӕнӕнхъӕлӕджы дыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн+, ӕмӕ ӕрбайсӕфдзынӕ. Агурдзысты дӕ+, фӕлӕ дӕ ӕнустӕм дӕр ничиуал ссардзӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ