Йезекил 45:1—25
45 „Уыцы зӕхх бынӕн куы уарат+, уӕд дзы Йегъовӕйӕн рахицӕн кӕнут хай+, табуйаг хай+. Йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дыууын фондз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – дӕс мин ӕлмӕрины+. Уыцы хай ӕнӕхъӕнӕй дӕр, йӕ арӕнтӕ кӕдӕмдӕриддӕр ӕххӕссой, уый онг, уыдзӕн табуйаг.
2 Ӕмӕ уыцы хайыл уыдзӕн бынат сыгъдӕг бынатӕн: йӕ дӕргъ дӕр – фондзсӕдӕ ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – фондзсӕдӕ, йӕ цыппар фарсы дӕр ӕмиӕстӕ+. Алырдыгӕй дӕр ын уыдзӕн хизӕнтӕ ӕмӕ дзы алкӕцы дӕр уыдзӕн фӕндзай ӕлмӕрины+.
3 Уыцы зӕххыл рахицӕн кӕндзынӕ бынат, йӕ дӕргъ – дыууын фондз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – дӕс мин ӕлмӕрины. Ӕмӕ уыцы ран уыдзӕн кувӕндон, уӕлдай табуйаг бынат+.
4 Уыцы табуйаг хай уыдзӕн сауджынты+, кувӕндоны чи лӕггад кӕны, Йегъовӕйы размӕ чи бацӕуы, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, уыдоны+. Уым уыдзысты сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ уый уыдзӕн сыгъдӕг бынат кувӕндонӕн.
5 Йӕ дӕргъ уыдзӕн дыууын фондз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – дӕс мин ӕлмӕрины+. Ӕмӕ уыдзӕн левитты, Хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдоны. Ӕмӕ сын уыдзӕн дыууын хӕрӕндоны+.
6 Горӕтӕн раттут зӕххы хай, йӕ уӕрх – фондз мин ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ та – дыууын фондз мин ӕлмӕрины, табуйаг хай цӕйас у, уыйас+. Уый уыдзӕн ӕппӕт Израилы адӕмы.
7 Табуйаг хайӕн ӕмӕ горӕты зӕххӕн йӕ иу фарс ӕмӕ йӕ иннӕ фарс, табуйаг хайы+ ӕмӕ горӕты зӕххы раз ныгуылӕнырдыгӕй ӕмӕ скӕсӕнырдыгӕй уыдзӕн сӕргълӕууӕджы зӕхх. Йӕ дӕргъ уыдзӕн, мыггӕгты зӕххыты дӕргъ цӕйас у, уыйас – ныгуылӕн арӕнӕй скӕсӕн арӕны онг+.
8 Уыцы зӕхх Израилы уыдзӕн йӕ исбон. Ӕмӕ мӕ сӕргълӕуджытӕ мӕ адӕмы нал ӕфхӕрдзысты+. Ӕмӕ зӕхх Израилы адӕмыл сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ байуардзысты“+.
9 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Израилы сӕргълӕуджытӕ!“+
„Мауал кӕнут тыхми ӕмӕ макӕйуал стигъут+, архайут раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ+. Мӕ адӕмӕн сӕ исбон мауал исут+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.–
10 Уӕ уӕзбарӕнтӕ, уӕ ефӕ* ӕмӕ уӕ бат* хъуамӕ уой раст+.
11 Ефӕ ӕмӕ бат цас сты, уый хъуамӕ уа бӕлвырд: баты* хъуамӕ уа хомеры* дӕсӕм хай ӕмӕ ефӕйы*+ дӕр хъуамӕ уа хомеры дӕсӕм хай. Цас хъуамӕ уой, уый хъуамӕ бӕлвырд кӕной хомермӕ гӕсгӕ.
12 Сиклы+ ис дыууын герӕйы*+. Дыууын сиклы, дыууын фондз сиклы ӕмӕ уын фынддӕс сиклы иумӕ хъуамӕ уой мане“.
13 „Хъуамӕ-иу ӕрбахӕссат ахӕм кувинаг: ефӕйы ӕхсӕзӕм хай мӕнӕуы хомерӕй ӕмӕ ефӕйы ӕхсӕзӕм хай хъӕбӕрхоры хомерӕй.
14 Сой цас хъуамӕ уа, уый та барын хъӕуы баттӕй. Бат у коры дӕсӕм хай. Дӕс баты сты хомер, уымӕн ӕмӕ хомеры ис дӕс баты.
15 Ӕрбакӕнут ма-иу дзугӕй иу фыс, Израилы фосӕй алы дыууӕсӕдӕйӕ дӕр иу+. Ацы кувинӕгтӕ уыдзысты хоры кувинагӕн+, судзинаг нывондӕн+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕн+, цӕмӕй адӕм сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуой“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
16 „Уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр уыдзысты хӕсджын, цӕмӕй уыцы кувинаг дӕттой+ Израилы сӕргълӕууӕгмӕ+.
17 Сӕргълӕууӕг+ та дзуапп дӕтдзӕн, бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы+, мӕй куы сног вӕййы, уыцы бонты+ ӕмӕ сабатбонты кӕй хӕсдзысты+, уыцы судзинаг нывӕндты+, хоры кувинӕгты+ ӕмӕ кувинаг нозты тыххӕй+ – Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты афон+. Уый-иу ӕрцӕттӕ кӕндзӕн тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ, цӕмӕй Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггонд ӕрцӕуой“.
18 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, ӕрбакӕн иу ӕнӕсахъат уӕныг+ ӕмӕ кувӕндон тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕн+.
19 Ӕмӕ сауджын, тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы уӕныджы тугӕй райсдзӕн ӕмӕ дзы ацахордзӕн Хӕдзары дуары тарваз+, нывондхӕссӕнӕн йе ’ртыккаг хайы цыппар тигъы+ ӕмӕ мидӕггаг кӕрты кулдуары тарваз.
20 Афтӕ бакӕн мӕйӕн йе ’вдӕм бон дӕр, ӕнӕрхъуыдыйӕ ӕмӕ ӕнӕзонгӕйӕ чидӕриддӕр фӕрӕдийа, уый тыххӕй+. Ӕмӕ хъуамӕ Хӕдзар тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнат+.
21 Фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон бӕрӕг кӕнут Куадзӕн+. Уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг авд боны дӕргъы хӕрут донгонд дзултӕ+.
22 Уыцы бон сӕргълӕууӕг йӕхи тыххӕй ӕмӕ, уыцы зӕххыл чи цӕры, ӕппӕт уыцы адӕмы тыххӕй ӕрбакӕндзӕн уӕныг тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+.
23 Уыцы бӕрӕгбон цы авд боны уыдзӕн+, уыцы авд боны дӕргъы-иу алы бон дӕр Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн хъуамӕ ӕрбакӕна фӕйнӕ авд ӕнӕсахъат уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ авд ӕнӕсахъат фыры+. Тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн та – алы бон дӕр иу нӕл сӕгъ+.
24 Алы уӕныгимӕ дӕр хоры кувинагӕн хъуамӕ ӕрбахӕсса ссады ефӕ ӕмӕ алы фыримӕ дӕр – ссады ефӕ, сой та – ефӕйыл иу гин+.
25 Ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы дӕр, мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон, бӕрӕгбоны рӕстӕг+ авд боны дӕргъы хъуамӕ хӕсса ахӕм кувинӕгтӕ+ – ахӕм кувинӕгтӕ хъуамӕ хӕсса тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, судзинаг нывондӕн ӕмӕ хоры кувинагӕн, ӕмӕ сой дӕр уыйбӕрц“».
Фиппаинӕгтӕ
^ Ефӕтӕй барстой хор, ссад.
^ Баттӕй барстой сой, сӕн ӕмӕ ӕндӕр донгъӕдтӕ.
^ Иу бат у 22 л.
^ Иу хомер у 220 л.
^ Иу ефӕ у 22 л.
^ Иу герӕ у 0,57 г.