Йезекил 29:1—21
29 Дӕсӕм азы, дӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууадӕсӕм бон Йегъовӕ мӕнӕн загъта:
2 «Адӕймаджы фырт, де ’ргом аздах фараонмӕ, Египеты паддзахмӕ+, ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн, дзур йӕ ныхмӕ ӕмӕ ӕгас Египеты ныхмӕ+.
3 Зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн, о фараон, Египеты паддзах+, стыр денджызон цӕрӕгой+, Нилы къанӕутты+ астӕу йӕхи чи ауагъта ӕмӕ афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Нилы цӕугӕдон мӕн у, ӕз ӕй мӕхицӕн скодтон+.
4 Ӕз дын де ’фсӕрты бакӕндзынӕн цӕгтӕ+ ӕмӕ, Нилы къанӕутты цы кӕсаг ис, уый хӕрв дын дӕ хӕрвыл баныхӕсын кӕндзынӕн. Ӕмӕ дӕ сласдзынӕн Нилы къанӕутты астӕуӕй, демӕ дын Нилы къанӕуттӕй сласдзынӕн, дӕ хӕрвыл чи баныхӕса, уыцы кӕсаг дӕр иууылдӕр.
5 Ӕз дӕ ныууадздзынӕн ӕдзӕрӕг быдыры, дӕхи дӕр ӕмӕ, Нилы къанӕутты чи уыд, уыцы кӕсаг дӕр+. Быдыры ӕрхаудзынӕ+. Ничи дӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ дӕ ничи баныгӕндзӕн. Зӕххон сырдтӕн ӕмӕ дӕ уӕларвон мӕргътӕн ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ бахӕрдзысты+.
6 Ӕмӕ Египеты цӕрджытӕ иууылдӕр базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+, уымӕн ӕмӕ Израилы адӕм уыдоныл, уыцы хъӕзыл, банцой кодтой сӕхи+.
7 Сӕ къухӕй дыл куы ныххӕцыдысты, уӕд асастӕ+ ӕмӕ се уӕхск фелвӕст. Сӕхи дыл куы банцой кодтой, уӕд ацъӕл дӕ+ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ фӕцудыдтой“+.
8 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дыл хъама рауадздзынӕн+ ӕмӕ дын адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй иу дӕр нал ныууадздзынӕн+.
9 Ӕмӕ Египеты зӕхх суыдзӕн ӕдзӕрӕг быдыр, афтид бынат+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ уый афтӕ дзырдта, зӕгъгӕ, Нилы цӕугӕдон мӕн у, ӕз ӕй скодтон+.
10 Уымӕ гӕсгӕ ӕз рацӕудзынӕн дӕ ныхмӕ ӕмӕ Нилы къанӕутты+ ныхмӕ. Ӕмӕ Египеты зӕхх Мигдолӕй+ суанг Сиенӕйы+ онг ӕмӕ Ефиопийы арӕнты онг фестын кӕндзынӕн афтид бынат, хус бӕстӕ, ӕдзӕрӕг быдыр+.
11 Адӕймаг ыл йӕ къах нал ӕрӕвӕрдзӕн+, хӕдзарон фос ыл нал ацӕудзӕн+. Цыппор азы дӕргъы уыдзӕн ӕдзӕрӕг+.
12 Египеты зӕхх фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕты астӕу+. Цыппор азы дӕргъы йӕ горӕттӕ афтид горӕтты астӕу уыдзысты ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хуызӕн+. Ӕмӕ египетӕгты адӕмты ’хсӕн ныппырх кӕндзынӕн, алы бӕстӕтыл сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн“+.
13 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уыцы цыппор азы куы фӕуой+, уӕд египетӕгты, цы адӕмты ’хсӕн ныппырх уыдзысты, уыдоны ’хсӕнӕй ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+
14 ӕмӕ, египетӕгтӕй уацары чи уа, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ фӕстӕмӕ Пафросы+ зӕхмӕ, сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ, ӕмӕ уый уыдзӕн лӕмӕгъ паддзахад.
15 Уыдзӕн иннӕ паддзахӕдтӕй лӕмӕгъдӕр, ӕмӕ йӕхи иннӕ адӕмтӕй уӕлдӕр нал ӕвӕрдзӕн+. Сӕ нымӕц сын афтӕ ныггыццыл кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕ адӕмты сӕ дӕлбар нал бакӕндзысты+.
16 Ӕмӕ сӕ Израилы адӕм ныфсджын нал уыдзысты+, ӕххуыс сӕ нал агурдзысты ӕмӕ афтӕмӕй сӕ фыдракӕндтӕ зӕрдыл нал лӕууын кӕндзысты+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“».
17 Дыууын ӕвдӕм азы, фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон Йегъовӕ мӕнӕн загъта:
18 «Адӕймаджы фырт, Вавилоны паддзах Навуходоносор+ йе ’фсадӕн Тиры ныхмӕ бакӕнын кодта стыр куыст+. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕртӕ ныллӕгуын сты ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се уӕхсчыты царм схаудта+. Фӕлӕ Тиры ныхмӕ цы куыст бакодта, уый тыххӕй йын Тир нӕдӕр йӕхицӕн, нӕдӕр йе ’фсадӕн мызд нӕ бафыста+.
19 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн дӕттын Египеты зӕхх+. Уый йын ахӕсдзӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ, рахӕсдзӕн дзы бирӕ мулк+ ӕмӕ йӕ бастигъдзӕн. Ӕмӕ уый уыдзӕн мызд йе ’фсадӕн“.
20 Йӕ ныхмӕ цы куыст бакодта, уый тыххӕй йын радтон Египеты зӕхх, уымӕн ӕмӕ уыдон уыцы куыст бакодтой мӕнӕн“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
21 Уыцы бон ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Израилы адӕмӕн рацӕудзӕн сыкъа+. Ӕмӕ дын ратдзынӕн фадат, цӕмӕй се ’хсӕн дзурай+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ».